Ацы аз, 27-æм февралы 93 азы сæххæст уыдаид Ирыстоны адæмон фыссæг, нæ публицист æмæ тæлмацгæнæг, литературæ иртасæг ирон адæмы сæрхъызой æмæ уарзон хъæбул, стыр ахуыргонд æмæ уынаффæйы лæг Джусойты Нафийы райгуырдыл. Фæлæ уый ивгъуыд аз дæргъвæтин рынчыны фæстæ ахицæн йæ цардæй æмæ ма абон махæн æрмæстдæр нæ бон у уымæн йæ рухс ном æрымысын.

Джусойты Нафийы гуырæн боны цытæн Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты ауагътой презентаци йе сфæлдыстадон бынтæй уал цы дæс томы рацыд рухсмæ, уыдонæн.

Презентацимæ æрбацыдысты æмæ дзы хайад райстой нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли, РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, РХИ-йы раздæры Президент Тыбылты Леонид, Джусойты Нафийы хо Клавдия, афтæ ма нæ республикæйы министрадты æмæ ведомствоты сæргълæуджытæ, зонадон интеллигенцийы æмæ æхсæнады  минæвæрттæ, нæ республикæйы районты минæвæрттæ æмæ студенттæ.

Мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт. Уый фыццаджыдæр, банысан кодта Нафи йе стыр курдиат æмæ фæллойы фæрцы кады аккаг кæй у æмæ  æрæмбырдуæвджытæм бахатыд, цæмæй иу уысм æмырæй алæугæйæ ссарой Нафийы рухс ном.

Гаглойты Роберт ма дзырдта йæ мысинæгтæ Нафийы тыххæй. «Нафийæн йæ хайбавæрд нæ историйы æмæ литературæйы у егъау. Уый йæ фæстæ цы бынтæ ныууагъта, уыдон тынг стыр хæзна сты Ирыстоны адæмæн. Ирыстоны – Хуссары дæр æмæ Цæгаты дæр Нафийы кой куы скæнай, уæд дæ йæ мыггагæй ничиуал бафæрсдзæн», – загъта Гаглойы фырт. Уый ма йæ раныхасы бузныджы ныхæстæ загъта, чингуыты мыхуырмæ чи бацæттæ кодта, рухс кæй фæрцы федтой, æппæт уыдонæн. Сæрмагондæй бузныджы ныхæстæ загъта Тыбылты Леонидæн. Уый ма Президент куы уыдис, уæд хицæнгонд æрцыдысты æхцайы фæрæзтæ, цæмæй Нафийы уацмысты æмбырдгонд мыхуыры рауагътаиккой.

Джусойты Нафийы тыххæй раныхас кодта филологон зонæд-ты кандидат, Ирыстоны фысджыты Цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон. Уый банысан кодта, зæгъгæ, мах абон Нафийы гуырæнбоны хъуамæ цин кæниккам, фæлæ, хъыгагæн, не ʻхсæнæй фæхъуыд æмæ нын цины фадат, нали. «Махмæ, Ирыстоны бирæ фысджытæн рацыдис сæ уацмысты æмбырдгæндтæ. Къостайæн рацыд фондзтомон, Ниге-рæн – æртæтомон æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ фыццаг хатт уынæм ирон фыссæгæн дæстомон æмæ уый стыр хъуыддаг у», – загъта Хъазиты Мелитон. Уый ма цыбыртæй æрдзырдта Нафийы цард æмæ сфæлдыстадыл, афтæ ма презентаци кæмæн кодтой, уыцы чингуыты ахадындзинадыл. Мелитон ма загъта ахæм фиппаинаг, зæгъгæ, Нафийы уацмысты æмбырдгондæн редактор кæй нæй æмæ уый та чингуытæн æххуысæй дарддæр зиан кæй не рхастаид, уый.

Дарддæр мадзалы раныхас кодта зонад-иртасæн институты ирон литературæйы историйы хайады зонадон кусæг Бигъуылаты Иринæ. Уый дæр æрæмысыд йе ʻмкусæг Нафийы рухс ном. Бирæ азты дæргъы хæларæй кæимæ фæкуыста æмæ йын стыр  аргъ куыд кæны, уый тыххæй дзырдта йæ мысинæгты дæр. Бигъуылаты Иринæ банысан кодта Нафи стыр ахуыргондæй дарддæр кæй уыд йæ райгуырæн бæстæйы стыр патриот дæр. «Нафийы сисы бынæй рацыдысты бирæ зонадон куыстытæ. Уыдон æмæ ма йæ аивадон уацмыстæн сæ фылдæр ивд æрцыдысты дунейы бирæ æндæр æвзæгтæм». Йæхæдæг та ирон æвзагмæ раивта бирæ классикты уацмыстæ, уыцы нымæцы Евгени Онегин. Бигъуылаты Ирæ лæмбынæг æрдзырдта «Евгени Онегин»-ы бæрзонд аивадон миниу-джытыл, стæй йæхи царды йæ ахсджиагдзинадыл.

Нафийы тыххæй йæ хъуыдытæ загъта нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли. Уый бузныг загъта ацы куыстыты æмбырдгондыл чидæриддæр бацархайдта æмæ сæ мыхуыры рауагъта, æппæт уыдонæн. Сæрмагондæй ма бузныджы ныхæс-тæ загъта Тыбылты Леонидæн ацы хъуыддаджы сын стыр æххуыс кæй бакодта, уый сæраппонд. «Курæг уæ дæн, цæмæй-иу искæцы фыссæгæн, кæнæ æхсæнадон архайæгæн йæ юбилей куы æрæввахс кæна, уæд-иу мын развæлгъау зæгъат уæ хъуыдытæ уыдон номыл исты мадзæлттæ саразыны сæраппонд», – загъта уый. Дарддæр Бибылты Анатоли дзырдта ирон æвзаг æмæ литературæйы  фæдыл къамис саразыны фарстытыл. Ахæм къамис ныридæгæн арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны, кæд рагæй фæстæмæ дзырд иумæйаг къамис саразыныл уыди, уæддæр. Уый ма æрæмысыд Нафиимæ йæ фембæлдтытæ. «Иуахæмы та йæм куы бацыдтæн, уæд æй баййæфтон йæ куысты уæлхъус. Нафи суанг йæ царды фæстаг бонтæм дæр кодта кусгæ. Уымæн цы бантыст саразын, уымæй мах сæрбæрзонд æмæ буц стæм. Хуыцау зæгъæд æмæ сомбон фæзына Нафийы хуызæн гуырдтæ Ирыстоны», – загъта уый.

Бибылты Анатоли ма куыд банысан кодта, афтæмæй дзы рох нæу Хуссар Ирыстоны кадджын адæмы пантеоны Нафийы цыртдзæвæн сæвæрыны хъуыддаг.

Тыбылты Леонид дæр æрæмысыд куыд базонгæ сты номдзыд ахуыргонд Нафиимæ, уый. «Мах хъуамæ кæддæриддæр агурæм фæрæзтæ, культурæйы размæцыдæн. Йæ рæстæджы раст ахъуыды кодтам, цæмæй Нафийы куыстытæ мыхуырæй рацыдаиккой. Æз хорз хъуыды кæнын Нафийыл 90 азы куы æххæст кодта, уæд йæ домæн кæй уыдис йæ куыстытæ æмбырдгондæй рауадзын æмæ уыцы фæндонæн та æнæсæххæстгæнæн нæ уыд. Куыд зонут, афтæмæй мах 2015-æм азы расидтыстæм Нафийы азæй æмæ йæ номыл арæзт цыдис бирæ мадзæлттæ. Мæнæн тынг æхсызгон у Нафийы фæндон кæй сæххæст æмæ йын абон йæ чингуыты рацыдыл кæй цин кæнæм. Хорз ма уаид йæ иннæ куыстытæ дæр рухс  куы  фениккой,  уый. Ацы хъуыддаджы тыххæй та ныфс бавæрдта нæ Президент Бибылты Анатоли», – загъта Тыбылты Леонид.

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик та фæндон бахаста, цæмæй нæ горæты искæцы уынгæн радтой Нафийы ном. Афтæ ма Дзауы районы Кировы хъæуы астæуккаг скъолайæн дæр лæвæрд æцыд Нафийы ном, æмæ йын баконд æрцæудзæн номарæн фæйнæг.

Мадзалы кæрон арфæ æмæ бузныджы ныхæстимæ рахызт Нафийы хо Джусойты Клавдия. Уый дæр стыр куыст бакодта, цæмæй чингуытæ мыхуыры рацыдаиккой. Клавдия сæрмагондæй стыр бузныг загъта Тыбылты Леонидæн чингуытæ рауадзынæн сын финансон æххуыс кæй бакодта æмæ æппынæдзух йæ хъусдарды бын кæй уыдысты, уый тыххæй. «Чингуытæ иууылдæр куы рацæуой, уæд фæстаг томмæ хаст æрцæудзысты сæ рауадзынæн сын чи баххуыс кодта, уыдон тыххæй информаци сæ къамтимæ.

Бузныг ма загъта Президент Бибылты Анатолийæн, Нафийæн фæндараст зæгъыны бон уый стыр хæрз æгъдау кæй равдыста, уый тыххæй.

Йæхæдæг дæр афтæ фыста, зæгъгæ, куы райгуырдтæн, уæд мын хæдон бахуыдта мæ мад, мæрдон хæдон та мын бахуыйдзæн Ирыстон. Æмæ æцæгдæр афтæ рауадис, фæндараст æй кодта Ирыстон. Уе ʻппæты цæрæнбон дæр бирæ æмæ арфæгонд ут», – загъта Джусойты Клавдия.

Цхуырбаты Ларисæ

 

 

Хъодалаты Герсан

НАФИЙÆН, МÆ «КÆСТÆР» ÆФСЫМÆРÆН…

Цӕмӕн ыздӕхын уӕлвӕз Тулдзы къохӕй

Чъребамӕ уымӕлдзӕстӕй, фыдохӕй?

О, ацы фарстӕн дзуапп арӕн бӕргӕ ис,

Фӕлӕ йӕ фӕдыл расайы зӕрдӕниз…

 

Нафи куы ссыдис ардӕм сау фӕндагыл,

Уӕдӕй фӕстӕмӕ бады фӕлм нӕ равгыл.

Нӕ ирвӕдӕн тӕфӕбоны хай баци,

Нӕ тугдадзинты бадыдзы ис уаз цин.

 

О, уый ӕвирхъау арвы цӕф уыд, риссаг

Æмӕ дзы ничи баззадис ӕвыдӕй.

Дзырдаивады чи равдыста диссаг, –

Нӕ цӕстыты раз кодта уый мӕрдвынӕй.

 

Мӕ мидӕг дӕр ӕнахуыр маст ныттаутӕ,

Мӕ риссаг уд сӕ агайдӕй фӕхъӕн ис.

Кӕд искӕмӕн йӕ зӕрдӕ скодта саутӕ,

Уӕд дыккаг – аз, ныр дӕр ма сты ӕнӕист.

 

Æмыр хъынцъым… дӕлимонау мыл бафтыд,

Æмӕ мӕм фынгыл азарынӕй ма хат.

Кӕсы мӕнмӕ цӕмӕндӕр абон афтӕ:

Мӕ рахиз-хауд, фӕсидзӕр дӕн дыккаг хатт.

 

Ныр иунӕг дӕн, хъӕды халонау… Хистӕр

Куынал вӕййы зӕронд лӕгӕн дӕр царды,

Кӕны йӕ зӕрдӕ бонӕй-бонмӕ цъистдӕр,

Фӕвӕййынц ыл хъысмӕты куыйтӕ ардыд.

 

Ныр иунӕг дӕн… Мӕ хатдзӕджы куы тыхсон, –

Кӕй зонды рухсмӕ бацӕудзынӕн курӕг?

Бӕрӕгбоны уа, къаты бон – куыд быхсон,

Куынӕ мын зына Уастырджимӕ кувӕг?..

 

Цы бачындӕуа, кӕд куырыхон лӕгтӕ

Цырагъы рухсӕй агуринаг систы?

Нафи – нывонд фыдӕлты уаз ӕгъдӕуттӕн,

Фӕткмӕ сидӕг чындзӕхсӕвы уа, хисты.

 

Уыд кафын ӕмӕ зарынмӕ дӕр ифтонг,

Кӕмдӕриддӕр-иу горӕты уа, хъӕуы –

Æвдыста ирдӕй кӕстӕртӕн цӕвиттон,

Уӕд хистӕрты та буц кӕнын куыд хъӕуы.

 

Куы-иу бахъуыд рӕстдзинадыл ысдзурын,

Фӕцъортт-иу ласта кӕрддзӕмӕй йӕ «хъама».

Сыбыртт дӕр ма-иу чи суӕндыд йӕ цуры,

Уыдаис уӕд ды Хъарсы мӕсыг хъуамӕ.

 

Нӕ удварнӕн  ӕвидауӕг сӕрхъызой,

Цӕстыгагуыйау хъахъхъӕдта традици.

Йӕ цъӕх нымӕтын пака худы хуызӕй

Мӕнӕн ӕваудӕр абоны онг ниц’и.

 

Æппӕт йӕ уӕздан миниуджыты уазӕй

Стӕм ныр цух ӕмӕ зыны нӕ равгыл.

Æвирхъау цӕф у, тынг бирӕ кӕй уарзай, –

Куы фӕраст вӕййы марцуйы фӕндагыл.

 

Уӕддӕр маиу хорз, афтӕ мӕм фӕкӕсы:

Нафи та нын кӕмдӕр ис балцы дард ран.

Рӕхджы фӕлладӕй сӕмбӕлдзӕн йӕ къӕсыл,

Фӕндараст ӕй фӕкӕндзӕнис Ардавда*

 

Æмӕ та нын нӕ журналмӕ фырнымд лӕг

Æрбахӕсдзӕн ӕмдзӕвгӕты уӕзгӕ хуын.

Æмӕ йӕ уӕд ӕз ацы хатт, уырны мӕ,

Фӕстӕмӕ нал ауадздзынӕн ыздӕхын…

—————

* Ардавда – кувæндон Хъырымы

 

 

НАФИ ЗАГЪТА

Сæрæн адæм кæрæдзийы фæрцы цæрынц.

Поэзи хъæбатыр, ныфсхаст лæджы хъуыддаг у…

Арсимæ кæрдо æдылы лæг цæгъды.

Раст лæг фæсфæдæй нæ архайы.

Зарæг зæрдæйæ æмбаргæ у.

Æгъдау æрмæст цæрынæн нæ хъæуы.

Амонд ссарынц æхсарæй.

Худæг ныхас æнæнизы хос у.

Кæстæр хистæры куы нæ фæрса, уæд рæдиаг у.

Бæлас уидагæй фидар у, лæг – фыдæлты фарнæй.

Рæстдзинад иу лæгæй аразгæ нæу.

Расыг лæджы зæрдæ тæнæг у.

Фæдисмæ хонгæ нæ фæкæнынц.

Исгæмæй скъæфæггаг фарсыл хæцаг нæу.

Цардæй тæргай лидзæн нæй.

Фарны хъуыддаг сусæгæй ничи кæны.

Дардæй лæджы зæрдæ зын зонæн у.

Лæгау лæг хорздзинад никуы рох кæны.

Лæг кæй уарза, уый йæм æвзæрæй дæр хорз кæсы.

Мæнг дзырд бæхджын у.

Æгæр нæртон мæгуыр кæны.

Æрæмбырд сæ кодта Къуезерты П.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.