Республикæйы æдасдзинады советы уæнгтæ уынаффæ кодтой хуыты грипп æмæ фадынæг Хуссар Ирыстоны территорийыл ма  фæзыныны фæдыл мадзæлттыл.

Æдасдзинады советы уæнгтæм катайдзинад сæвзæрын кодта, Гуырдзыстоны уæлдæр банысангонд низтæ кæй фæзынд æмæ уыцы низты фæстиуæгæн уды зиæнттæ кæй ис,  уый тыххæй информаци.

Амæй размæ Æдасдзинады советы уынаффæмæ гæсгæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæныл фæхуымæтæггонд уадзæн пункттыл ахизæнтæ æхгæд æрцыдысты.

Æдасдзинады советы уæнгтæ банысан кодтой Ленингоры æмæ Дзауы районты иуæй-иу цæрæн пунктты фадынæджы ныхмæ вакцинаци ауадзыны æнæмæнгхъæуындзинад.

Куыд фехъусын чындæуыд, афтæмæй ныртæккæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадмæ ис, цас хъæуы, уыйбæрц вакцинæтæ.

Фæндон бахастæуыд, цæмæй фыццаг рады вакцинаци æрцæуой, Хуссар Ирыстонæй ацæуыны тыххæй бар райсынмæ чи æнхъæлмæ кæсынц, уыцы 100 адæймагæн. Уымæй дæр сын бамбарын кæнын хъæуы, иммунитет кæй фæхуыздæр вæййы вакцинæ саразынæй æрмæстдæр дыууæ къуырийы фæстæ, æмæ уыцы æмгъуыды хъуамæ уой Хуссар Ирыстоны территорийыл.

Бæлвырд æрцыдысты, сæ цардæн тæссаг кæмæн у, уыцы къордтæ, кæцытæм ахасты дæр ауадзын хъæуы вакцинаци. Низ бахæцынæй фыццаг рады тас кæмæн у, уыдон сты ахæм службæты кусджытæ, куыд Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты арæнхъахъхъæнæг службæ, РХИ-йы паддзахадон та-можнæйон комитет, РХИ-йы ветеринарон æмæ фитосанитарон контролы службæ  æмæ а.д.

Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ адæймаджы фæрныгад хъахъхъæныны фæдыл цæстдарды комитеты сæрдар Коцты Маринæ æмæ Æнæниз-дзинад хъахъхъæныны министр Тотчиты Георгийæн бахæс чындæуыд, цæмæй саразой æмæ РХИ-йы Хицауады Сæрдармæ бавдисой фæндæттæ цæрджыты вакцинаци иууыл эффективондæрæй сорганизаци кæныны æмæ, цæмæй фадынæг æмæ хуыты гриппы эпидеми Хуссар Ирыстоны территорийыл ма апарахат уа, уый фæдыл æндæр мадзæлттæ ауадзыны фарстаты фæдыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.