Ленингоры районы æввахс рæстæджыты эксплутацимæ лæвæрд æрцæудзæн сывæллæтты сæрдыгон улæфæн лагерь. Районы администрацийы сæргълæууæг Хацырты Филипп куыд зæгъы, афтæмæй куыстытæ сты фæуынхъус.

«Куыстыты сæйраг хай æххæст у, лагерь сывæллæтты райсынмæ цæттæ уыдзæн дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ. Ам арæзт æрцæудзысты  æппæт уавæртæ дæр ахуырдзауты улæфт сифтонг кæныны сæраппонд», – загъта уый. Йæ ныхæстæм гæсгæ, лагерь иу ист ракæндзæн 60 сабийы. Æдæппæтæй,  райстæуыдзæн æртæ фæлтæры улæфджытæ.

Бæстыхайы æппæт цалцæггæнæн куыстытæ æххæст цæуынц районы администрацийы хъарутæй. Лагерь æрбынат кодта Дзимыргомы, Ленингоры поселокæн цæгатæрдыгæй. Фыццаг рады дзы сæ фæллад суадзыны фадат уыдзæн Ленингоры районы цæрæг сабитæн. Уыдонæн бацæттæ кæндзысты хъæздыг хиирхæфсæн æмæ ахуырадон программæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.