Фæстаг азты уæлдай хъусдард здæхт цæуы, 2008 азы августы мæйы гуырдзиаг-ирон хæсты азарæй цы хæдзæрттæ бахъыгдард сты, уыдон аразын æмæ æндидзын кæнынмæ. Æмæ канд уыдоныл нæ, фæлæ ма кæлæддзаг хæдзæртты бынаты ногтæ саразыныл дæр. Президентæй Бибылты Анатоли æвзæрст куы æрцыд, уæд фидар ныхас радта, цас йæ бон суа, уый бæрц кæй бацархайдзæнис хъыгдард хæдзæртты хъысмæт аскъуыддзаг кæныныл. Æмæ йын æнтысгæ дæр кæны. Арæзт æрцыд 50 хæдзарæй фылдæр. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй уыцы куыст адарддæр кæндзысты ног азы  дæр.

Плиты Ароны уынджы цæрæг, ног хæдзары хицау, афтæ зæгъы: «Ацы хæдзары æрбынæттон дæн афæдзы размæ. Бирæ рæстæг цардтæн мæ бинонтимæ кæлæддзаг хæдзары. Ныр Бибылты Анатолийы руаджы нæ уавæр  хуыздæрæрдæм аивта. Нæ къуындæг æмæ хæлд хæдзары бæсты ногарæзт райдзаст хæдзары æрцардыстæм. Цъус аразинæгтæ ма дзы баззад, фæлæ уыдон та нæхæдæг аразæм цадæггай».

Дзаттиаты Александры уынджы цы хæдзар сырæзт, уый хицау Тедеты Вася дæр куыд загъта, афтæмæй йын йæ хæдзар сарæзтой Президенты æххуысæй. Тедеты бинонтæ ам æрцардысты февралы райдианы. Хæдзары хистæр ма куыд зæгъы, афтæмæй арæзтад кæронмæ нæма фæци, фæлæ арæзтадон фирмæйы хистæрæй бар райсгæйæ, уæддæр балыгъдысты хæдзармæ цæрынмæ. Арæзтадон фирмæйы сæргълæууæг разынд цæсгомджын, цадæггай арæзта, хæдзары ма аразинæгтæй цы баззад, уыдон.

Хисæрмагонд хæдзæрттæ рæзы республикæйы районты дæр. Цхинвалы районы Сатихъары хъæуы ахæм хæдзæрттæ арæзт цæуы фондз. Арæзтадон фирмæйы сæргълæууæг у Коцты Нугзар. Уымæ хорз фæлтæрддзинад ис хæдзæрттæ аразыны хъуыддаджы. Йæ фирмæ «Гъаристау» цалдæр азы кæны ахæм куыстытæ æмæ дзы æрвылхатт дæр райгонд вæййынц цæрджытæ.

«Президенты финансон æххуысы руаджы цы хæдзæрттæ рæзынц, уыдонæй ныридæгæн агъуысты бын кæй фæкодтам, уыдоны ныртæккæ цæуы мидæггагон куыстытæ. Æмбæрзт дзы чи нæма сты, уыдоны дæр сагъуынддзыстæм æмæ стæй та мидæггагон куыстытæ бакæндзыстæм. Архайæм, цæмæй сын сæ хицæуттæм тагъд дæгъæлтæ радтæм. Уый фæстæ хæрзаудæн фонд «Аланийы иудзинад»-ы руаджы æрæвналдзыстæм, номхыгъды нын чи ис, уыдонæн дæр хæдзæрттæ аразынмæ», – зæгъы Коцты Нугзар.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй хæдзæртты хицæуттæ иууылдæр сты райгонд. Уыдонæй алчи дæр тырны, цæмæй лæууой нæ фарсмæ. Быцæу ныхас никуы рауайы се ‘хсæн. Объектыл кусгæйæ сæм исты фарстатæ куы  фæзыны, уæд дæр аскъуыддзаг вæййы хæдзары хицауы пайдайæн.

Хæдзæрттæ кæмæн аразынц, уыдонæй алкæйы дæр фæнды, цæмæй Бибылты Анатолийæн зæгъа иууыл хуыздæр арфæтæ Ног азы æрбалæудмæ.

Уазæгты Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.