17-æм июлы нысан цыдис Этнографы бон. Хуссар Ирыстоны иууыл зындгонддæр ахуыргонд-этнографыл нымад у Гаглойты Зинæидæ Дауыты чызг æмæ йын йæ рухс ном ссардтой архивон æрмæджытæй конд равдыстæй.

Зинæидæ у зонады фыццаг ирон сылгоймаг историон зонæдты доктор Ирыстоны. Ивгъуыд аз уымæн йæ райгуырдыл сæххæст ис 100 азы æмæ уый цытæн Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты декабры мæйы уагъд æрцыд зонадон конференци, мысæн мадзæлттæ уыдысты нæ республикæйы ахуырадон æмæ культурон уагдæтты. Стыр ахуыргонды рухс ном арыны сæраппонд æмæ Этнографы боны цытæн нæ университеты фойейы уыд равдыст ахæм номимæ: «…Благороднее профессии этнографа я не знаю…». Экспозицимæ хаст æрцыдысты Зинæидæйы цард æмæ зонадон куыстыты тыххæй цымыдисон зонæнтæ. Тексттимæ конд сты ахуыргондæн куыд йæхи, афтæ йæ бинонты æмæ йæ коллегæты къамтæ, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны газетты фæрстыл ахуыргонды тыххæй цы уацтæ рацыд, уыдон, афтæ ма йæ автобиографи æмæ йæ зонадон куысты тыххæй зонæнтæ дæр. Равдыст бацæттæ кодтой Цæгат Ирыстон-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, Галаты Барисы хæдзар-музейы директор Гаглойты Лианæ æмæ Хъотайты чызг.

Ссардтой номдзыд ахуыргонды ном

Номдзыд ахуыргонд райгуырдис 27-æм ноябры 1922-æм азы Хуссар Ирыстоны Чъваребы хъæуы. Йæ фыды фыды фыд уырыссаг-туркаг хæсты архайæг, Писырæн кæддæр ацы хъæуы радтой зæхх æмæ йæм æркодта йæ иннæ æмхъæуккæгты дæр. Афтæ дзы равзæрд хъæу, кæцыйы йæ царды фыццаг азтæ арвыста Зинæидæ. Йæ фыды фыд Алыксандр, уый фырт Дауыт, йе ‘фсымæртæ – уыдысты сауджынтæ æмæ зындгонд рухстауджытæ. Уымæ гæсгæ Зинæидæйы царды дæр, чизоны, зонад уый тыххæй бацахста аккаг бынат. Гаглойты Зинæидæйы бинонтæ фæстæдæр æрцардысты Цхинвалы æмæ ам 2-æм астæуккаг скъола каст фæцис сыгъзæрин майданыл.

Гаглойты чызджы арф æмæ фундаменталон иртасæн куыстытæ бакодта хæдзарадон æмæ материалон культурæйы, æхсæнадон, бинонты цардуаджы тыххæй æмæ бирæ æндæртыл. Зындгонд ахуыргонд, фыццаджыдæр иртасын райдыдта ирон мыггæгты равзæрды истори. Хæххон æмæ быдираг хъæуты æмбырд кодта æмæ иртæста сæ равзæрдимæ баст таурæгътæ æмæ зарджытæ, историон æмæ æрдзон бынæттимæ баст бæрæггæнæнтæ. Уый иттæг хорз зыдта ирон адæмы культурæ, сæ ивгъуыд дуг, æнусты дæргъы æддагон тыххæйисджытимæ, сæрибардзинадыл куыд хъæбатыр тох кодтой, уый. Зинæ йæ рæстæджы Ирыстоны ахуыргæндты номæй арæх хайад иста æппæтцæдисон сесситы, дунеон зонадон конференциты, æмæ-иу ын йæ зонадон куыстытæн алы ран дæр скод-той стыр аргъ.

Гаглойты Зинæ 1944 азы æнтысгæйæ каст фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединституты филологон факультет. Институты ма куы ахуыр кодта, уæд фæбæрæг зонадон куыстмæ йæ курдиат. Æниу ахуыры дæр йæ разæй никæй уагъта, иста Сталины номыл стипенди. Институт каст куы фæцис, уæд йæ ахуыр адарддæр кодта И. Джавахишвилийы номыл Тбилисы археологи æмæ этнографийы институты аспиранту-рæйы. Ам лæмбынæг сахуыр кодта этнографийы фарстатæ. Аспирантурæ дæр та каст фæцис æнтысгæйæ, æрбаздæхт Цхинвалмæ æмæ дарддæр кодта йæ зонадон куыст. Ирон æгъдæуттæ, историон æрмæджыты бындурыл лæмбынæг ахуыр кæныны æмрæнхъ, Гаглойты чызг æрзылдис Ирыстоны æгас къуымты æмæ бирæ зонæнтæ æрæмбырд кодта ацы фарсты фæдыл. Уыцы æрмæджытæм гæсгæ ныффыста йæ кандидатон диссертаци «Ирон адæмы рагон дины историйæ» æмæ йæ 1953 азы бахъахъхъæдта æнтысгæйæ. Уæдæй фæстæмæ курдиатджын зонадон кусæг ноджы лæмбынæгдæр æрæвнæлдта ирæтты этнографи ахуыр кæнынмæ. Цхинвал, Тбилис æмæ йын Мæскуыйы мыхуыргонд цы куыстытæ уыд, уыдон мидæг бæстонæй равдыста ирæтты материалон культурæйы фарстатæ. Ацы темæйыл ныффыста йæ куыст «Ирæтты этнографийы очерктæ», æмæ йын йæ фыццаг чиныг 1974 азы уырыссаг æвзагыл рауагъта тбилисаг рауагъдад «Мецниереба»

Очеркты фыццаг чиныджы Гаглойты Зинæ йæ разы æрæвæрдта æмæ æнтысгæйæ аскъуыддзаг кодта ирон хæдзары бинонтæ æмæ æхсæнадон цардæй æрмæстдæр æртæ фарсты: æмкъайад æмæ бинонтæ, хæстæгдзинады къабæзтæ æмæ хъæубæстæ. Фæлæ ацы фарстытæ равдыста афтæ лæмбынæг æмæ йын йæ куыстæн стыр аргъ скодтой, ацы проблемæтыл чи куыста, уыцы ахуыргæндтæ.

Гаглойты Зинæидæ йæ зонадон архайды райдайæнæй йæ царды фæстаг сулæфты онг кодта стыр нысаниуæг кæмæн уыд, ахæм иртасæн куыст. Аргъ æмæ йын кад кодтой Ирыстоны, Хуссар æмæ Цæгат Кавказы номдзыддæр историктæ æмæ этнографтæ. Йæ монографитæ æмæ чингуытæ: «Ирон мыггæгтæ», «Хуссар Ирыстоны историон-этнографион атлас», Чындзæхсæвы æгъдæуттæ ивгъуыды æмæ абон», «Марды æгъдау, куыд историйы ахуырады æфсон», «Этнографион æмбырдгонд», «Этнографийы ахуыргæнæн чиныг астæуккаг скъолатæн» æмæ бирæ æндæртæ. Зæгъын хъæуы уый æмæ Зинæидæйы монографитæй бирæтæн кæй нал ис ссарæн æмæ хорз уаид ногæй та сæ мыхуыры куы рауадзиккой.

Гаглойты чызджы удуæлдай зонадон архайдæн аргъгонд æрцыд «Кады орден»-æй, Хуссар Ирыстоны зонады сгуыхт архайæджы кадджын номæй.

Ныртæккæ Ирыстоны цæрæг ирон мыггæгты минæвæртты алы фæлтæртæ сæ равзæрды истори ахуыр кæнынмæ, раздæр азтимæ абаргæйæ зæрдиагдæрæй æвналынц, сæ мыггæгты тыххæй сæрмагонд чингуытæ аразынц æмæ сæ бæрæггæнæн-иртасæн архайд райдайынц Гаглойты Зинæидæйы бындурон зонадон иртасæнтæй.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.