– Кувгæ-кувын хистæримæ иууылдæр куы сыстынц, уæд дзы иу æнæмæнг хъуамæ фынгыл бадгæйæ баззайа?

– Уый æрхъуыдыгонд ми у, ирон æгъ-дауы нæй! Ӕмæ йæ бæттынц, фынг, дам, алидздзæнимæ. Фынг никæдæм алидздзæн, æгъдауджын адæм ыл куы бадой, уæд. Ӕгъ-дауыл сæ бадт куы нæ уа, уæд дзы фарн нæ уыдзæн æмæ нысаныл нæ сæмбæлдзæн. Уый тыххæй та дзы кæрæдзимæ хъусын хъæуы, уæлдайдæр та – хистæртæм.

Ӕртæ хистæры кувынмæ куы сыстынц, уæд иууылдæр хъуамæ уырдыг слæууой æмæ оммен кæной. Цæмæй, лæугæйæ, (лæугæ та хъуамæ кæной раст) фынгимæ сæ иудзинад ма фехæла, уый тыххæй йыл, рахисфарс чи лæууы, уыдон сæ рахис къухты æртыгай æнгуылдзтæй æнцой кæной, галиуырдыгæй лæуджытæ та – галиу къухты æртыгай æнгуылдзтæй.

– Уастырджийы тæхгæ-нæргæ цæмæн хонынц? Тæхгæ-нæргæ Уацилла куы кæны…

– Раст у ацы фиппаинаг. Арвыл тæхгæ-нæргæ цæуы Уацилла. Елиа у йæ рагондæр ном. Уымæй йæм тынг рагæй кувынц ариаг адæмтæ æмæ сын рагæй-æрæгмæ, ирæттæн куыд у, афтæ уыд æрвнæрды, уарынты, зæхгуысты æмæ тыллæджы бардуаг. Ирæттæ йын йæ номыл бафтыдтой разæфтуан Уаз-Уас-Уац. Ома, уæларвон.

Уацилла хæрам тыхты куынæг кæны. Хæйрæджытæм куы смæсты вæййы, уæд сау мигътæ æрбамбырд кæны æмæ сæ йæ разæй айсы, скъуымбил сæ кæны, фæйнæрдæм сæ зыгъуыттытæ кæнын райдайы, йæ цæхæр рæхыстæ сыл рауадзы, цъыччытæ сæ ракæны. Уыдонæн  сæ сæр сæ кой свæййы, сæхи кæм амбæхсой, уый нал фæзонынц, бæлæсты бынты дæр фæмидæг вæййынц. Ӕмæ сæ уыдон, арвы æрцæфæй тæрсгæйæ, хæрис бæласæй фæстæмæ сæхимæ æввахс нæ фæуадзынц. Уацилла уый тыххæй мæсты у хæрис бæласмæ æмæ йæ арæхдæр æрриуыгъы. Уый хынцгæйæ йын ирон æфсинтæ йæ бæрæгбоны уæливыхтæ фыцынц хæрис бæласы сугтыл. Уацилла-йæн зæрдæлхæнæн кæнынц.

Уастырджи тызмæг зæд нæу. Уый æрмæст йæ цæстæнгасæй дæр рæвдауы рæс-таг адæмы æмæ  æфхæры хæрам зæрдæты.

– Цы амонынц дзырдбæстытæ: “Барст дын уæд” æмæ “Рухсаг у”?

“Барст дын уæд” – фæзæгъынц Стыр Хуыцауы, йе сконд зæдтæ æмæ дауджыты номыл æртæ хæбизджыны, фынгæвæрд, куывд куы скæнынц, уæд сæм уыдонæй скувгæйæ. Ома, æхцон уын уæд, дæ зæрдæмæ куыд фæцæуой, нымд уæ, аргъуц уæ кæй кæнæм, нæ уыцы æнкъарæн уæм фæхæццæ уæд. Уымæй уæлдай ма фæзæгъынц, нæ мысайнаг ист куыд уа, нæ куывдтытæ уæм куыд фехъуысой, зæгъгæ.

“Рухсаг у”, – дзурæм мардæн æдзухдæр, хæрнæджы, хисты, фынджыдзаджы фынгыл бадæм æви мардæн йæ кой ракæнгæйæ дæр. Фынгыл  ма нозтæй цалдæр æртахы дæр æрæппарæм. Ӕмæ фæзæгъæм: “Хæлар дын уæд, фынгыл дын цыдæриддæр æрæвæрдтой, уыдон. Ӕнæбары хай дзы гъе уымæй фылдæр (нозтæй фынгмæ цы æртæхтæ æрхауд, уыдон) макæмæн бакæн”. “Рухсаг у”. «Рухсы бад» та йын дзурæм, цæмæй йæ бынат талынг Мæрдты бæстæйы уа рухс. Йемæ цы цæссыг ахæссы, уый та, дам ын Дзæнæтмæ йæ фæндаг рухс фæкæны.

– Мардæн дыууиссæдзæм боны кæнд куы нæма скæнай, уæдмæ Зæрдæвæрæн кæнæ Майрæмы куадзæн куы æрæййафа, уæд сæ кæнын æмбæлы?

– Ӕмбæлы. Уымæн æмæ иннæ азы уыцы марды бонтæ æййафынц йæ афæдзы кæнды фæстæмæ. Стæй сæ иннæ мæрдджынтæ уыцы аз æнæмæнг кæндзысты æмæ уыдоны цур дæ мард æнæрхъуыдыйæ цæмæн хъуамæ баззайа. Йæ мардыл йæ зæрдæ тынг кæмæн риссы, уый йын æнæ уымæй дæр йе ‘гъдау фынджыдзагæй скæны уый фæстæ Зæрдæвæрæнты æмæ Майрæм куадзæнты дæр.

– Мард цы хæдзары вæййы, уыдоны кæсæнтæ цæмæн бамбæрзынц?

– Дины уырнынадмæ гæсгæ адæймаг куы амæлы, уæд, дам ма йæ уд хæдзары вæййы. Ӕмæ кæсæнмæ йæхимæ куы бакæса, уым йæ фæлгонц куы баззайа, хæрам тыхтæ йæ куы æрцахсой æмæ йын хъизæмæрттæ куы æвзарын кæной, уый тасæй сылгоймæгтæ уайтагъд кæсæнтæ æмбæрзынмæ фæвæййынц.

– Хионы цинмæ хæссæм хуын. Хонгæ дæр æй афтæ кæнæм – хуын. Уæд хиуæттæм дыууиссæдзæм бонмæ, афæдзы хистмæ æмæ иннæ кæндтæм цы æгъдау хæссæм, уый та куыд хуыйны?

– Цины фынгмæ-иу æрцæттæ кодтой, стæй ныр дæр æрцæттæ кæнынц хуын. Марды кæндтæм – хойраг, нозт æмæ адджинагæй цыдæриддæр хæссынц ирон адæм, уый та хуыйны фынджыдзаг. Фынджыдзаг æрцæттæ кæнæм сабатмæ – мæрдты бонмæ зæронд мæрдтæн дæр.

Цины фæдыл фынг та хуыйны фынгæвæрд.

– Бынаты бардуаджы (хицауы) фынг Бынатæхсæвы куы æрцæттæ кæнæм, уæд æддæмæ,  æндæр хатæнмæ, цырагъ ахуыссын кæнгæйæ, цæмæн рацæуæм?

– Фынгæвæрд иунæгæй талынджы фæуадзæм, цæмæй йæ Бынаты бардуаг æдзæстхизæй фена æмæ базона,  куыд дзы нымд  æмæ йын кад кæнæм, уый. Ныры ду-джы афтæ бирæтæ нал кæнынц. Ӕмæ уым æвзæрæй ницы ис. Бынаты бардуаг æнæ уымæй дæр уыны, чи йын цы æгъдау æмæ кад кæны, бинонтæй йæхи чи куыд дары, уый. Ӕмæ сыл уымæ гæсгæ ауды.

– Бынатæхсæвы æргæвст карчы стæджытæ æмæ пакъуытæ доны калын цæ-уылнæ фæтчы?

– Дон чъизи кæнын, цæугæ дон уа, цад, суадон ирон адæммæ у фидиссаг ми.  Афтæ-иу чи бакодта, уымæн-иу æй йæ мыггагæн дæр фидис кодтой. Уый тыххæй-иу хистæртæ кæстæрты тæрсын кодтой Доны чызджытæй, донмæ куы бацæуай, уæд дæ æрцахсдзысты æмæ дæ фæдæлдон кæндзысты, зæгъгæ. Ӕрдзы сыгъдæгдзинад – адæмы æнæниздзинад у. Уæлдайдæр та – доны сыгъдæгдзинад, уый царддæттæг у,  æнæ уымæй фæлхæрдтæ та сты зæххы ныгæнгæ, цæмæй уым бамбийой.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.