Ирон адæммæ Ӕз æмæ Мах кæрæдзи рагæй нал æмбарынц, сæ иудзинады æхсæн бацыд хиуарзондзинад. Уый Ӕз-ы аххосы фыдæй. Ӕдзух «Ӕз! Ӕз!» кæны. Ӕмæ дзы цы рамбулы. Ӕппындæр хорзæй ницы. Ӕрмæст адæмы зæрдæхудт.

— Ӕз чи дæн, уый зоныс? — Ӕз дæн Ӕз! Адæм аргъ кæмæн нæ кæнынц, уый. Сæхимидæг та мæм хæлæг кæнынц: мæ зондмæ, мæ кондмæ, мæ уындмæ. Афтæмæй сæхи æнæуынæг скæнынц. Афтæ хъуыды кæнынц æмæ сæхи фарстæн дзуапп сæхæдæг дæттынц æнæсæрмæхæссонтæ. Искæмæй сын хорз загътай, уæд дын зæгъдзысты:

— Ӕмæ уый та чи у? Ӕмæ уый мæнæй цæмæй хуыздæр у?

Сæхицæй исчи исты хъуыддаджы куы балæууы, уæд райдайы: «Ӕз афтæ хъуыды кæнын!» «Мæн афтæ фæнды!» «Ӕз æй зонын цы аразын хъæуы, уый!» «Ӕз цынæ саразон, ахæм цы ис!» «Ӕз сæ бафарстон». «Ӕз сæ афтæ уадзын». «Ӕз, æз æмæ æз!» Куыст уа исты — Ӕз дзы свæййы сæйрагдæр. Цы федта, цы загъта, цы хъуыды кæны, уавæрæн цы аргъ кæны, йæ уды къоппа куыд зондджын æмæ куырыхон у, уыдæттæ.

Исчи дзы исты уæлæнгай хъуыддаг куы саразы, уæд æм уасæгау каумæ стæхы æмæ уырдыгæй хъæлæсыдзаг хъæрæй ныууасы, афтæ йæм фæкæсы цыма уымæй уæлдæр ничи схызт, уымæй стырдæр хъуыддаг ничи сарæзта. Цыма фыццаг ауæдз уый акодта зæххыл, уый цыма фыццаг уыд, уымæй размæ йæ никæй зонд æрцахста… Афтæ дарынц сæхи. Бæсты бикъ æмæ комы дæгъæл цыма фестынц. Уымæн æмæ сæ нæдæр сæ алыварс акæсын фæнды, нæдæр — фæстæмæ, нæдæр — размæ. Никæуыл æмæ ницæуыл æндавы сæ зондахаст.

Искæмæй сын раппæлыдтæ — амардтай сæ, æнæтугæргæвст сæ акодтай. Ӕмæ дын, кæмæй раппæлыдтæ, уымæй дын уый бæрц æнахуыр диссæгтæ фæдзурдзысты, æмæ дæ сæрыл ныххæцдзынæ. Ӕрмæст уыдонæй æппæл, табу сын кæн.

Фау æрхæссæн сæм нæй — дæхицæн сæ знæгтæ скодтай, æмæ дæ фыдгой кæнынц. Дæ фæсонæрхæджы дæр цы хъуыды, ми нæй, уый дæр дыл нытътъæпп кæндзысты, аныхасдзысты.

«Ӕзонтæ» сæ сæртæ кæцæй не сдардзысты, ахæм бынат нæй, кæцы хъуддаджы дын зонд нæ амондзысты, ахæм нæй. Алцыдæр зонынц… Афтæмæй та алцызонæг ницы зонæг у. Уый разыны, цы хъуыддаджы балæууынц, уый къуырцдзæвæнмæ кæй æртæрынц, уым. Ӕмæ сæ адæм сæхи дард ласынц, фыдæбонгæнæг сыл не ̀ууæнды, йæ цæсты сын кад нæй. Уыцы уавæры «æзонтæ» сæхицæн бынат нал арынц, , масты цæхæр уадзынц, фырхæлæгæй сæхи цы фæкæной, уый нал зонынц.

«Ӕзонтæ» сæхи йеддæмæ сæ зæрдæмæ ничи цæуы, никæй куыстыл, никæй фыдæбоныл æввæрсынц. Айдæнмæ кæсæгау æдзухдæр уынынц æрмæстдæр сæхи. Чидæртæ дзы фыссæджы курдиатмæ сæхи ивазынц: фыссынц æмдзæвгæтæ, прозаикон уацмыстæ, цыма стыр диссæгтæ сарæзтой, уыйау сæхиуыл чингуытæ фыссынц, фыссын кæнынц. Ф. Достоевский ахæмты тыххæй афтæ фыста: «Надо быть слишком подлым, влюбленным в себя, чтобы писать без стыда о самом себе».

«Ӕзонты» æппындæр никæйы мæт ис. Уыдон уæнт æрмæст, æмæ зæххыл кæрдæг дæр ма зайæд. Ӕзонтæ кæрæдзийæн дæр нæ быхсынц, кæрæдзийы хæрынц. Ӕмæ сæ амонд сæхи уæнт. Мах нæ уагыл куы уадзиккой, Ирыстонæн йæ размæ цыд куы нæ хъыгдариккой, уый курæг сæ стæм.

Ӕзонтæ пæр-пæргæнгæ Ирыстоны сæрмæ зилынц æмæ, кæм бæрзонддæр æрбадой, уый агурынц. Уæхи сæ хъахъхъæнут, æввахс сæ ма уадзут. Уæ цард уын сæнад кæндзысты. Уыдон бон Зæхмæ мæсты кæнынц, Хуры алыварс кæй зилы! Æхсæв та Мæймæ — Зæххы алыварс кæй зилы! Уыдоны бæсты сæ алыварс кæй нæ зилынц, уый тыххæй.

«Ӕзонтæ» Ирыстоны дæр кæнынц фылдæрæй-фылдæр, æмæ сæ «Мах» йæ сæрæн нал у!..

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.