Уæрæсейы Федерацийы Экономикон рæзты министры хæдивæг Дмитри Вольвачы сæргълæудæй дыууæ боны æмгъуыдмæ нæ республикæмæ кусæгон балцы æрцыд делегаци. Уыдон азылдысты Инвестицион программæйы объекттыл. Бабæрæг кодтой 3-æм скъолайы агъуыст, Паддзахадон университеты бæстыхай, Медицинон кластеры гуырæн хæдзары хайад, Драмон театр, Хъайтарты уынджы арæзтцæуæг бирæфатерон хæдзар, «Ир-базальт»-ы завод æмæ æндæр объекттæ.

Уазджытæ сæ хуссарирыстойнаг коллегæтимæ бацыдысты 3-æм астæуккаг скъоламæ. Ам сыл цытджын  æгъдауæй фембæлд скъолайы директор Бестауты Мæдинæ: «Скъола арæзт æрцыд 200 сывæллонæн. Йæ арæзтадон фæзуат у 4.200 квадратон метры. Скъола, уæхæдæг куыд уынут, афтæмæй ифтонг у ахуырадон æрмæджытæй. Кълæстæ сты уæрæх æмæ райдзаст. Ацы скъолайы ахуыргæнджытæ, ахуыргæнинæгтæ  æмæ  ныййарджытæ,  æнæрхъæцæй   æнхъæлмæ кастысты скъолайы арæзтад кæд фæуыдзæн, уымæ. Стыр бузныг стæм Уæрæсейы Федераци æмæ арæзтадон фирмæ «Бадо»-йæ, ног ахуыры азмæ нын ахæм ахсджиаг лæвар кæй бакодтой. Скъола у, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм. Йæ кæрты арæзт æрцыд модулон хъармгæнæн. Рухс куы ахуысса, уæд дизелон генератор йæхæдæг скусдзæнис æмæ рухсы аххосæй скъолайы ахуыртæ нæ бакъуылымпы уыдзысты. Нырмæ нæ республикæйы иу скъолайы дæр нæ уыд, сахъат сывæллæтты хæрзиуæгæн пан-дустæ арæзт. Ныййарджытæ тынг тыхстысты, ныр мах скъо-лайы инвалид сывæллæттæн дæр уыдзæн хорз уавæртæ», – радзырдта уазджытæн скъолайы директор.

Дмитри Вольвач бабæрæг кодта Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет.

Уазджытæ бабæрæг кодтой Республикон бирæпрофилон медицинон центр дæр. Уым сыл фембæлд Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министр Наниты Сослан. Уый сын равдыста гуырæн хæдзары медико-санитарон, сæрмагонд æмæ технологон-медицинон уавæртæ. Гуырæн хæдзары корпусы ис æппæт фадæттæ дæр. Ныр экстремалон цауты рæстæджы рынчынтæ æмæ ноггуырд сабитæ æрвыст нал цæуынц республикæйæн æддæмæ.

УÆРÆСЕ ЦÆТТÆ У НЕМÆ ДАРДДÆР КУСЫНМÆ

Уырдыгæй та УФ-йæ æрцæугæ уазджытæ сæ балц акодтой Паддзахадон Драмон театрмæ. Уым уазджытæн, театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан радзырдта, куыд хорз уавæртæ æмæ фадæттæ ис артисттæн кусынæн. Зал, кæцыйы ис 500 бынат театрдзаутæн, куыд ифтонг у техникæ æмæ рухсытæй. «Æз кæмфæнды ма уон, æрвылхатт дæр дзурын сæрбæрзондæй нæ театры хуызæн кæй нæй æгас Цæгат Кавказы». Уазджыты зæрдæмæ тынг фæцыд театры артистты репетицигæнæн зал. Делегаци бабæрæг кодта Инвестпрограммæйы фæлгæтты нæ горæты Хъайтарты уынджы кæрон цы 118-æм фондзуæладзыгон хæдзар рæзы, уый дæр. Арæзтадон фирмæ «СТМ-Юг»-ы къухдариуæггæнæг  уазджытæн радзырдта, куыстытæ æнæкъуылымпы-йæ æххæст кæй æрцыдысты. Хæрзарæзт цæуы кæрт дæр æмæ тагъд хæдзар эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæнис.

Дмитри Вольвач кæронбæттæны бабæрæг кодта нæ республикæйы цы ног кондад рæзы «Ир-Базальт», уый арæзтад дæр. Ам та уазджытыл фембæлдысты йæ генералон директор Джиоты Роман æмæ сæйраг инженер Хъуылымбегты Зауыр. Практикон æгъдауæй кондады арæзтад фæуд у, баззад ма дзы кæрт схæрзарæзтад кæныны куыстытæ. Джиоты Роман уазджыты базонгæ  кодта, кондад цы куыст кæндзæнис, уымæ. Равдыста сын, цы базальтон продукци уадздзысты, уыдоны хуызæгтæ.

Кондады сæйраг инженер Хъуылымбегты Зауыр загъта: «Мах ныфс ис, нæ завод размæ кæй ацæудзæнис. Суткæйы мидæг пец дон кæндзæнис 600 кг. базальтон дур.

Азылды фæстиуджытæй Дмитри Вольвач баззад райгондæй. Уый журналисттæн радзырдта йæ тæлмæнтæ. «Фыццаг хатт дæн Ирыстоны, райгонд дæн, иумæйаг тыхтæй нæ бон кæй у скъуыддзаг кæнын, цы проблемæтæ ис, уыдон. Инвестпрограммæ æххæст цæуы хорз темптæй. Ноджыдæр æркæсдзыстæм, аскъуыддзаг кæныны стадийыл чи ис, уыцы фарстатæм. Абон æз федтон, саразынмæ кæй æнхъæлмæ кæсынц бирæ уагдæттæ. Мах, дарддæр дæр цæттæ стæм уемæ кусынмæ, цы фарстатæ уæм æвзæра, уыдон та скъуыддзаг кæндзыстæм иумæ, эффективонæй.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.