Президент Гаглойты Алан йæхимæ райста Уæрæсейы Федерацийы Экономикон рæзты министры хæдивæг Дмитри Вольвачы. Уый Хуссар Ирыстонмæ æрцыд кусæгон балцы.

Дмитри Вольвач куыд банысан кодта, афтæмæй, сæрды, йæ фæстаг балцы рæстæджы, уагъд æрцыд стыр практикон куыст, кæцы уыд фæстиуæгджын.

«Сæрды цы фарстатыл æрдзырдтам, уыдон скъуыддзаг цæуынц. Уый у æхсызгон хъуыддаг. Ацы аз фæуд кæнынц 18 объекты, ног объектты фæдыл та сараздзыстæм проекттæ æмæ проектон-сметон документаци», – загъта уый.

Дмитри Вольвач радзырдта, инспекцион балцы кæй уыд Дзауы районы Мзиугомы сывæллæтты улæфæн лагеры. Уый арæзт цæуы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты.

«Арæзтадон хай хорз темптæй цæуы. Уагъд цæуынц зæххы бын æмæ хæрзарæзтады фæдыл куыстытæ. Сæрдынц корпусы къултæ. Ныртæккæ æнæмæнгхъæуæг у йæ пайда кæныны концепцийыл ахъуыды кæнын. Ацы объект хорз ахъаз  фæуыдзæн республикæйы цæрджытæн, сы-вæллæттæн æмæ туристтæн дæр», – загъта уый.

Дмитри Вольвач ма банысан кодта, зæгъгæ, базальтон заводы баконд у нысаниуæгджын цау.

Уымæй уæлдай ма Дмитри Вольвач загъта, зæгъгæ, баххуыс кæндзысты хæлцадон сæудæджерады проектæн. Уый хорз цæвиттон уыдзæн фидæны инвесторты æрбаздахынæн.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, ифтонгад æрласынимæ зындзинæдтæ æмæ Цхинвалы хиды арæзтады æмгъуыдтæ фæстиат кæнынмæ нæ кæсгæйæ «техникæ ныридæгæн ис бынаты æмæ кусы».

Дмитри Вольвач банысан кодта, зæгъгæ, уæлдай хъусдард здæхт цæуы Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн арæны уадзæн пункт «Дæллаг Зæрæмæг»-ы реконструкцийы фарстыл. Уый фадат ратдзæн постыл фылдæр адæм уадзынæн.

Уый ма æхсызгонæй загъта, таможнæйон администрацийы гармонизацийы фарст скъуыддзаг кæй цæуы. Уымæн йæ фыццаг къахдзæф уыд Евразиаг экономикон цæдисы таможнæйон тарифы ставкæтæм рахизын.

«Ныртæккæ уагъд цæуы уæрæсейаг стандарттæм гæсгæ таможнæйон органтæ сифтонг кæныны тыххæй техникон фæрæзты балхæныны процесс, кæцы фæхуымæтæгдæр кæндзæн таможнæйы документтæ аразын, афтæ ма республикæйæн æрхæсдзæн уæлæмхас фæрæзтæ», – банысан кодта уый.

Президентимæ ныхас кæнгæйæ, Дмитри Вольвач банысан кодта, хуссарирыстойнаг коллегæтæ сæ разылæууæг фарстатæ бæрзонд темптæй кæй скъуыддзаг кæнынц. Уый хорзæрдæм æндавы уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æмархайдыл.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, экономикæйы рæзты æнтысты бындур сты сæрмагонд инвестицитæ.

«Æхсызгон у уый дæр æмæ  Хуссар Ирыстоны тыххæй  куыд бренд, афтæ кæй хъусынц инвестортæ. Уый хъуамæ æркæна республикæмæ ног сæрмагонд капиталты æрбацыдмæ», – загъта Дмитри Вольвач.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ «инвестицион циклыл ногæй бакусын» ахсджиаг у.

«Ныфс мæ ис, цы инфраструктурæйы объекттæ арæзт æрцыд æмæ цæттæ сты эксплуатацимæ, уыдон, æппынфæстагмæ кæй  скусдзысты, сæрды цы фæткъуыйы дыргъдæттæ федтам, уыдон дидин кæй  калдзысты», – загъта Дмитри Вольвач.

Уый бузныг загъта хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæгæн иумæйаг хъуыддагмæ алыварсон æмархайды тыххæй.

Гаглойты Алан уазæгæн, æгас цу зæгъгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны цæрджытæ Дмитри Вольвачмæ уазæджы ахаст нæ дарынц, фæлæ куыд республикæйы æмбæстаг, афтæ йæ нымайынц.

«Уæлдай æхсызгон мын у банысан кæнын, нæ разы цы проблемæтæ лæууынц, уыдоны скъуыддзаг кæнынмæ дæ ахаст. Ды стыр хайбавæрд хæссыс РХИ-йы цæрджыты фæрныгад фæбæрзонддæр кæныны хъуыддагмæ, афтæ ма уый размæ банысангонд проекттæ размæ кæнынмæ», – загъта Президент.

Уый ма загъта, зæгъгæ, кæддæр стыр ныфсытæ кæмæй æвæрдтой æмæ уый фæстæ рохуаты кæй ныууагътой, уыцы проекттæ сног кæныныл ныртæккæ кусынц æмбæлон ведомствотæ.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, ис æнтыстытæ, фæлæ уыимæ иумæ ис проблемæтæ дæр, æмæ сæ хъæуы иумæйагæй скъуыддзаг кæнын. Абоны бон Уæрæсейы территорийыл мах сæмбæлдыстæм æртаг-сæрдæн æрмæджыты дефицитыл, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æргъты фæфылдæрыл. Уый негативон æгъдауæй æндавы канд Инвестпрограммæйы реализацийыл нæ, фæлæ æмбæстæгты цардыл дæр», – банысан кодта Президент.

Йæ рады, Дмитри Вольвач загъта, зæгъгæ, уый зоны проблемæйы тыххæй æмæ йæ коллегæтимæ агурдзæн йе скъуыддзаг кæныны фæндæгтæ.

Фембæлды кæрон Гаглойты Алан Дмитри Вольвачы схорзæхджын кодта Хæлардзинады орденæй Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн хæларадон ахастытæ рæзын æмæ фидар кæнынмæ сæрмагонд хайбавæрды тыххæй.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.