Пандемийы рапарахат тынг бандæвта нæ республикæйы æнæ-низдзинад хъахъхъæнынады уагдæттæ æмæ кусджытыл. Уæлдай уæз æрæнцад ацы къабазы кусджытыл. Æнæниздзинады къабазы кусджытæ се ‘ппæт дæр архайынц ацы тæссаг низ ныннымæг кæныныл. Урс дарæсы медицинон кусджытæ ныр та сæрмагонд уæлæдарæcы, кæцы бирæ рæстæг ис сæ уæлæ – нæдæр сын хæрыны фадат ис, нæдæр – дон нуазыны, афтæмæй лæггад кæнынц рынчынтæн.  

Ацы низы ныхмæ тох кæныны фыццаг цæф, кæй зæгъын æй хъæуы, сæмбæлд, инфекцион хайадыл. Йæ райдианы иттæг хорз сархайдтой  ацы уагдоны кусджытæ æмæ инфекцион низæн фадат нæ радтой рынчындоны бæстыхайæ æддæмæ раирвæзынæн. Фæлæ сæ уый фæстæ, Уæрæсеимæ нæ цы иунæг фæндаг иу кæны, уый байгомæй бахъуыд, цæстæй цы тæссаг знаджы нæ уынæм, уыимæ тох кæныны сæр.  

Гатайты Бэлæ инфекцион рынчындоны медицинон хойæ кусы 28 азы. Ныртæккæ ууыл, йе ‘мкусджытау, уæлдай уæз æрæнцад ацы низы ныхмæ тох кæныны вазыгджын рæстæджы. Инфекцион хайады «сырх зонæ» конд куы æрцыд, уæдæй фæстæмæ Бэлæ дæр кусы фæтыхджындæргонд режимы. Ацы уагдоны медперсоналы куыстыл уæлдай уæз æрцыд ацы аз 25 сентябрæй фæстæмæ. Бэлæ уыцы бонæй суанг 19 октябрмæ куыста «сырх зонæйы».

Ацы низы хабар афтæ у, æмæ дзы цасфæнды дæхи ма хиз, уæддæр ссары фæндаг æмæ баирвæзы адæймагмæ, уæлдайдæр, рынчынтимæ чи архайы, уы-донмæ. Афтæ уыд Бэлæйы хабар дæр, фæрынчын ацы æнæхайыры вирусæй. Фæлæ, йæхæдæг рынчын, афтæмæй æдзух йæ зæрдæ æхсайдта йæ куыстмæ, æмæ куы фæсæрæн, уæд дыууæ къуырийы фæстæ рацыд æмæ та фæстæмæ скодта йæ индивидуалон хъахъхъæнæн дарæс æмæ æрæвнæлдта рынчынты æнæниздзинадыл тох кæнынмæ. Уымæн æмæ уый у йæ æвæджиаг хæс – «мæ бон цас уа æмæ мæ тыхтæ куыд амоной, афтæ лæггад кæндзæн мæ радтæг адæмæн», – дзуры Бэлæ.

Инфекцион низы хабар афтæ у, æмæ рынчынты нымæц уæлæмæ куыд цæуы, афтæ стæй та къаддæр дæр кæнынц. Тæнæг кæнынц ацы низæй рынчынтæй æнæниздзинад хъахъхъæныны объекттæ дæр.

Пандемийы рапарахатæй фæстæмæ рынчындæтты медперсоналæн æнæмæнгхъæуæг уыд индивидуалон хъахъхъæнæн фæрæзтæ. Хатт-иу кæцыдæр уагдæттæ ацы фæрæзтæй хъуагдзинад дæр æййæфтой. Фæлæ дуне хæларзæр-дæ адæмæй йемыдзаг у, тыхст рæстæджы куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсынц æфсымæрон бæстæйы сæвзæргæ уавæрмæ. Уæрæсейы алы къуымты ирон диаспорæтæ, фæрæзджын æмбæстæгтæ фæдаргъ кодтой сæ æххуысы къух медицинон хъæуæг æрмæджытæй.

Бэлæйы ныхæстæм гæсгæ инфекцион хайад ацы хъахъхъæнæн фæрæзтæй алы хатт дæр æххæст уыд, никуы фæтыхстысты, уый нæ, фæлæ ма сын баххуыс кодта компани БТК-4 дæр.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы хисæрмагонд хъахъхъæнæн фæрæзы мидæг тæссаг зонæмæ чи бахизы, уымæн нæдæр дон нуазын у йæ бон, нæдæр – хæрын. Ахæм уавæрты дæргъвæтин сахатты у тынг зын, алыварсонæй æндавы адæймаджы æнæниздзинадыл, уымæн æмæ цалынмæдæриддæр зонæйæ рахи-зай, уæдмæ сты дæ уæлæ. Стæй хъуамæ ныхсай æмæ дезинфекци скæнай дæхи.

«Ацы дарæсы кусын тынг зын у. Фæлæ адæймагмæ тых æмæ, æвæццæгæн, хъару разыны бахъуаджы рæстæджы, тыхст рæстæджы нæ хъуыды кæныс ууыл æмæ ма дæ дон кæнæ хæлц хъæуы», – дзырдта уый.

Бэлæимæ куы ныхас кодтам, раст уыцы бон рахызт сырх зонæйæ – уый размæ бон цыппар сахатыл бахызт æмæ суанг райсомы дæсы æрдæгмæ уыд уыцы сæрмагонд дзаумæтты. Йæ бæрны уыд дыууынæй фылдæр пациенты. Низ йæ тæмæны куы уыд, уæд ацы æвзонг чызджы бæрны уыд 30 фылдæр рынчыны.

Иууыл тынгдæр зæрдыл лæууы…

Ахæм цаутæ тынг бирæ ис медицинон хойы куысты рæстæджы. Гатайты Бэлæ инфекцион рынчындоны сывæллæттæ исæн хайады кусы.

«Пандемийы рапарахаты хæдразмæ Дзауæй рынчындонмæ æрластой фондзаздзыд чызджы. Уый бахордта æрыскъæфтæ æмæ фæхъæстæ. Уыцы чысыл чызджы лæгъстиаг цæстæнгас мæ цæсты разæй никуы сæфы: «мæн нырма цæрын тынг фæнды…», – афтæ дзырдта махæн. Стыр хъыгагæн, уыцы чысыл хур нæ фервæзт…

Адæймаг ахæм рынчынты уæззау хъысмæт æввахс райсы йæ зæрдæмæ, дæ уды рæбынæй архайыс, æппæт дæ тыхтæ æмæ хъарутыл нæ ауæрдыс, цæмæй рæсугъд æмæ адджын царды æнкъарæнтæй дарддæр дæр йæ мондæгтæ иса бæрæг адæймаг – стыр уа æви гыццыл… фæлæ хатт мæлæт цардæй тыхджындæр разыны…»,- йæ цæстысыг ныхъуыргæйæ дзырдта Бэлæ.

Коронавирусон инфекцийæ рынчынты уавæрыл дзургæйæ дзырдта, зæгъгæ, уыдис ахæм цаутæ æмæ рынчынæн скодтай йæ судзинтæ, йæ хостæ йын бадардтай, дарддæр иннæ рынчынты хъуыддæгтыл дæ, фæстæмæ йæм бацыдтæ… æмæ сæрæгас нал у – уый уæззау хъуыддаг у, цасдæрбæрцæй тасы æппары адæйма-джы, бынтон диссаг æмæ æнæферохкæнинаг хъуыддаг у. Æмæ кæд хъуамæ фе-рох уой махæй ацы хабæрттæ, æвæццæгæн никуы.

Фæндиæгтæ

Ацы æнæхайыры вирусæн абон-сом уыдзæн кæрон. Уæд парахатзæрдæйæ æхсызгонæй иууыл фыццаг нæ медицинæйы къабазы кусджытæ сулæфдзысты.

«Æрмæстдæр мын ис иу фæндиаг – куыстæй æрбаздæхгæйæ мæм сыхаг, зæгъай,  хæдзары бинонтæ, цымыдисгæнгæ цы иу фарст раттынц – «бирæ рынчынтæ ма уæм ис?»- уыдонæн сæрыстырæй зæгъон –«æппындæр нал нæм ис ацы æнæхайыры вирусæй рынчынтæ».

Ныры сæвзæргæ уавæры рæстæджы мæ мæ чысыл Ирыстон æмæ мæ  адæмæн фæнды, цыфæнды зын хъуыддаджы дæр кæрæдзи фарсмæ балæууын æмæ кæрæдзимæ æмбаргæ ахаст дарын. Æмæ иууыл сæйраг та – æнæниздзинад, уадз æмæ нæ бæстæйы алы æмбæстаг дæр хызт уæт ахæм низтæй. Æмæ махæн та, медицинæйы фадыджы кусджытæн, нæ куыст рог куыд уа».

Мах дæр ахæм арфæйы ныхæстæ дзурæм нæ хъæбатыр медицинон фадыджы кусджытæн, фæразондзинад равдыстой æмæ сæ тыхтæ ноджыдæр дывæр кæнæнт. Дунескæнæгæй нæ иумæ ахæм арфæ уæд, æмæ сæ ахæм низы ныхмæ тох кæныны сæр макуыуал бахъæуæт.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.