Нæ республикæйы цæрджытыл æртаджы фæзынаргъ тынг бандæвта, катайы ныппæрста конд автотранспорты хицæутты нæ, фæлæ ма бæлццæтты дæр. Уымæн æмæ æртаджы аргъимæ баст сты æппæт товарты æргътæ. Уæрæсейы ма æртаджы фæзынаргъ расайдта сæрниз аграрон секторæн – быдыртæй хоры культурæтæ æмæ халсартæ бафснайыны рæстæджы ныкъуылымпы сты.

Уавæр хынцгæйæ, Уæрæсейы хицауад райста хъæугæ мадзæлттæ. Фæлæ ацы проблемæ ахсджиаг цас у, уыйбæрц у, бæстæйы разамынадæн оптималон уынаффæ рахæссын дæр зын у. Фыццаг уал кастысты нефты компаниты хицæуттæм, ныфс сæ уыд, зæгъгæ, адон уавæр кризисмæ не ‘руадздзысты. Фæлæ ахæм амалиуæггæнæгæн цæсгом кæд вæййы – æрмæстдæр йæ пайдайыл фæхъуыды кæны. Ӕмæ сæ уæд хицауад бафæдзæхста, ома уавæр куы нæ фæхуыздæр уа, уæд экспортон пошлинæты æргътæ фæфылдæр кæндзысты. Фæлæ нефты компаниты хицæуттæ кæм састысты – ноджы æртхъирæнтæ райдыдтой, ома нæ фæндиæгтыл куы нæ сразы уат, уæд ноджы егъаудæр дефицит сараздзыстæм. Ӕмæ уый та нысан кодтаид коллапс æгас Уæрæсейы территорийыл.

Кæй зæгъын æй хъæуы, хицауад не сразы æдзæсгом амалиуæггæнджыты фæндыл æмæ 21 сентябры уынаффæ рахаста, цæмæй рæстæгмæ фæсарæнтæм мауал уадзой уæй кæнын бензин æмæ дизелы æртаг. Ӕрмæстдæр ма æртаг уæй кæныны бар ис Казахстанмæ , Беларусмæ, Сомихстонмæ, Киргизимæ, Хуссар Ирыстонмæ æмæ Абхазмæ. Ацы къахдзæфæн йæ нысан у, цæмæй Уæрæсейы территорийыл æртаджы дефицит фесæфа æмæ ма уыимæ фæасламдæр уа. Нефты компаниты хицæуттæ ма бæргæ лæууыдысты ныхмæ, фæлæ фæстæдæр фæтарстысты ноджы хицауады карздæр мадзæлттæй. Ацы уынаффæ йæ тыхы уыдзæн, цалынмæ æртаджы æргъты æркæной æмбæлон æмвæзадмæ.

Кæд æмæ Уæрæсе санкциты бын ис æмæ йын нефть уæй кæнын зын у, уæддæр амалиуæггæнджытæ ссардтой «фæндæгтæ» фæсарæнтæм æмæ активонæй райдыдтой базар кæнын. Уый хорзыл дзурæг у – паддзахады къазнамæ фылдæр æфтийæгтæ цæуы. Фæлæ ацы хъуыддаг расайдта проблемæтæ. Ныридæгæн æгас дунейы базарады нефть фæзынаргъ, бензин æмæ, уæлдайдæр та дизелы æртаг, сты дефициты. «Уæззау» нефть кæй хонынц, уым дизелы æртаг ис æппæты фылдæр. Ахæмтыл та нымад сты уæрæсейаг, ирайнаг æмæ венесуэлаг нефть æмæ ацы æртæ бæстæйы дæр сты санкциты бын. Ахæм уавæрты нефтæн æнæфæзынаргъ уæвæн нæй.

Уæрæсе фæсарæнтæм уæй кæны нефть развæлгъау бадзырдтæм гæсгæ. Фæлæ ма уымæй уæлдай амалиуæггæнджытæ сусæгæй-æргомæй ласынц сæ  нефть Европæмæ æмæ Азимæ. Уæрæсейы æртаджы аргъ фæсарæнтимæ абаргæйæ асламдæр у æмæ уымæ гæсгæ амалиуæггæнджытæн пайдадæр у, сæ товар Уæрæсейы æдде уæй кæнын. Афтæмæй бынаты цы бензин æмæ дизелы æртаг хъуамæ ауæй кодтаиккой, уый сусæгæй аластой фæсарæнтæм æмæ æмбæстæгтæ «афтид армæй» аззадысты.

Ныр фæсарæнтæм бензин æмæ дизелы æртаг уæй кæнын кæй нал уадзынц, уый тынг бандавдзæнис нефть компаниты æфтийæгтыл. Фæлæ сæхи аххос у – æгæр зыд ма хъуамæ кæнай. Цæмæй фидæны ахæм проблемæ ма сног уа, уый тыххæй ныридæгæн Уæрæсейы хицауад ноджы цæттæ кæны уынаффæ. Уыцы уынаффæмæ гæсгæ нефты экспортон пошлинæ баст æрцæудзæнис рублы курсмæ æмæ-иу уымæ гæсгæ фидæны рублы курс куы æрлæмæгъ уа, уæддæр æй амалиуæггæнджытæн фæсарæнтæм уæй кæнын пайда нал уыдзæнис.

Ныридæгæн Уæрæсейы регионты кæцыдæр æртагкæнæн станцæты бензин фæасламдæр 10% , дизель та – 3% бæрц. Фæасламдæр кæныны процесс дæргъвæтиндæр вæййы фæзынаргъ кæнынæй. Экономистты хъуыдымæ гæсгæ дыууæ мæйы æмгъуыдмæ æппæт æртагкæнæн станцæты дæр хъуамæ бæрæг фæасламдæр уой бензин æмæ дизель. Хицауад фидарæй бафæдзæхста нефты компаниты хицæуттæн, зæгъгæ, фыццаг уал Уæрæсейы цæрджыты хъуамæ ифтонг кæнат æртагæй, стæй та фæсарæнтæм дæр уæй кæнут.

Хуссар Ирыстоны æртагкæнæн станцæты нырма бензин æмæ дизель нæ фæаслам сты. Фæлæ, æвæццæгæн, рæхджы фæасламдæр уыдзысты æмæ цæрджытæн фенцондæр уыдзæнис. Ныры дуджы адæмы комфортон цард автотранспортимæ æнгом баст у æмæ æртаджы фæзынаргъ уайтагъд æндавы цæрджыты æфтийæгтыл. Стæй ма бирæтæ бензин кæнæ дизелы фæзынаргъ уайтагъд сæ лæггæдты æргътыл схæцын. Зæгъæм, таксистты хæдталгæтæн сæ фылдæр хай кусынц æрдзон газæй, фæлæ сæ лæггæдты фæзынаргъ та бабастой бензины фæзынаргъимæ. Афтæ ма кæнынц бирæ æндæр амалиуæггæнджытæ дæр.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.