Кæддæр Мæргъиты хотæ зарыдысты ахæм зарæг: «Рæсугъдты кинотæм хонут, рæсугъдтæн дидинтæ тонут… Рæсугъдтæ – уæ цин, уæ мæт, – фыдуындтæ цы фæуой уæд?..». Мæ зæрдыл та цæмæн æрбалæууыд, уый рагон риссаг у, фыццаг хатт мын нæ фæцагайдта мæ зæрдæ. «Та» уымæн зæгъын æмæ ныр 20 азæй фылдæр рæстæг мæ зæрдыл æбалæууы æрвыл ног аз дæр, бæлвырддæр зæгъгæйæ, ног азы фыццаг бон изæрырдæм куыд тынгдæр акъул вæййы, афтæ хæлын райдайы ногазон зæрдæйы равг дæр, æмæ та зæрдыл æрлæууынц Мæргъиты хоты зарæджы æнкъард уайдзæфтæ, уымæн æмæ уыцы бон вæййы Хуссар Ирыстоны фыццаг ахуыргæнæг, æнусон талынгмæ фыццаг рухс бауадзæг «Хурзæрин»-ы райгуырæн бон, фæлæ йæ ничи ницæмæ æрдары.

Афтæ зæгъæм, нæхицæн ахæм ныфс авæрæм, цæй, ницы йын у, æрвылаз ын юбилейон гуырæнбон нæ вæййы, зæгъгæ – æмæ раст нæ уыдзыстæм, зæрдæхудты йедтæмæ ныл дзы ницы бафтдзæн. Уымæн æмæ иннæтæн дæр æрвылаз юбилейон гуырæнбонтæ нæ вæййы, фæлæ сæ æрвылаз дæр арфæты, зынаргъ, лæвæртты бын фæкæнынц. Мидхъуыддæгты сæрмагонд нысаниуæджы къорды сырæзты бонæй райдайгæйæ алы тыхон структурæ, алы министрад, алы организацийы сырæзты бон дæр редакцитæм фæдисы дзæнгæрджытæ ныццæгъдынц, тагъдæр рацæут, мæнæ та бæрæгбон кæнæм, зæгъгæ… Фæрнæй бæрæгбонтæ кæнæнт иууылдæр, иууылдæр нæхи сты, искæй цинтыл нæ цин кæнæм, фæлæ… Мидхъуыддæгты сæрмагонд нысаниуæджы къорд цы бон фæзынд, уыцы бон арфæйаг уæд æнустæм – стыр ахъаз фæцис хæстарыд, криминалы тугамæхст зæххыл барвæтк æрывæрынæн, æмæ йын аргъ кæнын, кад кæнын хъæуы. Афтæ иннæтæ дæр – алчи дæр дзы йæхи бынаты ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг у, фæлæ, «Хурзæрин» уыцы хæрзты номхыгъдмæ цæмæннæ хауы æмæ кæд бахаудзæн, исчи ма мын æй бамбарын кæнæд. Бæрæгбонтæ, гуырæнбонтæ хуыздæртæн нысан кæнынц, уый афтæ уыд алы хатт дæр æмæ алы ран дæр, фæлæ нæм хуыздæртæ цы барæнмæ гæсгæ баргæ сты, уымæн дзуапп кæд ссардзыстæм?..

Цы йæ æмбæхсæм, Ирыстоны хуссар хай революцийы агъонмæ рухсады хъуыддаджы бынтон дзыхъы лæуд кæй уыд, цы дзы уыд, уый та дыууынæм азы геноцид фесæфта. Ног цардарæзты фыццаг азты дæр нæм цы уыд – нæ зонадон æнтыстытæй нæ аивады артдзæстытæй куынæ раппæлдзыстæм, мыййаг. Кæд исчитæ чиныджы зыдтой, уымæй дарддæр нæм цæй рухсадон размæцыд уыд, басæттæм ыл… Æмæ растæндæр уыцы тармылазон дуджы Ирыстоны хуссар хаймæ хур ныккаст йæ рухс цæстæй – фæзынд нын нæхи, нæ мадæлон æвзагыл рухс фенæг, рухсхæссæг æмæ рухстауæг газет «Хурзæрин». Мах, абоны фæлтæр æй нæ хъуыды кæны, фæлæ уæды фæлтæры мысинæгтæм гæсгæ уый уыд, уæды онг кæй нæ фендæуыд æмæ банкъардæуыд, ахæм æнахуыр цины бæрæгбон. Ахъуыды ма кæнæм: хæстарыд Хуссар Ирыстонæн йæ цæфтæ нæма байгас сты, йæ сыгъдæтты удмарæг тæф нæма ацыд, геноциды азарæй ма дзы цы аирвæзт, уый та, гал марæггаг, дам – хъуг, – гуырдзыйы хъуыры нытъыстой…

Уый дын рухсдзинад, царды ныфс æмæ хæрæджы дымæг!

Цы нæм уыд – ницы… Нæ дæр – театр, ансамбль, радио, телеуынынад, нæ дæр – зонадон институт, нæ дæр – уæлдæр ахуыргæнæндон… Ницы бынтондæр – гуыдты хъæу… Æмæ дын уый Хуыцауы лæвар – мадæлон æвзагыл хур фенæг паддзахадон газет, национ удварны хæзна! Æмæ йыл куыднæ хъуамæ цин кодтаиккой цардæфхæрд, талыджы сфæлмæцæг, рухсмæ бæллæг адæм! Æгæр-мæгуыр нæм, адæммæ йæ чи хæццæ кодтаид, адæмыл æй чи парахат кодтаид, ахæм организаци дæр нæ уыд, фæлæ уæд уый сæр хъæугæ дæр ницæмæн кодта – адæм, фæсивæд æй сæхæдæг парахат кодтой зæрдиагæй. Уыцы «постхæсджытæй» сæ иу, «Цхинвалы рагон цæрæджы» ном рагæй кæуыл сбадт, уыцы фæрнджын лæг Джиоты Гаврушимæ хорз зонгæ уыдтæн. Уыцы зæрдиагæй-иу мын дзырдта, газеты ног номыртæ-иу хæлæфæй æмæ разæнгардæй куыд скъæфтой фæйнæрдæм, чи горæты цæрджытæм, чи – хъæутæм. Иу хатт æй чъызгæйæ бафарстон, зæгъын, фидгæ уын бынтондæр ницы кодтой? Æмæ, дам… иуæй-иу хатт, дам-иу нын сæкæры къæрттытæ авæрдтой…

Къамбецы хабар дæр фыццаг хатт Джиоты Гаврушæй фехъуыстон. Цæвиттон, дзауыкоймаг лæг йæ къамбец базармæ уæймæ æрыскъæрдта. Æвæццæгæн æй æлхæнджытæ бынтон нæ «уынгæджы кодтой», æмæ лæг сфæлмæцыд иу ран лæууынæй. Иу рæстæджы иннæ баззаргæнджыты уæййæгтыл йæ цæст хæсгæ æгæр адард йæ къамбецы цурæй. Фæстæмæ куы рбаздæхт, уæд кæсы æмæ къамбец уым нали, чидæр æй адавта. Лæг агургæ-агурын бахæццæ, газет кæм мыхуыр кодтой, уыцы агъуыстмæ. Мидæгæй йæм тæрхджыты гыбар-гыбур куы райхъуыст, уæд, ахæм уынæр фыццаг хатт чи фехъуыста, уыцы мæгуыр лæг цы хъуамæ ахъуыды кодтаид æндæр – афтæ фенхъæлдта, йæ къамбец уым конд ис æмæ йæхи æддæмæ тоны… Æмæ йæ лæдзæг тилгæ, хъæрæй æлгъитгæ балæбурдта газет уадзджытæм…

Ахæм уавæрты райгуырд, гъе, нæ хурты хурзæрин, æмæ йæм æндæргъуызон цæстæй кæсын хъæуы. Боныфæстагмæ йæ карæй йын уæддæр хъæуы æфсæрмы кæнын. Зæрæдты загъдау, 98 аздзыд нæм дур дæр нæй, тагъд йæ 100 азы сæрты акæсдзæн æмæ дзы хистæры аргъуц уæддæр хъæуы. Ноджыдæр æй зæгъæм, уæлахиз уæд нæ тыхон структурæтæ, уыдоны фæрцы цæрæм æдас æмæ æдыхстæй, уыдонæй стæм бузныг, раздæры азтимæ абаргæйæ нæм хуыздæр фæтк æмæ æнцойдзинад кæй ис, уымæй, фæлæ «Хурзæрин» та Ирыстоны хуссар хайæн йæ фыццаг авдæн у, уый у нæ интеллигенцийы фыццаг ахуыргæнæг. Æмæ кæд, куыд ахсджиагдæры, куыд хуыздæры барæнтæй барæм, уæд нæ фыццаг рæвдауинаг «Хурзæрин» у. Æмæ йæ кæй аххос фæкæнæм, æнæрæвдыдæй кæй баззайы, уый? Нæ уазалзæрдæйы, нæ национ удварнмæ нын уæлæнгай ахаст кæй ис, уый аххос. Растдæр уыдзæн, ахæм фарстатæ кæмæ хауынц, азым уыдоны цæстмæ бадарын. Бирæ чидæртæ мызд æрмæстдæр уый тыххæй исынц, цæмæй сæ хъус дарой ахæм хъуыддæгтæм, æмæ-иу сæ, кæмæ хауынц, уыдоны зæрдыл æрлæууын кæной. Æмæ сæ кæд «хуыздæртæ» нæ ферох вæййынц, уæд сæ алы хатт алы хатт «Хурзæрин» цæмæн ферох вæййы? Кæд нын алчи æмæ алцы дæр цыты бынаты æвæринаг у, уæд нæ иунæг ирон газетмæ кæвдæсарды цæстæй цæмæн хъуамæ кæсæм? Фыдæлтæй нын æмбисондæн куы баззад, хъулон митæ дуры цъуппыл дæр нæ фидауынц, зæгъгæ.

Цæй, цы кæнæм – цы бон нæ ис, кæмæн скæуæм?.. Æниу, иу куадзæны бон уæлмæрды æйчытæ кæй сывæллонæн нæ радтой, уыцы мæгуыр усы загъдау, зæрдæйæн хъыг у, уый йедтæмæ… «Хурзæрин» рухсмæ уый тыххæй нæ фæзынд, цæмæй бибитæм æнхъæлмæ кæса. А-дунемæ цæй тыххæй фæзынд, уыцы нысан æндæр уыд æмæ йын баззад æнæфæивгæйæ: Ирыстон æмæ ирон адæмы развæндаг рухс кæнын, мадæлон æвзаджы хæрзæбонæн цырагъау судзын. Æмæ кæд, ахæм уазал ахаст æм кæй ис, стæй, кæй сихсыдыстæм, уый ахоссагæн кæддæрты хуызæн сирæгтæй нал у, уæддæр нырма у йæ ныхас зæгъынхъом, нырма, куыд фæзæгъынц, йæ разæй никæй ауаддзæн!

Тæргæйттæ дæр цы кæнæм, стæй – кæмæн?

Уæлахиз у, нæ уарзон «Хурзæрин»! Сыгъзæрин фестæд, ды рухсмæ цы бон  фæзындтæ, уыцы бон! Гъе, уый дын нæ хуыздæр арфæ.

Æмæ уымæй фылдæр домгæ дæр куы ницы кæнæм…

ГÆБÆРАТЫ Юри

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.