АДАРДДÆР КОДТОЙ САНКЦИТÆ

Евроцæдис Уæрæсейы ныхмæ экономикон санкцитæ адарддæр кодта  ноджы æрдæг азмæ. Уынаффæ ист æрцыд минскаг бадзырдты имплементацийы ныллæг прогрессмæ гæсгæ, – фехъусын кодта Евросоветы сæргълæууæг Дональд Туск. Январы кæронмæ Уæрæсейы ныхмæ архайынц Евроцæдисы санкцитæ, кæцытæ здæхт сты УФ-йы финансон, энергетикон æмæ хъахъхъæнынадон секторты ныхмæ, афтæ ма дывæр нысаниуæджы продукцийы фадыгуыты ныхмæ.

ФЕМБÆЛДЫ УАВÆРТÆ

Национ æдасдзинады фæдыл АИШ-ы президенты уынаффæгæнæг Джон Болтон куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Уæрæсе æмæ АИШ-ы президенттæ Владимир Путин æмæ Дональд Трамп, гæнæн ис фембæлой æрмæстдæр уæд, кæд æмæ Мæскуы ссæрибар кæна Керчы донкъубалы инциденты фæстæ Украинæйы æфсæддон денджызон тыхты науты æмæ денджызонты.

КЪУХТÆ НЕ ‘РФЫСТОЙ СРАЗЫДЗИНАДЫЛ

Визæты тыххæй сразыдзинадыл дзырдæуыд иу азы размæ дæр. Райдианы документ райсынмæ хъавыдысты  футболæй дунейы чемпионаты размæ, цæмæй футболуарзджытæн æнæ визæтæй сæ бон уыдаид цæдисон паддзахады æппæт территорийыл цæуын. Фæлæ æппæт пунктты тыххæй бадзурын сæ бон не ссис. Æмæ ныр Бресты цæдисон паддзахады министрты советы рабадты кæрæдзийы визæтæ банымайыны тыххæй сразыдзинадыл хъуамæ къухтæ фыст æрцыдаиккой, фæлæ та документ ист не ‘рцыд. Белорусаг фарсæн йæ бон не ссис мидпаддзахадон процедуртæ кæронмæ фæуын.

ГАЗЫ АРГЪЫ РЕКОРД

Украинæйæн европæйаг газы аргъ ссис рекордон. Ноябры мæйы газы импорты мин кубометры астæуккаг аргъ Украинæйæн уыд 339 доллары. Уыимæ, иу мæйы размæ, фæсарæйнаг газы мин кубометры аргъ та бæстæйæн уыд 323 доллары. Украинæйы «Неф-тогаз»-ы коммерцион директор Юрий Витренко марты фехъусын кодта, зæгъгæ, Киев Европæйæ газ æлхæны уæрæсейаг газимæ абаргæйæ, цыппар хатты зынаргъдæрæй. 2015 азы ноябрæй фæс-тæмæ Украинæ нал æлхæны уæрæсейаг газ.

ЗДÆХЫНЦ ЛИГЪДÆТТÆ

Сиримæ иу суткæмæ фæсарæйнаг бæстæты территорийæ æрбаздæхтысты 770 лигъдонæй фылдæр, уыцы нымæцы Ливан, Иорданийæ. УФ-йы Хъахъ-хъæнынады министрад куыд хъусын кæны, афтæмæй иумиагæй фæсарæнтæй сæ цæрæн бынæттæм æрбаз-дæхтысты 1,55 милуан сирийаг æмбæстаджы. Инженерон дæлхæйттæ дарддæр дæр минæтæй сыгъдæг кæнынц Сирийы цæрæн бынæттæ æмæ объектты. Иу суткæмæ куынæг æрцыдысты 38 тæссаг предметы.

ФÆКЪАДДÆР ТЕРАКТТЫ НЫМÆЦ

УФ-йы Æдасдзинады федералон службæйы директор Александр Бортников куыд фехъусын кодта, афтæмæй Уæрæсейы бæрæг фæкъаддæр саразгæ терактты нымæц. Уый куыд загъта, уымæ гæсгæ контртеррористон операциты æмæ оперативон-æфсæддон мадзæлтты рæстæджы куынæг æрцыдысты 65 бандиты, уыцы нымæцы террористты дæс раздзоджы. Уымæй дарддæр ма спецслужбæтæн сæ къухты бафтыд 236 бандиты, 589 æххуысгæнæджы æмæ 36 раздзоджы бауромын. Бортниковы ныхæстæм гæсгæ, кæрон скодтой 37 террористон къорды архайдæн. Къордты уæнгтæ цæттæ кодтой терракттæ Дагъыстан, Мæхъæл, Цæцæны Республикæ æмæ Ставрапъолы крайы.

ФÆФЫЛДÆР УЫДЗÆН КУЫСТМЫЗДЫ МИНИМАЛОН БÆРЦ

УФ-йы Паддзахадон Думæ 2019 азы 1-æм январæй фæфылдæр кодта куыстмызды минималон бæрц цæрыны минимумы – 11 280 сомы онг. Закъоны проект райста Паддзахадон Думæ кæройнаг бакасты. Минималон куыстмзыд фæфылдæр уыдзæн 117 сомы æмæ бафтдзæн 3,7 милуан адæймаджы куыстмыздтæм. Фæстаг хатт минималон куыстмызд фæфылдæр ацы аз майы мæйы.

ДОМЫНЦ ЭКС-ПРЕЗИДЕНТЫ ССÆРИБАР КÆНЫН

Ереваны уагъд æрцыд митинг бæстæйы экс-президент Роберт Кочаряны ссæрибар кæныны сæраппонд. Протестон акцийы хайадисджытæ домынц Кочаряны ссæрибар кæнын æмæ Сомихстоны генералон прокуроры æмæ бæрзонд бынæтты æндæр кусджытæ сæ куыст ныууадзын. 7-æм декабры апелляцион тæрхондоны рабадты фæстиуджытæм гæсгæ Сомихстоны экс-президент ахст æрцыд. Кочаряны фарсхæцджытæ, уыцы нымæцы йæ фырт Левон Кочарян, фæнд кæнынц æрвылбонон протестон акцитæ уадзын.

ÆРСИДТ АИШ-мæ

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад фæсидт АИШ-мæ, цæмæй уый йе ‘фсæдты ракæна цæрæн пункт Эт-Танфайы алыварс 55-километрон зонæйæ æмæ ацы территорийыл контроль кæнын радта сирийаг хицауадмæ. «Лагеры уæззау уавæры тыххæй бæрндзинад хæссынц Иугонд Штаттæ, кæцытæ æнæзакъонæй оккупаци кæнынц паддзахады – ИНО-йы уæнджы ацы районы. Фидарæй нысан кæнæм, зæгъгæ, цалынмæ лагерь не суæгъд кæной, уæдмæ америкæйаг фарс хъуамæ сифтонг кæна нормалон уавæртæ «Эр-Рукбаны» цæрæг адæмæн, – банысан кодтой ми-нистрады. АИШ-ы архайдтытæ гæнæн ис лигъдæтты лагерь «Эр-Рукбан»-ы æркæной гуманитарон катастрофæйы онг, цыран цæры 50 мин адæймаджы .

ФÆХЫНДЖЫЛÆГ КОДТОЙ МЕМОРИАЛÆЙ

Ригайы вандалтæ фæхынджылæг кодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвæг Сырх æфсады хæстонты мемориалæй. Цалдæр мин советон салдаты æмæ сæдæгай амæттæгтæ кæм ныгæд сты, уыцы æфсæддон уæлмæрды æбæрæг адæймæгтæ разиан кодтой гранитон монументæн, раппæрстой йын йæ иу хай. Обелискыл сныв кодтой ахорæнæй, æмæ дзы ныууагътой æфхæрæн фыстытæ. Цыртдзæвæнмæ зилынц бынæттон активисттæ, кæцытæ фæдзырдтой полицимæ. Фæлæ барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ уырдæм нæ бацыдысты. Латвийы Уæрæсейы минæварад домы фæдагуырд ауадзын æмæ аххосджынты бафхæрын.

ФÆАХХОСДЖЫН КОДТОЙ САУДОВАГ ПРИНЦЫ

АИШ-ы сенат оппозицион журналист Джамаль Хашогийы амарыны тыххæй бæрндзинад сæвæрдта саудоваг принц Мухаммед бен Сальман Аль Саудыл. Ахæм резолюци сенатортæ райстой æмхъæлæсæй. Сенат æрсидт Эр-Риядмæ, цæмæй бæрндзинадмæ æркæна Хашогийы амарыны хайад чи иста, уыдоны се ‘ппæты дæр. Уыимæ æрдомдтой, цæмæй Эр-Рияд ма æмгуыстад кæна Уæрæсе æмæ Китайимæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.