Турчы президентон æвзæрстыты дыккаг хатт фæуæлахиз Реджеп Тайип Эрдоган – райста 52,14 проценты, ома, 2 милуан хъæлæсæй фылдæр йæ ныхмæлæууæг Кылычдароглуйæ. Ӕвзæрстыты хайад райстой Турчы æмбæстæгты 85 проценты бæрц.

Эрдоганы уæлахиз арвы цæфау уыд хурныгуылæйнаг бæстæтæн. Уыдон рагæй бæллынц йæ раппарынмæ, æппынæдзух æм æртхъирæнтæ кæнынц æмæ йын цæлхдуртæ æвæрынц. Æгæрыстæмæй ма 2016 азы æфсæддон фæфæлдæхт саразын дæр уыд сæ зæрды, цæмæй Эрдоганы ныммардтаиккой Саддам Хусейнау. Фæлæ Путины фæрцы æвыдæй баззад Эрдоган æмæ уæдæй фæстæмæ Турк Уæрæсемæ хуыздæр цæстæй райдыдтой кæсын. Эрдоган æй хорз райдыдта æмбарын, æцæгæй знагиуæг политикæ чи уадзы Турчы ‘рдæм æмæ Уæрæсе æмæ Азийы ‘рдæм йе ‘ргом аздæхта. Фæлæ ныры онг æгæр æнгом баст кæй уыд Евроцæдис æмæ АИШ-имæ, уымæ гæсгæ бастдзинæдтæ зын аскъуынæн сты. Стæй ма НАТО-йы сконды дæр ис æмæ йыл уый тыххæй дæр егъау хæстæ ис.

Уавæр хынцгæйæ, бæрæг у, Эрдоганæн тынг зын кæй у æмæ йæхи дыууæрдæм уымæн раппар-баппар кæны. Архайы, цæ-мæй «уæхст дæр ма басудза æмæ физонæг дæр». Иуæрдыгæй йæ базыдта, АИШ сæ æрмæстдæр спайда кæнынмæ кæй хъавы, кæй сæ фæнды Туркæй радон колониалон бæстæ саразын. Фæлæ, ныридæгæн, йæ бон нæу сæ ныхмæ фæлæууын – æгæр хъомысджын  сты  АИШ  æмæ йæ сателиттæ. Иннæрдыгæй та æмбæрстгонд у, ныры дуджы Туркæн рухс фидæн кæй уыдзæнис, æрмæстдæр Уæрæсе æмæ Азийы бæстæтимæ йæхи куы бангом кæна, уæд.

Оппозици егъау куыст бакодтой цæрджытимæ – АИШ сын бирæ æхцайы фæрæзтæ рахицæн кодта. Кылычдароглуйæн бантыст æхсæз иууыл егъаудæр горæтты мэрты йæхирдæм раздахын, фæлæ провинциты цæрæг адæм нæ фæсайды сты. Оппозици йæ хъæлæсты фылдæр хай райста егъау горæтты, ома, адæм хъæздыгдæр кæм цæрынц, уым. Кæд æмæ Турк, ныридæгæн, æмбæлы экономикон зындзинæдтыл, уымæй уæлдай ма сæм æрæджы уыд зæххæнкъуыст дæр æмæ мингай адæм бабын сты, гæвзыккæй аззадысты, уæддæр мæгуыр адæм се ‘ууæнк ногæй бафтыдтой Эрдоганыл. Уый та ууыл дзурæг у æмæ Эрдоганы хурныгуылæйнаг информацион фæрæзтæ куыд дæлдзиныг кæнынц, диктаторы ном ыл куыд æвæрынц, ахæм нæу. У йæ бæстæйы патриот æмæ йæ йæ адæмæн фæнды хорз саразын.

Кылычдароглу  куы рамбылдтаид, уæд Турк хæдбар паддзахад нал уыдаид. Ӕгæрыстæмæй, йе ‘взарджытæн комкоммæ дзырдта, зæгъгæ, бæстæйы сæргълæууæг суæвгæйæ, Турк æхцайы фæрæзтæ кредитты хуызы райсдзæнис, Ӕппæтдунеон валютон фондæй æмæ, ома, нæ проблемæтæн кæрон скæндзыстæм. Фæлæ ахæм къахдзæф саразгæйæ, Туркы адæм бирæ азты дæргъы куыстаиккой АИШ-æн куыд цагъайрæгтæ. Ахæм рæдыд æрцыд Уæрæсейыл 90-æм азты æмæ суанг 2006 азмæ сæ хæсты кæрон нæ аскъуыд. Стæй ма бакæсæм африкæйаг æмæ Латинаг Аме-рикæйы бæстæты фылдæр хаймæ – кредитты бын сæ фæкодтой æмæ сын ныр дæсгай азты хæсджын сты. Ӕмæ кредиттæ та ахæм проценттыл арæзт сты æмæ сын сæ фидынæн ницыуал фæразынц – сæ сывæллæтты сывæллæттæ дæр сæ никуыуал сæхгæндзысты. Ацы экономикон аферæ политиктæ хонынц ног колониалон системæ. Ома, паддзахады къухдариуæгады бынаты дæхи адæймаг сæвæр æмæ йын стæй егъау процентыл кредиттæ райсын кæн, цæмæй цæрæнбонтæм дæ цагъайраг уа.

Ӕппæтадæмон валютон фондæн рагæй фæстæмæ æвзæр ном кæй ис, уый алчидæр зоны. Фæлæ йæ ныхмæ фæлæууын лæмæгъ паддзахадтæн нæу сæ бон. Уымæ гæсгæ йе ‘ндæвдады бын сты дунейы бæстæты фыл-дæр хай. Турк географион æгъдауæй ис ахæм бынаты æмæ йæ стратегион нысаниуæгæн аргъ нæй. Ацы территоритæ чи контроль кæна, уый хицауиуæг кæндзæнис æгас Хæстæг Хурыскæсæн. Уымæ гæсгæ АИШ уымæн тырны Эрдоганы раппарынмæ, цæмæй Уæрæсейы «сæхгæна», Сау денджызы æмæ Иранæн дæр æрæхгæна йæ фæндæгтæ. Ам туркаг адæмы мæт бынтондæр нæ кæнынц – спайда сæ кæндзысты украинæйаг цæрджытау.

НАТО-йы къухдариуæггæнджытæ тæрсынц, ома, сæ Эрдоган  йæхи адард кæндзæнис, кæнæ та бынтондæр рахиздзæнис се скондæй. Уый та НАТО-йæн уыдзæнис катастрофæйы хуызæн. Уымæн æмæ ныридæгæн НАТО-йы сконды АИШ-ы фæстæ иууыл хъомысджындæр æфсад ис Туркæн.

Уæрæсейæн Эрдоганы рамбылд пайдадæр у, фæлæ нæ хъæуы цин кæнын. Эрдоган, фыццаджыдæр, архайдзæнис йæхи пайдайæн, йæ паддзахад хъомысадæн. Ӕмæ уый дæр хорз у. Европæйаг æмæ ма æндæр æбар бæстæтау АИШ-ы æмдзæгъдмæ уæддæр нæ кафдзæнис. Ахæм къухдариуæггæнæгимæ æнцон кусæн у – цæмæ дзы ис æнхъæлмæ кæсæн, уый зоныс.

 ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.