Уæрæсейы президент Владимир Путин Туркы президент Реджеп Эрдоганимæ фембæлды рæстæджы фæндон бахаста, цæмæй Туркы территорийыл арæзт æрцæуа æрдзон газы хаб, ома æрдзон газы базарады фæзуат. Ацы проект нысанмæздæхт уыдзæнис, сæйраджыдæр, европæйаг, стæй ма африкæйаг бæстæты дæр Турчы уылты æрдзон газæй ифтонг кæнынмæ. Уымæн æмæ Европæйы бæстæты æрдзон газ егъау гуырахстæй хардз кæнынц, сæ æрдзон газы бизнесы стыр æхцайы фæрæзтæ зилы æмæ Уæрæсейы къухдариуæгады нæ фæнды æфтиæгтæ сафын. Уæлдайдæр та «Северный поток» террористон акты фæстиуæгæн нал кусы, Украинæйы территорийыл дæр бæрæг аххосæгтæм гæсгæ хæрзцъус йеддæмæ нал цæуы æрдзон газ æмæ Польшæйы территорийыл уагъд газы хæтæл «Ямал-Европа»-йы та æрæджы æрæхгæдтой америкæйы «фæсдзæуинтæ» — поляктæ.

Экспертты анализмæ гæсгæ Турчы территорийыл æрдзон газы хаб саразын иттæг хорз хъуыды у. Иуæй, АИШ-æн йæ фæндтæ йæ хъуыры фæбаддзысты, иннæмæй та Уæрæсе йæ позицитæ фæтыхджындæр кæндзæнис дунейы базарады тыгъдады. Европæйы бæстæтæ хъæздыг сты, йæ цæрджытæ та — фæрæзджын, æмæ АИШ дæр уымæн тырны ардæм. Ныридæгæн уавæрмæ куы æркæсæм, уæд англосаксойнæгтæ сайдæй рацыдысты Евроцæдисыл — райсын сын кодта «æдылыбегау» санкцитæ Уæрæсейы ныхмæ, цыдæриддæр сын бастдзинæдтæ уыдис алы къабазты, уыдон сын фехалын кодтай, æмæ сын ныр дæс хатты фылдæр аргъæй сæхи æрдзон газ уæй кæны.

Ис афтæ хъуыдыгæнджытæ, ома Европæйы бæстæтæн сæ фылдæр знаджы цæстæй кæсынц Уæрæсемæ, æрдзон газ дæр нæ нал æлхæнынц, æмæ сын æй мах та тыххæй хъарæм. Фæлæ ам банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ныры Евроцæдисы къухдариуæгад кæй сты АИШ-ы марионеткæтæ æмæ сын куыд зæгъынц, афтæ кæнынц. Кæд дзы исчи нæ фæкоммæ кæсы Серби æмæ Венгрийы бæстæтау, уæд уыдонмæ та бартхъирæн кæнынц алыгъуызон санкцитæй, сæ æнæбон уавæр сын бамбарын кæнынц. Афтæмæй та хуымæтæг европæйаг цæрджыты ницæмæй фæрсынц, ничи сыл мæт кæны. Сæ къухдариуæгад сæ цагъайрæгтæ сарæзта æмæ сæ англосаксойнæгты разæй скодта. Фæлæ куыд фæдзурынц — «фыдлæг æмæ фыдбонæн бирæ цæрæнбон нæй». Абон уа æви сом, Европæйы цæрджытæ стыхсдзысты сæ мæгуырау уавæрæй, растдзысты сæ къухдариуæгады ныхмæ æмæ сæ сæргъ слæудзысты ахæмтæ, кæцытæ æцæгæйдæр хъуыды кæндзысты сæ адæмыл.

Турчы къухдариуæгады тынг бацымыдис кодта Путины хъуыды æмæ ныридæгæн Эрдоган бахæс кодта профилон министрадæн, цæмæй цыбыр рæстæгмæ бакусой ацы фарстыл. Уымæн æмæ Турк ацы хабы сырæзтимæ ноджы фæхъомысджындæр уыдзæнис, европæйаг бæстæтæ йын уыдзысты лæгъстиаг æмæ ма йæм егъау æфтиæгтæ дæр хаудзæнис. Турк Евроцæдисмæ рагæй фæстæмæ тынг мæсты у — бирæ азты дæргъы æнхъæлмæ кæсы, цæмæй йæ йе скондмæ айсой. Азæй-азмæ сæ фæрасай-басай кодтой Евроцæдисы къухдариуæггæнджытæ æмæ «арс цымы бын куыд базæронд ис», уый ми сыл æрцыдис. Абоны бон дæр нæма сты Евроцæдисы. Туркæгтæм-иу тынг æгад кастис, уыдоны уæлдай-иу æндæр бæстæты сæрибарæй се скондмæ куы айстой, уæд. 2015 азы Эрдоган йæ раныхасы банысан кодта, ома Турк нал цымыдис кæны Евроцæдисы скондмæ бацæуыны хъуыддаг.

«Кæд афтæ хъуыды кæнут æмæ туркæгтæ лæгъстиаг уыдзысты Евроцæдисы скондмæ бацæуыны тыххæй, уæд тынг рæдийут. Мах ныридæгæн дызæрдыг кæнын райдыдтам Европæйы „демократийыл“ æмæ Европæйы бæстæты фылдæр хайæ та нæ экономикæ у бирæ тыхджындæр», — загъта Эрдоган.

Кæд æмæ раздæр туркæгтæн сæ 75% фæндыдис Евро-цæдисы скондмæ бацæуын, уæд ныр афтæ хъуыдыгæнджыты нымæц æрхаудта 20%. Эрдоган æй хорз уыны, Евроцæдис стыр экономикон кризисмæ кæй фæцæуы, тагъд рæстæджыты кæнæ æгасæй ныппырх уыдзæнис, кæнæ та æндæр хуызы уæвынад кæндзæнис. Уымæ гæсгæ туркæгтæн фадат уыдзæн, сæ маст Европæйаг «æнæсæрмæхæссон» бæстæтæй райсынæн.

«Северный поток» рæхджы скусдзæнис, æви нæ, уый бæрæг нæу. Уымæн æмæ санкциты фæстиуæгæн æрдзон газы хæтæлты турбинæтæ ничи цалцæг кæны æмæ ма цалдæр километры бæрц та раивинаг сты хæтæлтæ теракты фæстиуæгæн. Уæрæсейæн йæ бон у æмæ дзы йæхи арæзт турбинæтæ сæвæра, фæлæ уæд компрессорон станцтæ дæр баивинаг уыдзысты. «Газпром»-ы хистæр Миллер куыд бамбарын кодта, афтæмæй сæвзæргæ уавæры ног газы хæтæл саразын асламдæр лæууы Уæрæсейæн. Ӕмæ ма уыимæ иумæ, ног саразын дæр тæссаг у — куы та йæ срæмудзой?

Абоны бон Балтикæйы денджызы маршрут æдас нæу æмæ уымæ гæсгæ Уæрæсейы къухдариуæгад агуры альтернативон маршруттæ. Турк фæстаг азты дæргъы æууæнкджын цæдисоныл нымад цæуы æмæ Путин дæр æнæхъуаджы нæ равзæрста хуссарварс маршрут. Эрдоган, иуæй-иу президенттæй фылдæр хъуыды кæны йæ адæмы цард фæхуыздæр кæныныл, йæ паддзахад тыхджындæр кæныныл архайы æмæ нырыонг йæ сæрмæ никуы бахаста цагъайраджы къæлæт. Уæрæсейаг æрдзон газ та йын йæ авналæнтæ фæуæрæхдæр кæндзæнис — Европæйы бæстæтæ бар-æнæбары лæгъстиаг уыдзысты Эрдоганæн.

Хабы сырæзт ма аскъуыддзаг кæндзæнис ноджы иу проблемон фарста — санкцитæ. Туркмæ бирæ рæттæй цæуынц æрдзон газы хæтæлтæ — Уæрæсейæ, Азербайджанæй, Иранæй, Туркменийæ. Ӕмæ ам æрдзон газæн ахæм ном нал уыдзæнис, уæрæсейаг кæнæ азербайджанаг. Турк æххæст кæндзæнис регуляторы функцитæ — йæхимæ æрдзон газ алы рæттæй исдзæнис, алкæмæн дæр-иу йæ товары аргъ бафиддзæнис æмæ йæ дарддæр та цахæм аргъыл фæнды, ууыл уæй кæндзæнис. Афтæмæй Европæйы бæстæтæ ссæрибар уыдзысты сæхи бакæнгæ «æнæсæр» санкцитæй æмæ сæ бон бауыдзæнис асламдæр аргъæй æрдзон газ æлхæнын.

Специалисттæ куыд банымадтой, афтæмæй проектыл бирæ æхцайы фæрæзтæ нæ бахардз уыдзæнис — æдæппæт 150 милуан евройы бæрц. Уымæн æмæ ныридæгæн цы инфраструктурæ арæзт ис ацы маршрутыл, уый æххæстæй нæ кусы, хæтæлтæ иугæндзон едзаг нæ вæййынц. Уæлдайдæр та «Турецкий поток»-ы газы хæтæл. Кæд æмæ ногæй бахъæуа хæтæлтæ аразыны сæр, уæд хæрдзтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фæфылдæр уыдзысты. Фæлæ уыцы хæрдзтæ уæд сæхимæ райсдзысты, æрдзон газ кæй хъæуы, уыцы бæстæтæ.

Советон Цæдис æмæ уый фæстæ та Уæрæсе алыхатт дæр æууæнкджынæй æххæст кодтой сæ контрактон бадзырдтæ æмæ æрдзон газ дæр, нефть дæр æмæ ма æндæр товартæ дæр æнæкъуылымпыйæ уæй кодтой Европæйæн æмæ æндæр бæстæтæн. Суанг ма кризисон уавæрты рæстæджы дæр сæ масты сæрты никуы ахызтысты æмæ сæ репутаци никуы фесæфтой. Уый тыххæй абоны бон дæр Уæрæсемæ ис уæлдай хуыздæр ахаст Хæстæг Хурыскæсæн æмæ Африкæйы бæстæты ‘рдыгæй. Фæлæ ахæм хорз ахаст нæй Европæйы бæстæтæ æмæ АИШ-мæ. Сæ фæлывд митæй æмæ схъæлныхасæй сæхи афтæ сæгад кодтой, æмæ сæ позицитæ сафын райдыдтой. Бирæ бæстæты къухдариуæггæнджытæ йæ бамбæрстой, æрмæстдæр сæ эксплуатаци кæнынæн кæй хъæуынц АИШ-ы дæр æмæ Европæйы бæстæты дæр, æмæ се ’ргом раздæхтой Уæрæсемæ.

Уымæй уæлдай ма ацы проект стыр ахъаз фæуыдзæнис Туркæн йæ мидæггагон политикæйы дæр — фидæнмæ сæрды дзы ацæудзысты президентон æвзæрстытæ. Эрдоганæн йæ ныхмæлæуджытæ тыхджын сты, бирæ мидæггагон проблемæтæ сæм ис скъуыддзаг кæнинаг æмæ йын сæ йæ цæстмæ дарынц. Стæй ма АИШ дæр активонæй архайы йæ раппарыныл, цæмæй дзы æнцондзырд сæргълæууæг слæууа æмæ сæ йæ дæлбар бакæна Европæйау. Æрдзон газы хабы сырæзтимæ та Эрдоган йæхицæн ном сараздзæнис, скадджын уыдзæнис бынæттон цæрджыты цæсты.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.