Ивгъуыд къуыри радио Sputnik-мæ хуынд æрцыд сывæллæтты поликлиникæйы дохтыр-терапевт Зассеты Ольгæ.

Уый æрдзырдта хæцгæ тæссаг низ фадынæджы тыххæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ 2018 азы фадынæгæй фæрынчыны цаутæ дунейы бæрæг сарæхдæр сты. Сыхаг республикæйы уыд мæлыны цаутæ дæр. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ сывæллæтты дунеон фонд сиды æппæт нацитæм дæр, цæмæй сæхи хизой ацы тæссаг низæй æмæ рæстæгыл аразой вакцинаци.

Зассеты Ольгæ дæр сиды нæ республикæйы цæрджытæм, цæмæй канд сывæллæттæ нæ, фæлæ хистæр кары адæймæгтæ дæр саразой вакцинæ.

Уый ма æрдзырдта низы симптомтыл дæр.

Фадынæг у тæссаг низ. Уыцы хæцгæ низæй гæнæн ис æмæ фæрынчын уа алчи дæр. Фæлæ дзы уæддæр арæхдæр фæрынчын вæййынц сывæллæттæ. Йæ фæзынды фыццаг æууæлтæ сты: буары тæвд фæфылдæр вæййы, фæхъыгдард вæййынц фындзы, цæстыты уæлцъар. Царм тæппытæ-тæппытæй рафады. Инфекци æнæниз адæймагмæ ахизы уæлдæф-æртæхы руаджы.

Дохтыр куыд зæгъы, афтæмæй инфекцийы парахатгæнæг у рынчын адæймаг. Уый йæ алыварс уæвджытæн тæссаг у низы инкубацион рæстæджы дыккаг бонæй, буар куы рафады, уæдæй цыппæрæм бонмæ. Ацы низæй адæймаг куы адзæбæх вæййы, уæдæй фæстæмæ йын 15 азы вæййы иммунитет, ома, дыккаг хатт фæрынчынæй йын уæдмæ тас нал у. Фадынæгæй чи фæрынчын раздæр, ахæм мадæй райгуыргæ сывæллоныл æртæ мæймæ тас нæу йæ бахæцынæй, уымæн æмæ уыцы рæстæгмæ сæ туджы бахъахъхъæд æрцæуынц мадæй рахæсгæ, афтæхуыйнæг антителæтæ. Чи дзы нæ фæрынчын æмæ йæ ныхмæ судзин арæзт кæмæн не ‘рцыд, уыцы адæймагæн æппæт йæ царды дæргъы, кармæ нæ кæсгæйæ, тас у фæрынчынæй.

Низы инкубацион рæстæг, ома, куы бахæцы, уымæй йæ фыццаг симптомты фæзындмæ рæстæг ахæссы 7 бонæй 14 бонмæ.

Дохтыр куыд бафæдзæхста, афтæмæй ахсджиаг у зæрдылдарын, низ кæй райдайы, буар куы рафады, уæдæй нæ, фæлæ буары тæвд бæрзонддæр кæнын куы райдайы, адæймаг йæхи лæмæгъ куы фæхаты, аппетит æм куынæуал вæййы, сур хуыфт куы фæкæны æмæ йыл æхснырсæг куы фæзыны. Низы фыццаг симптомтæй 24 боны бæрц куы рацæуы, уæд уадултæ рафадынц æмæ сыл фæзынынц лыстæг урс тæппытæ. 2-3 боны фæстæ уыдон фестырдæр, фæирддæр вæййынц æмæ кæрæдзиимæ иу кæнын райдайынц. Райдианы ахæм тæппытæ фæзынынц хъусты фæстæ æмæ ныхыл, стæй тагъд апарахат вæййынц  буарыл.

Фадынæгæй рынчыны тæвд схизы 40,5 градусы онг. Фадынæгæй рынчынмæ æмбæлон хъусдард куынæ уа, уæд ахизы æндæр низмæ. Уæлдай хъахъхъæнинаг сты 5 азы онг кары сывæллæттæ. Вæййы дзы амæлыны цаутæ дæр. Хъыгагæн, ахæм цаутæ стæм не сты æмæ уымæ гæсгæ фадыгон дохтыр цалдæр бон иу хатт уæддæр хъуамæ бæрæг кæна фады-нæгæй рынчыны. Æмæ цæмæй æндæр низ ма райса, тагъддæр ын хос æрцæуа, уый тыххæй низы фæзын-дæй зæрдæ куы фехсайы, уæд æвæстиатæй хъæуы дохтырмæ бацæуын. Хос кæныны рæстæджы рынчын хъуамæ йæ уат ма сиса, бирæ нуаза дон, нуаза тæвдæппарæн æмæ хъуыры рысты тыххæй хостæ.

Фадынæджы профилактикæйы эффективондæр метод у вакцинæ. Йæ ныхмæ судзин саразгæйæ, организм бакусы хъахъхъæнæн иммунитет. Фыццаг вакцинæ сывæллæттæн аразынц 12-мæйдзыдæй, дыккаг та – 6-аздзыдæй. Хистæр кары адæймæгтæ та йæ аразынц алы 15 азы иу хатт. Рынчын куы адзæбæх уа, уæд йæ бынат хъуамæ æрцæуа дезинфекци.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.