Цхинвалы Гуыбаты æфсымæрты уынгыл цытджын æгъдауæй байгом криминалон милицийы административон бæстыхай. Мадзалмæ фæуазæг ис бæстæйы Президент Бибылты Анатоли, хайад ма дзы райстой Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад Пухаты Мерабы сæргълæудæй æмæ криминалон милицийы рæнхъон сконд. Цытджын церемонимæ ма хуынд æрцыдысты дзыллон-информацийы фæрæзтæ дæр.

Пухаты Мераб йæ раныхасы банысан кодта, милицийы куысты эффективондзинад баст кæй у дæлхæйтты ‘хсæн æнгом æмгуыстгæнынадимæ, хорз материалон-техникон ифтонгадимæ æмæ ма рæнхъон скондæн аккаг куысты уавæртæ саразынимæ.

«Абоны бон куыд уынæм, афтæмæй бирæ ногдзинæдтæ хаст цæуы нæ цардмæ дæр æмæ нæ куыстмæ дæр. Уыдоны хсæн сты ахæмтæ, куыд  нырыккон бастдзинады фæрæзтæ, телекоммуникацион технологитæ, интеллектуалон комплексон системæтæ æмæ афтæ дарддæр. Уымæй дарддæр ма нæ паддзахады къухдариуæгады активон архайды фæрцы фылдæр кæнынц кусджыты куыстмыздтæ, ногдæр æмæ фылдæр кæнынц ведомствойы автопаркы машинæтæ. Рагæй фæстæмæ криминалон милицийы кусджытæ æвзæрстой зындзинæдтæ, кæй нæ сын уыд бæстыхай, кæцы сын дзуапп дæттаид сæ домæнтæн, уый фæдыл Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад фæндон рахастой, цæмæй капиталонæй цалцæг æрцæуа ацы бæстыхай. Ныридæгæн ардæм конд æрцыдысты криминалон милицийæ дыууæ управленийы – Экономикон фыдракæндтæ ма æруадзыны æмæ Наркотикты æрзылдыл контроль кæныны. Ацы хъуыддагмæ уæлдай фылдæр хайбавæрд бахастой мæ хæдивæг Марданты Спартак йæ дæлбар кусджытимæ æмæ сын стыр бузныг зæгъын ахæм проблемон фарст цыбыр рæстæгмæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй», – загъта ведомствойы сæргълæууæг.

Бибылты Анатоли йæ раныхасы æрдзырдта фыдракæндтимæ тохы ахсджиагдзинадыл æмæ бузныджы ныхæстæ загъта криминалон милицийы кусджытæн сæ аккаг службæйы тыххæй.

«Нæ республикæйы къухдариуæгадæн фыццаградон хæсыл нымад у не мбæстæгты бахъахъхъæнын æмæ нæ территорийыл æмбæлон фæтк æрæвæрын. Алы адæймаджы дæр хъуамæ фидарæй уырна, æдасдзинад кæй ис не хсæнады. Æмæ алы æмбæстаг дæр хъуамæ пайда кæна йæ бартæй, кæцытæ фыст сты Конституцийы. Уымæ гæсгæ сымах æдзух хъуамæ архайат, цæмæй уыл адæм æууæндой, ма сын уа взæр ахаст уе ‘рдæм, уымæн æмæ йæ, фæстаг рæстæджыты цаутæ куыд равдыстой, афтæмæй фæцудыдта уыцы æууæнкдзинад. Æнæмæнг хъæуы мидæгæй, ведомствойы, проблемон фарстатæ æвæстиатæй аскъуддзаг кæнын, кæннод уын фæзын уыдзæнис уæ разы лæууæг хæстæ æмбæлон æмвæзадыл æххæст кæнын», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Бæстæйы Президент ма ской кодта «Æдас горæт»-ы комплексы тыххæй дæр æмæ банысан кодта, зæгъгæ ацы системæ стыр ахъаз фæуыдзæн фыдракæндтæ фæкъаддæр кæнынæн æмæ, иумæйагæй сисгæйæ та, фæэффективондæр кæндзæн милицийы куыст.

«Ацы ног арæзтад дæр комкоммæ баст у милицийы кусджыты куысты уавæртæ фæхуыздæр кæнынимæ. Уавæртæ куы хуыздæр кæной, материалон-техникон ифтонгад фаг куы уа, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, Мидхъуыддæгты министрадæн дæр йæ архайд фæстиуæгджын уыдзæнис, фылдæр фадæттæ сын уыдзæнис не мбæстæгты фыдбылызтæй бахизынæн», – загъта бæстæйы сæргълæуууæг.

Кæронбæттæны бæстæйы Президент æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта æрцæугæ Ног азы тыххæй æмæ сын йæ цæст бауарзта фидар æнæниздзинад æмæ профессионалон æнтыстытæ.

Сæ раныхæсты фæстæ ногарæзт бæстыхаймæ бахизæны сырх лентæ цытджын æгъдауæй алыг кодтой Бибылты Анатоли, Пухаты Мераб æмæ криминалон милицийы хистæр Тыджыты Геннадий.

Ацы административон бæстыхайы арæзтад райдыдта 2010 азы, фæлæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ бирæ азты дæргъы æрдæг арæзтæй баззадис. Кусджытæн кусæн хатæнтæ кæй нæ фаг кодта æмæ уый фæстиуæгæн кæй тыхстысты, уый фæдыл ацы азы райдианы хаст æрцыд фæндон йе сцалцæг кæныны тыххæй. Капиталон цалцæггæнæн куыстытæ конд æрцыдысты Мидхъуыддæгты министрады фæрæзтæй. Самал ма йын кодтой æнæмæнгхъæуæг фæлындæнтæ æмæ оргтехникæ æмæ ныридæгæн кусджытæн ис комфортон уавæртæ кусынæн.

Джиоты Алыксандр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.