Ацы аз сæххæст уыдзæн Плиты Харитоны уынджы №27, 29, 31, 36 хæдзæртты цæрджыты бæллиц. Тынг тыхстысты ацы бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджытæ, сæ кæртытæ рæстмæ арæзт кæй нæ уыдысты уый тыххæй. Къæвда бонты-иу азмæлæнтæ нал уыд хæдзæртты рæзты. Цæрджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй сæ рæзтæ арæзт никуы уыдысты. Сæхи тыхтæй-иу фæндаг барæстытæ кодтой. Æркалдтой-иу дзы хуыр, фæлæ-иу уый бирæ рæстæг нæ ахаста, уайтагъд-иу фехæлдис къæвдаты рæстæджы æмæ фистæгæйцæуджытæ нæ, фæлæ ма-иу машинæтæн дæр зын уыдис ахизæн. Цы уæрмытæ дзы сырæзт, уыдон донæй йедзаг кодтой. Бирæуæладзыгон хæдзæртты ‘хсæн 2008 азы фæстæ сырæзт сывæллæттæн хъазæн фæз, фæлæ уый дæр куыд æмбæлы, афтæ нæ сырæзт.

«Æппынфæстаг махæн дæр кæд нæ уынг рафидауид. Цалдæр азы размæ ивд æрцыдысты зæххыбын коммуникацитæ цы траншейтæ скъахтой, уым хуыр бакалдтой, тагъд, дам, асфальт æрцæудзæн. Уыцы ставд дуртыл цæугæйæ иу адæймаджы къах фæцæйцъæл кодта. Тыхстыс-тæм къæвдабон цъыфæй, хурбон та – рыгæй. Ныр нæ цинæн кæрон нал ис. Ивгъуыд къуырийы нæм ссыдысты горæты администрацийæ, фæндаг рабар-бабар кодтой æмæ бамбæрстам, ацы аз æй аразынмæ кæй хъавынц», – зæгъы уынджы цæрæг.

«Баивдзыстæм зæронд бордюртæ, асфальт æрцæудзæн фæндаг, æхсæвы рухсытæн баивдзыстæм сæ цæджындзтæ, цъæхгæнæнтæ дæр арæзт æрцæудзæн. Ивгъуыд аз администраци техникæ бакодта, систой, бирæуæладзыгон хæдзæртты раз цы мæнгагъуыст æмæ æфсæн гаражтæ уыд, уыдон. 27-æм хæдзары раз ист не ‘рцыдысты, фæлæ мах бафæдзæхстам уыцы цæрджыты дæр, цæмæй афоныл айсой сæ гаражтæ æмæ ма ба-хъыгдарой, кусынмæ цы техникæ ссæуа, уыдоны», – загъта нын горæты администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хайады сæргълæууæг Лалыты Сослан.

Бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ хъаст горæты адми-нистрацимæ цалдæр дæсгай азты фæд-фæдыл хастой, фæлæ сын ныфс дæр никуы ничи бавæрдта. Президентон æвзæрстыты агъоммæ сын зæрдæ бавæрдта Гаглойты Алан. Загъта, зæгъгæ, президент суон æви нæ, уæддæр бацархайдзынæн уæ проблемæ аскъуыддзаг кæныныл.

Горæты администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад ацы аз ноджыдæр схæрзарæзт кæндзæнис Хъайтарты уынджы №9 æмæ 13-æм бирæуæладзыгон хæдзæртты рæзтæ. Ам уал бавналдзысты зæххыбын канализаци æмæ доны хæтæлтæм. Уымæй дарддæр ивд цæудзысты уынджы рухсы цæджындзтæ дæр. Уыцы куыстытæм ныридæгæн бавнæлдтой Харебаты Исахъ æмæ Лужковы уынгты.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.