Æцæг хабар

Раздæр  ирон хæххон æмæ æвадат хъæуты  цард бирæ адæм æмæ сæ цард цæдджинагау фыхт. Цхинвалы районы Гнугъы хъæуы цæрджытæн дæр кæд æнцон цардуагон уавæртæ нæ уыд, хæдзарон уæззау куыстытæ иууылдæр лæгдыхæй æххæст кодтой, уæддæр сæ цардæй нæ хъаст кодтой, фæллой кодтой куыд сæ бон уыд, афтæ. Уæды рæстæджы адæм кæрæдзийы тынгдæр уарзтой æмæ ацы хъæубæсты цæрджытæ дæр цардысты æмудæй.

Раджы Стыр Гнугъы хъæуы цард Хуыбиаты Сосе йæ цардæмбалимæ. Уыдонæн уыдис цыппар хъæбулы – дыууæ фырты æмæ дыууæ чызджы. Æфсымæртæн сæ хистæр Дзантемыр бауарзта Цъипоры хъæуккаг рæсугъд чызг Туаты Агуындæйы. Лæппу дæр фæцыд чызджы зæрдæмæ, бауарзта йæ æмæ дыууæ æвзонг уарзæгой уды сфæнд кодтой сæ цард баиу кæнын. Фæлæ сæ сæрдыгон рæстæджы цавæрдæр аххосæгтæ ныкъуылымпы кодтой чындзæхсæв скæнынæн, кæд лæппуйы фыд ирæд дæр бафыста, уæддæр. Афтæмæй Туаты чызг куырдуаты баззад сæрдæй уалдзæгмæ.

Хæххон хъæуы та мит бирæ ныууары æмæ тайгæ та æрæгмæ бакæны. Æмæ куыддæр зæхх фæсаумилтæ, афтæ Дзантемыры фыд Сосе загъта йæ фыртæн, цæмæй сæ хъæуккаг, се ‘рвад Хуыбиаты Хетæгимæ ацыдаиккой Цъипормæ æмæ бадзырдтаиккой чындзæхсæвы æмгъуыд снысан кæныны тыххæй. Уыдон дæр уæлдай ницыуал загътой, Дзантемырæн ма æхсызгон дæр уыд йæ фыдæй йæ фидæны каистæм кæй æрвыста, уый, уымæн æмæ æвзонг лæппуйы зæрдæ æппынæдзух дæр дзырдта йæ уарзон чызгимæ, мысыд æй. Дыууæ уарзæгой уды æдзухдæр бæллыдысты кæрæдзийы уындмæ, фæлæ сын уый фадат нæ уыд бæрæг аххосæгтæм гæсгæ.

Араст сты бæхтыл Дзантемыр æмæ Хетæг сæ дард балцы æмæ сæ иу ран бахъуыд зæйы сæрты ахизыны сæр.  Дзантемыры бæх фæбырыд зæйыл æмæ уыцы рæстæджы йæ худ йæ сæрæй ахуад, атылд æмæ зæйы скъуыды ныххаудта. Лæппу бакатай кодта, зæгъгæ, ма æнæ худæй  мæ каистæм куыд бацæуон, æрхызт йæ бæхæй æмæ йæ худы фæстæ ныггæпп кодта. Гæпп бæргæ ныккодта Дзантемыр, фæлæ фæстæмæ схизын йæ бон нал баци, кæд бирæ фæцархайдта, уæддæр. Стыхст, катайы бахауд Хетæг дæр, алыварсонæй архайдта Дзантемыры мæлæтæй фервæзын кæныныл, фæлæ æппæт йæ архайдтытæ дæр уыдысты бынтон æнæхъуаджы…

Уæд Хетæг фæфæдис кодта Гнугъмæ, хъæубæстæ ма бæргæ рагуылф кодтой сæ уарзон æмхъæуккаджы фервæзын кæнынмæ, фæлæ уыдонæн дæр сæ бон ницы бацис, зæй æгæр арф кæй уыд, уымæ гæсгæ æмæ дæ балгъитæг дæр, афтæ фæуæд. Цалынмæ зæй батад, уæдмæ Дзантемыры мардбуар йæ быны баззад æмæ йæ уый фæстæ кадимæ баныгæдтой йæ райгуырæн Гнугъы хъæуы. Тынг бирæ цæссыг ахаста амондагур лæппу йе ‘нусон бæстæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, хабар фехъусын кодтой куырдуаты баззайæг чызг Агуындæйы ныййарджытæн дæр. Тынг фæхъыг кодтой уыдон дæр Дзантемыры æнæрæстæджы трагикон фæзианыл, æндæр ма цы сæ бон уыд.

Хуыбиаты Дзантемырæн ма уыд 13-аздзыд æфсымæр æмæ зындзырд Сосе аскъуыддзаг кодта сæ чындзаджы уымæн æркæнын, цæмæй цы ирæд бафыста, уый йын æнæхъуаджы ма фæуыдаид. Агуындæйы фыд Датикъо нæ разы кодта ацы хъуыддаг саразыныл, фæлæ Сосе йæхи фæнд акодта æмæ тагъд рæстæжы сæ хæдзары фæзынд ног чындз. Фæлæ 13-аздзыд лæппу нырма сывæллон уыд, æмæ æххæстæй æмбаргæ дæр нæ кодта сæ хæдзары цы хъуыддæгтæ æрцыд, уыдоны. Райсомæй-иу йе ‘мцахъхъæнтимæ хъазынмæ алыгъди. Агуындæ сфæлмæцыд, нырхæндæг, æппынæдзух уыд йæхи мидхъуыдыты, иуæй йæ уарзон Дзантемырыл хъыг кодта, иннæмæй та цы уавæры бахаудта, ууыл катай кодта, ома, чысыл лæппу кæд слæг уыдзæн, уæдмæ кæйдæр хæдзары цы аразы, зæгъгæ.

Агуындæ иу бон хæдзары куыддæр иунæгæй баззад, афтæ бирæ фæкуыдта æмæ стæй йæхи æрцауыгъта. Тынг та фæхъыг кодтой æвзонг чызджы трагикон амæлæтыл йæ хиуæттæ, Гнугъ æмæ Цъипоры хъæуты цæрджытæ, сæ цæссыг сæ рустыл лæсæнтæ кодта, фæлæ… Датикъойы мастæн кæрон дæр нæ уыд, иннæмæй та тынг смæсты Сосемæ йæ чызджы йын йæ чысыл лæппуйæн кæй æркодта усæн, уый тыххæй. Уымæ гæсгæ йæ æдзард чызджы мард буар нæ бауагъта Дзантемыры фарсмæ баныгæнын, бæхыл æй рахаста æмæ йæ баныгæдта Цъипоры хъæуы уæлмæрды. Ахæм уæззау хъысмæт разынд Хуыбиаты Дзантемыр æмæ Туаты Агуындæйæн. Ирон лæг йæ худы кады тыххæй бабын æмæ уый та йæ фæстæ расайдта æвзонг чызджы трагикон мæлæт.

Ацы уæззау трагикон æцæг хабары тыххæй мын радзырдта Махисы хъæуккаг Туаты Хазби (ныртæккæ дзæнæттаг), кæцы уыд ирон мыхуыры хæлар æмæ активон газеткæсæг, арæх уацтæ фыста газет «Хурзæрин»-мæ æмæ йын мыхуыр цыдысты.

Ацы æрцæугæ трагикон цауæй дæр бæрæг у, раджыйы рæстæджы ирон лæг йæ худæн куыд аргъ кодта, уый.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.