ЛӔГГАДГӔНӔГӔН ЛӔГГАД ӔМБӔЛЫ

Ӕрмæст Кавказы нæ, дунейы дæр сылгоймаг фысджытæ бæрц сты. Бæрц æмæ уæлдай кады аккаг. Ӕмæ, уæдæ, нæ уарзон райгуырæн бæстæ Ирыстоны армыдзаг адæмæй сылгоймаг-фысджытæ, мах цас фæнды æмæ нæ куыд фæнды, уыйбæрцæй æмæ афтæ тыбар-тыбургæнгæйæ куыд ныккалдаиккой. Фæлæ нæм чи уыдысты æмæ чи сты, уыдон курдиатджындæртæм хауы Цхуырбаты Мери. Хæрзæгъдау, хæдæфсарм ирон сылгоймаг, макæй рæзты ахиза. Литературæйы нæ зæгъын.

Хъодзаты Ӕхсар Хостыхъоты Зинæйы тыххæй ныхасгæнгæйæ, загъта: «Царды æгъатыр фæтк ахæм у: адæймаг цалынмæ нæ фарсмæ вæййы, уæдмæ йын аргъ кæнын нæ фæфæразæм, нæ зонæм.» Ӕмæ афтæ нæ зæгъын, уыцы хъуыды æппæты фыццаг Ӕхсарæй схаудта. Тынг арæх æй ис фехъусæн. Йæ хъуыдыйы рæстдзинады тыххæй йæ æркой кодтон. Уымæн, æмæ нæм кæй кой ис, — фыссæг, тæлмацгæнæг, публицист Цхуырбаты Мери, — уый цæрæнбонты йæ куыстæй йæ сæрыл никуы схæцыд, йæ тызмæг хъæлæс ын никуы ничи фехъуыста… хæдзары хъуыддæгтæй дæр ын йæ сæрыл схæцыны фадат рæстмæ кæй никуы цыд, уый дæр адæм тынг хорз зонынц. Фæлæ йын йæ фыццаг чиныг «Ӕнæмæлгæ уидаг»-ыл удæгас классик Дзугаты Георги ныффыста рецензи. Кады, æппæлæн рецензи. Ӕмæ уый уыдис чиныгкæсджыты, газеткæсджыты æппæлæн хъуыды дæр (Д з у г а т ы Г е о р г и. Ног чиныг / Советон Ирыстон, 1983. — Джиуæргуыбайы мæй. — 10 б.)

Цхуырбаты Мери райгуырд 1934-æм азы, майрæмкуадзæны мæйы 5-æм бон, нæ фыдбоны сыхæгтæ Октябры революцийы фæрцы Ирыстонæй кæй атыдтой, Карелы районы уыцы хъæутæй иуы, Бредзæйы. Уæдмæ та: «Йæ фыдæлтæ цардысты Дзауы районы Шихантуры хъæуы. Куыстæмхиц, цардуарзаг адæм уыдысты, фæлæ сын зæхх сæ къух нæ арæзта. Мерийæн йæ фыды фыды фыд æмæ йе ’фсымæртæ фæлмæцыдысты æнæзæххæй æмæ сфæнд кодтой фæйнæрдæм фæцæуын æмæ басгарын алы рæттæ,» — дзырдта Къæбысты Зауыр Мерийы цард æмæ сфæлдыстадыл ныхас кæнгæйæ. Афтæмæй ахаудтой уырдæм. Цардысты дзы ирæттæ Гæззатæй æмæ Коцтæй. Нæ мадæлон æвзагыл сæ чи уагъта ахуыр кæнын, æмæ фидæны фыссæг бацыд гуырдзиаг скъоламæ. Афтæмæй Аулеуы астæуккаг скъола æнтысгæйæ каст фæцис 1951-æм азы. Хорз кæй ахуыр кодта, йе ’мбæлтты æхсæн бæрæг кæй дардта, уый тыххæй уыцы аз тынг хорз нысæнттыл фæлварæнтæ радта æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты гуырдзиаг хайады. Уый дæр каст фæцис тынг хорз бæрæггæнæнтыл æмæ йæ ныууагътой гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы лаборантæй. Фæлæ дзы иуран бадынæй дарддæр ницы уадиссаг фезмæлын хъуыдис. Уымæ гæсгæ нæ цыд йæ зæрдæмæ. Фæкуыста дзы 1956-æм азæй 1958-æм азмæ. Уыцы азæй 1961-æм азмæ та Цхинвалы медицинон ахуыргæнæндоны студенттæн амыдта истори, стæй 1961-æм азы йæ бынат аивта редакцимæ æмæ 1970-æм азмæ уыд газет «Сабчота Осети»-йы («Советон Ирыстон»-ы) хистæр литературон кусæг. Ӕмæ алы хатт дæр, йæ разы цы хæстæ лæууыд, уыдон æххæст кодта цæсгомджынæй.

Мерийæн алы ран дæр уыдис хорз æнтыстытæ, æппынæдзух йæхиуыл хорз кæй куыста, йæ куыстæй йæхи кæй никуы тылиф кодта, фæлæ-иу æй кæронмæ кæй бабæстон кодта, уый тыххæй. Уæддæр йæ зæрдæ дзырдта сфæлдыстадон куыстимæ. Ӕмæ йын сæрысуангæй уый фадат фæцис 1970-æм азы — ракодтой йæ чиныгуадзæнмæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон чингуы-ты рауагъдад «Ирыстон»-ы нæ фыдбоны сыхæгты æвзагыл цы чингуытæ мыхуыр кодтой, уыдон редакторæй куы райдыдта кусын, уæд ын рæстæг уыд йæхиуыл фылдæр æмæ бæрæг хуыз-дæр кусынæн. Мери газеты куы куыста, уæддæр йæ тыхтæ фæлвæрдта тæлмацы хъуыддаджы æмæ-иу йæ куыстæй йæ зæрдæ барухс, йе ’нтыстытæ йе ’мкусджытæн дæр уыдысты цæстæвæрæн. Ныр рауагъдады йæ сæрибар рæстæг иууылдæр лæвæрдта тæлмац кæнынæн. Уымæн ын нал фаг кодта хæдзары сæрибар рæстæг дæр. Иу кусæн хатæны фæкуыстам 8 (аст) азы бæрц æмæ — æй дæ бындар макуы фæуай, ды та искуы дæ сæрыл схæцыд, сылыстæгау, дæхи исты ныхæстыл аирхæфс. Мæнмæ ма-иу исчи куы æрбауад, уæд уыимæ аирхæфстон ныхæстыл мæхи, уымæй дыууæ хъа-зæн ныхасы дæр тыххæй ратыдтаис.

Ома, йæ бон сæ нæ уыд? Тынг бирæ диссаджы хабæрттæ дæр-иу зыдта, фæлæ йæ кусгæ-кусын дзурынмæ никуы æвдæлд.

«Куыста уæхскуæзæй æмæ зæрдæргъæвдæй, — зæгъы газет „Хурзæр-ин“-ы журналист Джиоты Екатеринæ. — Райдианæй фæстæмæ йæ царды сæйраг нысанæн равзæрста йæ радтæг ирон адæмы сфæлдыстадон хæзнатæ сыхаг адæмы ’хсæн пропагандæ кæнын, сæ арф эпикон, историон æмæ аив литературон мидис æмæ формæтæм сыхаг адæмты хъусдард аздахын æмæ сын æмбæлон аргъ æмæ бынат ссарын». Ӕмæ цыд йæ нысанмæ. Нæ адæмон сфæлдыстадимæ тæлмац кодта ирон нывæфтыд литературæ дæр. Бантыст ын ирон æвзагæй уыдон æвзагмæ атæлмац кæнын «Ирон радзырдтæ», Беджызаты Чермены «Мæсгуытæ дзурынц», Букуылты Алыксийы «Ӕнæкаст фыстæг», Дзугаты Георгийы роман «Сыгъзæрин суадон», Гаглойты Владимиры пьесæ «Ныййарæджы кадæг», Гæбулты Мелитоны роман æмæ радзырдтæ «Тугæй фыст» æ. а. д.

Ӕмæ уый æппæт фæллæйттæн куыд сфаг уыдаид йæ удæй скъуынгæ рæстæг? Ӕрмæст «Нарты таурæгътæ» стæлмац кæнынæн цас хъару хъуыд?! Уымæйдæр дзы цæмæй зындгонд фыссæг æмæ тæлмацгæнæг Булкъаты Михалы зæрдæ барухс уыдаид, мыхуыры дзы раппæлыдаид, уый тыххæй йæ цас тых хъуыд! Фæлæ Мери кæддæриддæр йæхи фæллайын кодта, фæлæ йæ адæмы номæй æддæмæ кæй хаста, ууыл хъуамæ дардтаид йæ зæр-дæ. Ӕмæ дзы алы хатт буц уыдыстæм мах дæр — ирон адæм.

Йæ тæлмацтæй йын æрмæст Михал не ’ппæлыд, фæлæ сæ Мери кæмæ бахуын кодта, уыдон сæхæдæг дæр лæууыдысты уыцы хъуыдыйыл (Тория З. Писатель-переводчица нартского эпоса / Литературули Сакартвело, 1999. — Майрæмкуадзæны мæй. — 20 б..), уым сыл ис æууæнк, чи зоны сын æхсызгон нæу, фæлæ. Цин дæр ыл цæмæн кæной, кæд сæ, алы бафæзминаг хъуыддаг дæр сæхицæй куы цæуид, уый сæ фæнды, уæд. Фæлæ Мерийы фыдæлтæ дæр, сæ хъæбул хуры рухс куы федта, уæд Уæллагмæ уый амон-дæн куывтой æмæ уымæн алчи нæу уынаффæгæнæг. Французаг философ-материалист Клод Адриан Гелвеций уымæн дзырдта: «Какого же презрения заслуживает тот, кто хочет удерживать народы во тьме невежества!» Ӕмæ дæм ахæм, æгæрыстæмæй æлгъ куы зынын кæна, уæддæр дзы уадиссагæй ницы ис, фæлæ Мерийы йе ’рвылбонон сфæлдыстадон куыстæй уыдæттæм дæр никуы равдæлдис, стæй йын къуылымпыйæ дарддæр ницы пайда уыдаиккой, зонгæ-зонын сæ йæхи кæддæриддæр уымæн хызта æмæ хизы. Уый зондджын адæймаджы æууæл у. Уымæй æвзæр ницы ис, фæлæ Цхуырбаты Мери йæхицæн, стæй ирон литературæйæн иууыл тынгдæр скад кодта йæхи аивадон уацмыстæй. Ныф-фыста дзæвгар радзырдтæ, публицистикон æрмæджытæ, стæй йын чиныгкæсджыты æхсæн чи скад кодта, ахæм романтæ «Ӕнæмæлгæ уидаг» æмæ «Царды хъулæттæ». Мерийы прозæ бафæзминаг у, царды риссагдæр фарстытæ йæ кæй æндæвтой алы хатт дæр, уымæй. Ӕппынæдзух фæархайы, цæмæй макæй иувæрсты ахиза. Афтæ у, фыссын куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ. «1989 — 2008-æм азты нæ адæмы трагикон цауты иувæрсты нæ ахызт фыссæг Цхуырбаты Мери дæр. Уыцы уæззау фæндагыл рацыд йæхæдæг дæр Мери, уыдта, йæ алыварс цытæ цыдис, уыдæттæ, æвзæрста сæ йæхиуыл æмæ йæ фыссæн сис аздæхта уыцы цаутæ æвдисынмæ. Йæ чиныг „Цалынмæ удæгас дæ“-йы Мери сылгоймаджы æнкъараг зæрдæйæ уæлдай тынгдæр хаты, ирон адæм цы уæззау уавæры ныххаудысты, уый æмæ йæ зæрдæйы судзгæ рыст хизы йæ уацмыстæм, уацмысты архайджытæм…» — зæгъы Биазырты Роланд (Биазырты Роланд. Цалынмæ удæгас дæ… — Цхинвал, 2017. — Сусæны мæй. — 5 б.).

Ахæм хъуыдыйыл лæуд уыд Къæбысты Зауыр дæр. Сылгоймаг-фыссæгæй уæлдай буцдæр уыдис, гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы нæ лæппутæй лæджыхъæдджынæй нæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау сæ цард ны-вондæн чи æрхастой, уыдон фæлгонцтæ Цхуырбиан зæрдæрисгæ æмæ ныййарæджы уарзтимæ кæй снывæста, уый тыххæй. «Гуырдзыстоны фашизмы ныхмæ карз тохы фæмардуæвæг лæппутыл кæй ныффыста автор, уымæй уæлдай ма дзы ис (чиныг „Мæлæт алыхуызон у“-йы — Хъ. М.) æндæр темæтыл фыст уацмыстæ дæр… Иууылдæр сты бæрзонд аивадон æмвæзадыл фыст,» — дзырдта Зауыр. Сæ хъуыды йæ бынаты кæй ис, уымæн æвдисæн, зындгонд ирон литературæиртасæг Джусойты Нафийы хъуыды фыссæджы тыххæй: «…йе сфæлдыстадыл афæлгæсын æмбæлы нæ литературон критикæйыл. Уымæн æмæ, Мерийæн ныртæккæ йæ „фæззыгон най“ æфснайын æмæ æрбæстон кæнын афон у. Бирæ фæлæггад кодта нæ литературæйæн йæ оригиналон уацмыстæй дæр æмæ йæ курдиатджын тæлмацгæнæджы аивадæй дæр» (Джусойты Нафи. Ӕцæг «цардæй ист» дзуринаг // Цхуырбаты Мери. Уацмыстæ. — Цхинвал, 2019. — 6 ф..

Лæггадгæнæгæн лæггад кæнын æмбæлы.

ХЪАЗИТЫ Мелитон

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.