ДАРДДÆР ИВД ЦÆУЫНЦ ПЫРХ ХÆДЗÆРТТЫ ÆМБÆРЗТЫТÆ

Парти «Иугонд Ирыстон»-ы æххуысæй дарддæр ивд цæуынц 2008 азы августы хæсты чи ныппырх сты, уыцы хæдзæртты æмбæрзтытæ. Кæд декабры мæй у, уæддæр кусджытæ пайда кæнынц хорз боныгъæдтæй. Декабры мæйы уыдон хъуамæ раивой 13 хæдзары æмбæрзт. Уыцы хæдзæртты æхсæн ис 8-æм июны уынджы 31-æм хæдзар дæр. Цæрынц дзы Уалыты æртæ æфсымæры æд бинонтæ. Уыдонæн сæ хæдзары агъуыст ныххуынчъытæ 2008 азы хæсты алыгъуызон нæмгуытæй æмæ сæм уæдæй фæстæмæ къæвдабонты æддейæ куыд уарыд, афтæ уарыд мидæгæй дæр. Хæдзары цæрджытæ тынг сфæлмæцыдысты царæй тæдзынджытæм алыгъуызон мигæнæнтæ æвæрынæй æмæ сæ раскъæф-баскъæфæй, уымæ гæсгæ сæ хъаст хастой алы инстанцитæм дæр, фæлæ сæ тыхст уавæр никæмæ фехъуыст абоны бонмæ. Хæдзары хицæуттæ куыд загътой, афтæмæй ма сæ фæстаг ныфс уыд Президент Бибылты Анатоли æмæ йæм бахатыдысты. Президент бахынцыдта бинонты уавæр æмæ ивд æрцыд сæ хæдзары агъуыст.

Дмитровы уынгыл дæр раивд æрцыдысты 18-æм æмæ 20-æм хæдзæрттæн сæ æмбæрзтытæ. Хæдзæрттæй сæ иуы цæры Тедеты Никъала æмæ кæд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты инвалид у, уæддæр æм хъус ничи æрдардта уал азы дæргъы. Ныр уыдонæн дæр сæ проблемæ скъуыддзаг æрцыд.

ХÆРЗАРÆЗТ УЫНГТÆМ БАФТЫДИС ДÆС

Æхсызгон цау у ацы аз Инвестпрограммæйы фæлгæтты нæ горæты цы 10 уынджы арæзт цыдис, уыдоны куыстытæ кæронмæ кæй бахæццæ сты æмæ эксплуатацимæ лæвæрд кæй æрцыдысты, уый. Уыдон сты Чиаты Иосифы, Нарты, Дмитровы, Аланты, Къуайсайы, Коцойты Арсены, Коцты Грийы, Руставелийы, Тæболты Сергейы (Сталины уынгæй Гаглойы фырты уынджы онг) æмæ Джыгкайы фырты уынг. Ацы уынгты баивд æрцыдысты æппæт инженерон хызæгтæ, хæдзæрттæм уагъд æрцыдысты доны æмæ канализацион хæххытæ, ифтонг æрцыдысты æрдзон газ æмæ электроны  тыхæй. Æппæт уынгтыл дæр æвæрд æрцыдис асфальты дыккаг фæлтæр. Джыгкайы фырты, Дмитровы, Аланты æмæ Къуайсайы уынгтыл æвæрд æрцыдысты фæндагон змæлды нысæнттæ дæр. Уыцы нысæнттæ иннæ уынгтыл сæвæрыны тыххæй дæр куыст цæуы.

Зæгъын хъæуы уый æмæ 2019 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты нæ горæты уынгтæй ноджыдæр хæрзарæзт кæй фæрцæудзæнис 8 уынджы.

СÆ КЪУХТЫ БАФТЫД СТЫР ÆНТЫСТ

9-æм декабры Есентукы горæты ауагъд æрцыд фестиваль «Симфония звезд», зæгъгæ. Уым хайад райстой Цхинвалы администрацийы культурæйы управленийы адæмон кафты ансамбль «Амонд». Уыдон афтæ аив сæххæст кодтой «Симд» æмæ «Хæххон кафт» æмæ сæхимæ æркæсын кодтой сценæмæкæсджыты. Фестивалы ансамбль «Амонд» кынд фыццаг бынат нæ бацахста, фæлæ ма райста Гран-при дæр.

Фестивалы æдæппæт хайад райстой Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр районтæй 62 ансамблы. Ансамблы аивадон къухдариуæггæнæг Жанна Епифанова куыд загъта, афтæмæй ма сын радтой сертификат, Сочæйы уыгъд чи цæудзæн, уыцы фестивалы хайад райсыны тыххæй.

Зæгъын хъæуы уый æмæ ансамбль «Амонд»-æн ацы æнтыст фыццаг хатт нæу. Уый активон хайад райсы нæ республикæйæн æддейæ уагъдцæуæг конкурсты. 2016 азы дæр Есентукы горæты хореографийæ цы конкурс уагъд æрцыд «Терпсихора России», зæгъгæ, уым дæр систы Гран-при йы аккаг.

Ансамблы аивадон къухдариуæггæнæг куыд зæгъы. Афтæмæй дарддæр дæр архайдзысты ирон кафты аивадимæ уæрæх дзыллæты зонгæ кæныныл.

САБИТÆ РАЙСТОЙ ÆХЦОНДЗИНАД

Ног азы хæдразмæ нæ республикæйы культурæйы министрад сфæнд кодта сабиты зæрдæтæ барухс кæнын æмæ фыццаг хатт нæ горæтмæ Краснодары крайæ æрхуыдта цирчы артистты. Цирк тынг фæцыд сабиты зæрдæмæ. Артисттæ æрцыдысты хъæзныг программæимæ. Сæ архайдæй сывæллæттæ райстой æхцондзинад æмæ хъуыстис сæ хъæлдзæг худт.

Цирк нæ горæтмæ æрцыдис цыппар боны æмгъуыдмæ. Боны дæргъы та фадат уыдис цыппар сеансы равдисынæн. Уымæ гæсгæ цыркмæ бакæсынмæ горæтмæ æрцæуыны фадат уыдис нæ республикæйы районты иумиагахуырадон скъолаты ахуыргæнинæгтæн дæр.

Бестауты Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.