Транскамы фæндаджы Цхинвал-Дзауы фадыджы 9-æм километры знон æртыккаг хатт спырх кодтой къæдзæхы, кæцы тæссаг у фæндагон змæлдæн. ИА «Рес»-ы уацхæссæгæн РХИ-йы уæлвæткон уавæрты министры фыццаг хæдивæг Бестауты Ацæмæз куыд радзырдта, афтæмæй къæдзæхыл ис нырма тæссаг бынæттæ.

«Нæ специалисттæ басгæрстой территорийы æмæ фыстæг арвыстой æмбæлон службæтæм, цæмæй трассæйы ацы фадыджы уавæрæн аргъ скæной. Æз нымайын афтæ, æмæ æрхонын хъæуы геологты, цæмæй йын уыдон экспертон æгъдауæй аргъ скæной», – загъта министры хæдивæг.

Паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-ы генералон директор Лалыты Мураты ныхæстæм гæсгæ хъæуы спырх кæнын къæдзæхы тæссаг бынæттæ æмæ уымæй трассæйыл змæлд сæдас кæнын.

«Ам бетонæй къул дæр ницы баххуыс кæндзæн. Ахæм уавæры цы саразын хъæуы, уый тыххæй уынаффæ хъуамæ райса уæлдæр разамынад. Мах та нæхи ‘рдыгæй сыгъдæг кæндзыстæм, фæндагмæ чи згъæлынц, уыцы дуртæй. Фæлæ уый гæнæн ис æмæ æркæна мæгуырау фæстиуджытæм», – загъта уый.

Къæдзæхы пырхгæнæн куыстытæ æххæст кодтой республикæйы уæлвæткон министрады сапертæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.