Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Инал радзырдта иу азмæ комитет цы куыст бакодта, уый тыххæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, 2018 аз комитетæн уыд æнтыстджын. Азы райдианæй æркастæуыд алыгъуызон фарстатæм, закъоны проекттæм, кæцытæ хауынц куыд нæ паддзахады экономикон рæзтмæ, афтæ ма æндæр фарстатæм дæр, кæцытæ тыхсын кæнынц Республикæйы цæрджыты.

Джиойы фырт радзырдта, ацы аз Комитет кæй райста иууыл ахсджиагдæр закъон республикæйы хъæууон хæдзарад æмæ экономикæйы рæзты тыххæй – «Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл амалиуæгады субъекттæн льготон кредиттæ радтыны  тыххæй», кæцы фадат ратдзæн  амалиуæггæнджытæн кредиттæ райсын льготон уавæрты, куыд бизнес райдайыны тыххæй, афтæ ма архайгæ бизнесы рæзтæн дæр.

«Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ ацы закъоны райст у ацы азы стыр æнтыст. Уыцы льготон кредиттæ райстой фæндзай адæймагæй фылдæр, æмæ фылдæр æргом здæхт цыд хъæууон хæдзарады ‘рдæм, кæцы у ацы фадыджы рæзтæн  ахсджиаг», – банысан кодта парламентари.

Джиоты Инал банысан кодта, Комитет кæй райста хъæууон хæдзарадæн ахсджиаг закъон «Иумæйаг хъæууонхæдзарадон сфысты тыххæй», кæцы фадат радтдзæн хъæууон хæдзарады министрадæн æмæ паддзахадæн иумæйагæй уыцы фадыджы информаци зонынæн. Уый уыдзæн комплексон сфыст æппæт хъæууон хæдзарады исадæн, уыимæ иумæ фос æмæ зæххæн дæр.

Дарддæр комитеты сæрдар радзырдта, ацы закъон райсыны фæстæ ист кæй æрцыд РХИ-йы 2018 азы чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады Паддзахадон программæ æмæ рæзты план, кæцымæ æрæджы хаст æрцыдысты ивындзинæдтæ. Афтæ ма ивындзинæдтæ хаст æрцыдысты «Æнæзмæлгæ исады паддзахадон регистраци, йемæ баст хъуыддæгты æмæ кадастрон хыгъды тыххæй» РХИ-йы закъон æмæ «Архайды хицæн хуызты лицензи кæныны тыххæй» закъонмæ.

«Æнæзмæлгæ исады паддзахадон регистраци, йемæ баст хъуыддæгты æмæ кадастрон хыгъды тыххæй» закъон юстицийы министардæн фадат ратдзæн, цæмæй кусой барадон тыгъдады абоны боны юридикон нормæтæм гæсгæ», – загъта депутат.

Парламентари банысан кодта, зæгъгæ, азы райдианы байхъуыстой 2015-2017 азтæн  РХИ-йы адæмы æмæ цæрæгойты æрранизæй бахизыны фæдыл паддзахадон комплексон нысанон программæйы тыххæй хыгъдмæ. Æрæджы та комитеты рабадтмæ хаст æрцыд «Этилон спирты алкоголон  æмæ спирт цы продукцийы ис, уыдоны кондад æмæ æрзылды паддзахадон бæстонкæнынады æмæ алкоголон продукцийæ пайда кæнын (нуазын) фæкъаддæр кæныны тыххæй» закъоны проект, кæцы у иттæг ахсджиг æмæ нæ Республикæйы кæмæ æнхъæлмæ кастысты ахæм закъоны проект.

Уый ма банысан кодта, ныртæккæ комитет кæй кусы «Фæдзæхстады тыххæй», «Хъæууонхæдзарадон кооперативты тыххæй» æмæ «Продукци æмæ лæггæдты сертификацийы тыххæй» РХИ-йы закъæтты проекттыл.

Азы дæргъы закъоны проектæй дарддæр йеддæмæ комитеты рабадтыты уынаффæ кодтой, республикæйы цæрджыты цы фарстатæ тыхсын кæнынц, уыдоныл дæр.

«Парламенты регламентмæ гæсгæ алы комитет дæр хъуамæ рабадтытæ уадза мæй иу хатт. Нæ комитет та уадзы мæй фондз хатты, уымæн æмæ дзы вæййы бирæ куырдиæттæ, кæцытæн ис коллективон характер. Зæгъæм, уыдонæй сæ иу у, таможнæйон уадзæн пункт «Дæллаг Зæрæмæджы» хæлцадон продкуттæ рентгенон контроль кæй цæуынц, уый æдасдзинады фарст. Ахæм куырдиатимæ нæм бахатыд æхсæнадон организаци «Иры сомбон». Ацы темæйы фæдыл ауагътам рабадт, æппæт хъæуæг ведомствоты минæвæрттимæ, цыран байхъуыстам алкæмæдæр. Уыцы рабдтыты фæстæ, уагъд æрцыд фембæлд Цхинвалы Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны таможнæйон службæты къухдариуæггæнджыты æмæ æхсæнады минæвæрттимæ, цыран ацы фарст скъуыддзаг æрцыд», – загъта Джиойы фырт.

Депутаты ныхæстæм гæсгæ, ахæм хуызы уынаффæ цыдис 2011 азы цы хъæууонхæдзарадон товарон кредиттæ лæвæрд æрцыд, уыдоны тыххæй фарстыл дæр. Уый фæдыл Парламентмæ бахатыдысты фермерты къорд.

Джиоты Иналы ныхæстæм гæсгæ, уый куыд Дзауы районы депутат, афтæ æрвылкъуыри  дæр фембæлдытæ уадзы йе ‘взарджытимæ.

«Æз ацы районы бирæ алыгъуызон фарстатæ аскъуыдзаг кодтон цæрджыты куырдиатмæ гæсгæ. Зæгъæм, Дзауы рынчындоны дохтыр-эндокринологæй сифтонг кæнын, районы скъолаты раз фæндæгтыл аразгæ къуыппытæ саразын, дон рауадзын, Уанелы цæрджытæн суг ракæныны бар райсын, Борджнис, Църу, Моргойы хъæуты, Дзауы поселочы центры æмæ æндæр рæтты электроадæттæн зæронд хæххытæ раивын. Афтæ ма РХИ-йы бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты фæдыл комитеты сæргълæууæг Джиголаты Хасаны æххуысæй Дзауы поселочы фæзынд нымæцон телеуынынад, кæцы тагъд рæстæджы аххæсдзæнæппæт Дзауы районыл. Ног азы фæстæ та районмæ уагъд æрцæудзæн æнæлимитон интернет», – загъта уый.

Уымæй уæлдай ма депутат банысан кодта, ныртæккæ кæй кастæуы Дзауы районы ахсджиаг проблемæтæм. «Уыдонæй сæ иу у, районы зæххытæ дæттыны фарст, уыимæ иумæ курортон зонæйы дæр, ахæм адæймæгтæн, кæцытæ уым нæ цæрынц. Уыцы фарсты фæдыл уагъд æрцыд комитеты рабадт, афтæ ма æрвыст æрцыдысты депутатон домæнтæ æмбæлон органтæм, æппæт уыцы зæххыты тыххæй æппæт бæрæггæнæнтæ æрбавдисыны тыххæй. Кæд æппæт документæ сахуыр кæныны фæстæ, разына ахæм факт æмæ уыдонæй пайда кодтой æнæзакъонæй, уæд æз уыцы документтæ арвитдзынæн генералон прокуратурæмæ», – загъта Джиойы фырт.

«Уынаффæ кæныны стадийы ис Дзауы районы цæрæнуатон-коммуналон хæзарады уынгмæрзджыты куырдиат дæр, кæцытæ хъаст кæнынц сæ цъус куыстмызды тыххæй, æндæр районты сæ коллегæтимæ абаргæйæ. Уыцы информаци разынд раст æмæ ныртæккæ уыцы æнæрастдзинад иуварс кæныныл куыст цæуы», – банысан кодта парламентари.

Банысан кæнын хъæуы, депутат æнæркастæй кæй нæ уадзы республикæйы æндæр районтæй куырдиæттæ. Уый сæм бацæуы, консультацитæ сын ауадзы æмæ сын æххуыс кæны йæ архайдимæ баст фарстаты.

Афтæ ма, комитеты сæрдары ныхæстæм гæсгæ, уый депутаты бынаты цы рæстæг кусы, уымæй фæстæмæ иу куырдиат дæр æнхъусдардæй нæ ныууагъта.

«Æз куыд депутат, афтæ ма парти «Иууон Ирыстон»-йы уæнг, афтæ индивидуалон адресон æххуыс кæнын, куыд хицæн адæймæгтæн, афтæ организацитæн дæр. Банысан кæнын хъæуы, мах парти «Иууон Ирыстон»-ы стæм иу хъуыдыйыл хæст, æмæ парти цы æххуыс кæны, уый у æппæт махæй æмæ алкæмæндæр», – загъта Джиоты Инал.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.