20 марты уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æртыккаг сессийы æртыккаг рабадт. Уагъта йæ закъондæттæн органы сæргълæууæг Тадтаты Алан. Боны фæткы фыццаг æртæ фарсты уыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы Бавдыстытæ РХИ-йы районты тæрхондæтты сæрдæртты кандидатурæты тыххæй, æмæ сæ уынаффæ кæнынмæ рахаста Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынады фæдыл комитеты сæрдар Габатты Алан. Иумæйаг уынаффæйæ Дзауы районы тæрхондоны сæрдары бынатæй сæрибар æрцыд Табуты Медея Юрийы чызг, йæ бынатмæ та нысан æрцыд Бестауты Фатимæ Алиханы чызг. Афтæ ма Знауыры районы тæрхондоны сæрдары бынатæй сæрибар æрцыд Пæррæстаты Фатимæ æмæ нысан æрцыд Цхинвалы районы тæрхондоны сæрдарæй.

Уый фæстæ парламентариты иумæйаг хъæлæс кæнынæй ратификаци æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы ‘хсæн уæлвæткон уавæртæ сбæрæг кæнын æмæ аиуварс кæныны фадыджы Сразыдзинад, кæцыйыл къухтæ фыст æрцыд 2018 азы 27 азы декабыры мæйы горæт Донецкы. Закъоны проект уынаффæ кæнынмæ бавдыста Парламенты Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Дриаты Заза.

Дриаты Заза ма уынаффæ кæнынмæ рахаста «2017 азы 9 июны экстремизмы ныхмæ тох кæныны тыххæй шанхайаг организацийы конвенцимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны баиу кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проект.

Депутаттæ æмхъæлæсæй райстой ацы закъоны проект.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл комитеты сæрдар Тъехты Алан уынаффæ кæнынмæ рахаста «2020 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн хатырон кредиттæ дæттыны Фонды бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проект.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Фонды бюджеты æфтиæгты иумæйаг гуырахст у 33 милуаны 594 мин сомы, Фонды бюджеты хæрдзтæ та сты 5 милуан 763 мин сомы. Фонд цы æхцайы фæрæзтæ хицæн кæны депозиты хуызы, чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн кредиттæ радтынæн у 27 милуан 830 мин сомы. 2018 æмæ 2019 азты Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджетæй Фонды бюд-жетмæ цы æхцайы фæрæзтæ æрвыст æрцыд, кæцытæ сты кредитон организацийы депозиты хуызы,  сты 47 милуан 443 мин сомы.

Ацы закъоны проект депутаттæ райстой æмхъæлæсæй.

Боны фæткы æвдæм фарст уыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы цы уавæр сæвзæрд, уый тыххæй рæстæгмæ къамис саразын» – фарст хаст æрцыд Парламенты иннæ рабадтмæ, ацы фарсты фæдыл докладгæнæг вице-спикер Плиты Александр кусæгон командировкæйы кæй ис, уый тыххæй.

Рабадты кæрон депутаттæ æмхъæлæсæй райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты уынаффæтæ РХИ-йы Парламенты «Хъуылымбегты Торезы» майданæй схорзæхджын кæнын телерадиокомпани «Ир»-ы директор, РХИ-йы Парламенты 6-æм æрсидты депутат Чилæхсаты Георги Генойы фырты, историон зонæдты кандидат, хуссарирыстойнаг зонад-иртасæн институты хистæр зонадон кусæг, РХИ-йы сгуыхт журналист Хъуылымбегты Роберт Петры фырт æмæ РХИ-йы Парламенты 1, 3, 4 æмæ 5 æрсидты депутат Коцты Станислав Яковы фырты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.