Ирон композитор, педагог, æххæстгæнæг Хосроты Тотырбег Соломаны фырт райгуырд 1926 азы 27 июны Цæгат Ирыстоны Дур-Дуры хъæуы. Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд Тотырбег 16-аздзыдæй бархийæ араст фронтмæ æмæ йе ‘фсæддон фæндаг фæци Прагæйы. Стыр Фыдыбæс-тæйон хæсты йæ удуæлдай тохты тыххæй хорзæхджын æрцыд бирæ ордентæ æмæ майдантæй. Æфсадæй æрыздæхгæйæ, 1948 азы сси Цæгат Ирыстоны радиокомитеты вокалон ансамблы зарæггæнæг. Музыкæмæ йæ уарзондзинад æгæрон уыд æмæ ахуыр кæнын райдыдта Дзæуджыхъæуы му-зыкалон ахуыргæнæндоны. Уый фæстæ куыста Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы. Куыста æндæр æмæ æндæр бынæтты дæр. Уый фæстæ та ахуыр кодта Ереваны Комитасы номыл паддзахадон консерваторийы композицийы къласы. Йæ ахуыргæнджытæ уыдысты профессортæ Г. Егизарян æмæ Э. Багдасарян.

Тотырбег æгæрон уарзтæй уарзта йæ уарзон Ирыстон æмæ йæ иубæстон адæмы æмæ уымæ гæсгæ йæ уацмысты фылдæр хай сты райгуырæн бæстæйы цытæн.  Райдианы кæй сфæлдыста, уыцы егъаудæр уац-мыстæй сæ иу у, Цæголты Г. æмæ Гулуты А. æмдзæвгæтыл фыст  кантатæ «Райгуырæн зæххы зарæггæнæг». Ацы уацмысы композитор зары Ирыстоны адæмон поэт Хетæгкаты Къос-тайыл. Уацмыс фыст æрцыд, Хосройы фырт цалынмæ консерваторийы нæ ахуыр кодта, уæдмæ, фæлæ æххæст у музыкæйы алыхуызон хъæздыг ахорæнтæй æмæ аккаг бынат æрцахста композиторы сфæлдыстады. Ирыстоны йæ курдиат æмæ сфæлдыстадæй йæ ном дардыл кæмæн айхъуыст, уый та уыд æндæр зынгæ адæймаг – Тугъанты Махарбег. Ууыл композитор сфæлдыста йæ оркестрон уацмыстæй иу æмæ хуыйны «Симфонион эскизтæ Тугъанты Махарбеджы нывтæм гæсгæ». Сюитæйы сты сæ характертæм гæсгæ алыхуызон цыбыр, фæлæ ирд фæлгæндзтæ. Фыццаг эскиз хуыйны «Ирон куывды сырæзт». Дыккаг хайы æлдариуæг кæнынц рухс æмæ сæрдыгон райсомы сабырдзинад. Æртыккаг хай у «Зæй Арашендайы» æмæ дыууæ финалон хæйттæ та сты «Цоппай» æмæ «Нарты куывд». Кæд «Цоппай»-ы кафты фæлгонц у уæззау æмæ тызмæг, уæд «Куывд»-ы та рагон симд зæлы бæрæгбонау.

Композиторæй нæ ферох сты, хæсты цы зындзинæдтæ бавзæрста, уыдон дæр æмæ йæ мысинæгтæ æмæ хъуыдытæ хæсты тыххæй æвдыст æрцыдысты йæ уацмысты. Уыдон та сты «Реквием», симфонион поэмæ «Ирыстон», балладæ «Ныхас уæлахизыл», Ходы К. ны-хæстыл фыст зарæг «Тохы фæндæгтыл» æмæ æндæртæ.

Раст аргъ скодта Хосроты Тотырбеджы сфæлдыстадæн музыкæиртасæг æмæ дирижер П. Ф. Панасян, зæгъгæ, Хосройы фыртæн сфæлдыстады ис йæхи темæ. Уыдон та йын сты дыууæ – Ирыстоны темæ æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Ирыстоны темæ, куыд Райгуырæн бæстæйы темæ, у тынг алыхуызон æмæ бирæпланон. Композитор гом кæны арф, цæстæнгас йæ истори æмæ культурæмæ, традицитæ æмæ æгъдæуттæм, ивгъуыд æмæ абонмæ. Фольклор иттæг хорз зонын æмæ дзы уæрæхæй пайда кæнын  Хосройы фыртæн дæтты музыкæйы ирд колорит æмæ хъæздыгад.

Нæй хуыздæр зæгъæн.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.