Бæрæг куыд у, афтæмæй фæстаг рæстæг Гуырдзыстоны республикæйы рапарахат хæцгæ низ – фадынæг. Хъыгагæн, «Роспотребнадзор»-ы зонæнтæм гæсгæ ацы инфекцион низ фæзынд Уæрæсейы регионты дæр. Махмæ та уавæр куыд у, уый тыххæй ныхас кодтам республикæйы сæйраг инфекционист Джиоты Элеонорæимæ.

– Нæ республикæйы ацы низы фæзынды æууæлтæ ис æви нæ, æмæ дзы хи бахъахъхъæнын куыд хъæуы?

– Фадынæг у инфекцион низ, кæцыйæ фылдæр рынчын кæнынц сывæллæттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый тыхстдзинад æвзæрын кæны нæ республикæйы дохтыртæм дæр. Уымæн æмæ кæронмæ бæрæг нæ вæййы низы фæзынды аххосаг. Ацы вирусон низæй рынчынтæ сæйраджыдæр вæййынц рæвдауæндоны кары сывæллæттæ, фæлæ дзы хатт фæрынчын вæййынц хистæр кары адæймæгтæ  дæр. Рынчындонмæ бахаугæйæ, уыдон фæхъаст кæнынц бæрзонд тæвдæй, фæкæнынц сур хуыфт, сæр фæриссы, цæстытæй æмæ фындзæй фæцæуы хæф. Рынчынмæ хъыг фæкæсы, хатæны рухс куы вæййы. Цалдæр боны фæстæ йæ буарыл фæзыны тæппæлттæ æмæ æмткæй рафады. Рынчынты уавæрмæ гæсгæ дохтыр аскъуыддзаг кæны, цæмæй иууыл уæззаудæр рынчынты схуыссын кæна рынчындоны. Тынг тыхст чи нæ вæййынц, уыдон дæр æнæхъусдард нæ баззайынц, вæййынц фадыгон дохтыры хъусдарды бын. Рынчындон медикаменттæй ифтонг у.  Хуыцау бахизæт, фæлæ кæд ахæм фæзына,  уæд нæ нæ бахъæудзæн уыдоны республикæйæ æддæмæ арвитыны сæр.

Фадынæг гæнæн ис æмæ расайой ахæм низтæ, куыд отит, синусит, менингоэнцефалит æмæ æндæртæ. Афоныл æмæ æмбæлонæй хос куынæ цæуа рынчынæн, уæд гæнæн ис æмæ амæла. Уымæ гæсгæ алчидæр хъуамæ зона, куыддæр ацы хæцгæ низы симптомтæ йæхимæ фæхата, афтæ хъуамæ йæхи фенын кæна дохтырæн, кæм уæвыд, уым та хъуамæ арæзт æрцæ дезинфекци.

Дохтыр ма куыд загъта, афтæмæй фадынæг у, нырма йæ фæзыныны аххосæгтæ зындгонд кæмæн не сты, ахæм хæцгæ низтæй сæ иу, уымæ гæсгæ æнæмæнг хъуыддаг у йæ ныхмæ судзин саразын. Кæд æмæ судзин арæзт не ‘рцыд йæ  рæстæджы, уæд фæрынчынæй тасдзинад уыдзæн тынг бæрзонд. Инфекцион низ адæймагмæ ахизы уæлдæф – сæты руаджы. Ныхас кæныны, æхснырсыны рæстæджы вирус сæты æртæхтимæ бахауы уæлдæфмæ. Æмæ кæд уыцы уавæры фæразон нæу, уæддæр вæййы ахæм цаутæ æмæ бæстыхайы вентиляцион системæйыл дæр куы апарахат вæййы. Фадынæджы инкубацион рæстæг у цыппар боны.

Ацы низæй адæймаг куы сдзæбæх вæййы, уæдæй фæстæмæ йæм цæрæнбонтæм вæййы иммунитет, ома, йын дыккаг хатт фæрынчынæй тас нал у. Фадынæгæй чи фæрынчын раздæр, ахæм мадæй райгуыргæ сывæллоныл æртæ мæймæ тас нæу йæ бахæцынæй.

Чи дзы нæ фæрынчын æмæ йæ ныхмæ судзин арæзт кæмæн не ‘рцыд, уыцы адæймæгтæн æппæт йæ царды дæргъы, кармæ нæ кæсгæйæ тас у фæрынчынæй.

Ахсджиаг у зæрдыл дарын, низ кæй райдайы, буар куы рафады, уæдæй нæ, фæлæ буары тæвд бæрзонддæр кæнын куы райдайы, адæймаг йæхи лæмæгъ куы фæхаты, уæд. Низы фыццаг симптомтæй 24 боны бæрц куы рацæуы, уæд адæймаг цадæггай æрлæмæгъ вæййы.

Фадынæджы профилактикæйы эффективон метод у рынчынæй хи хизын æмæ æнæмæнг вакцинæ афоныл саразын.

«Цалдæр азы размæ ацы низæй фæрынчын сты сывæллæтты рæвдауæндæтты сабитæ, фæлæ уыдонæн афоныл хос кæй æрцыд, уый тыххæй ницы фæстиуджытæ ныууагъта. Ныр дæр мах лæмбынæг нæ хъус дарæм æмæ куыддæр фæхатæм низы рапарахат, афтæ йæ уадид æруромдзыстæм», – кæронбæттæны загъта республикæйы сæйраг инфекционист Джиоты Элеонорæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.