Хæсты агъоммæ Цхинвалы районы Дменисы хъæуы астæу цы Культурæйы хæдзар уыд, уымæ хæстæг уыд милицийы хайад дæр.

2008 азы августы хæсты хæдразмæ уым гуырдзиаг экстремистты аххосæй æрцыд теракт. Срæмыгъды фæстиуæгæн  милицийы хайад фехæлд, æрцыд дзы удзиæнттæ. Æдзæллаг уагмæ æрцыд, хайадмæ хæстæг цы  клуб уыд, уый дæр.

Хæсты фæстæ горæт æмæ районты æндидзæн куыстытæ куы райдыдтой, уæд дменисæгтæ дæр бахатыдысты республикæйы къухдариуæгадмæ, цæмæй сын саразой ног Культурæйы хæдзар. Уымæн æмæ аварион клубы æндæр æмæ æндæр хæдархайгæ аивадон къордты архайæг сывæллæттæн тæссаг уыд. Ам цы къордтæ архайдтой – националон кафт æмæ æндæр сфæлдыстадон къордтæ, уыдон та республикæйы æмæ районы алыгъуызон мадзæлтты зæрдиагæй фæархайынц æмæ сын вæййы æнтыстытæ.

Хæсты фæстæ Дменисы хъæуы административон бæстыхай аразынмæ бавнæлдта Цхинвалы районы администраци. Ам клубæй дарддæр хъуамæ уыдаид администраци, библиотекæ, милицийы фадыгон инспектортæн хатæнтæ, фæлæ та-иу фæрæзтæ кæй нæ уыд, уый аххосæй арæзтад æргъæвд цыд азæй-азмæ. Ныр арæзт фæцис. Фыццаг уæладзыг сцæттæ æмткæй, уырдæм æрæ-джы балыгъдысты хъæуы администрацийы кусджытæ æмæ фадыгон милиционертæ. Дыккаг уæладзыджы уыдзæн клуб, цыран архайдзысты хæдархайгæ аивадон къордтæ. Уыдзæн ма дзы хъæууон библиотекæ дæр. Фидæн азы та хæрзарæзт æрцæудзæнис йæ кæрт.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.