Ныртæккæйы дуджы алчи дæр афтæ хъуыды кæны, цыма нын чызгыскъæфыны æгъдау фыдæлтæй баззад. Æмбарæм æй, иуæй-иу усгур лæппуты алы хатт чызг аскъæфыны сæр сæ фырхъалæй кæй нæ бахъæуы, фæлæ йæ æгъдауы æфсон цæмæн кæнæм? Чизоны æндæр кавказаг адæмтæм æцæгæй дæр уыд ахæм æгъдау, фæлæ, цыма ирон адæммæ дæр фидар, традицион фæткы хуызы уыдаид?..

Зын зæгъæн у, фæлæ, куыд фæзæгъынц, афтæ мæгуыр дæр не стæм историон, аивадон литературон бынтæй. Ис нын, цæ-виттон цæмæй райсæм, зондамонæгæй нын чи басгуыха, ахæм æвæрæнтæ. Ирон литературæйы классик, цыбыр радзырды стыр дæсны Коцойты Арсены уацмыс «Афтæ дæр вæййы» куы бакæсæм, уæд нæ цæстытæ байгом уыдзысты, ацы фарстмæ акæсдзыс-тæм æндæргъуызон позицийы цæстæй. Æвзонг лæппу Саугуди уарзы Дзæхойты рæсугъд чызг Дзерассæйы, æмæ йæ фæнды йемæ йæ цард баиу кæнын. Фæлæ чызджы фыд Хосдзау йæ чызджы сæрмæ æгæр стыр ирæд домы. Автор Саугудийы ныв кæны хæрзæгъдауыл хæст адæймагæй. Лæгдзинадæй æххæст, куыстуарзаг, йæ зæронд мадмæ кæсы, зылдцух æй нæ уадзы, æхсæв æмæ йын бон нæй, кусы, фыдæбон кæны. Уарзы Дзерассæйы, уарзы йæ чызг йæхæдæг дæр. Рæстæг цæуы, Саугудийæн йæ уд снарæг, хъизæмар кæны, йæ ирæд фиды чысылгай, фæлæ, рæстæг куыд цæуы, афтæ æмбары, намысджын куыстæй йæ ирæд дæс азмæ дæр кæй нæ бафиддзæн, уымæй дæр æй бафиддзæн æви нæ, уый дыууæйыл у…

Уыцы хъуыды йын æнцойад нæ дæтты æхсæвæй-бонæй, æвдæрзы йын йæ уд. Зæрдæрыст лæппу уыны æрмæстдæр дыууæ варианты: кæнæ хъуамæ аскъæфа чызджы, кæнæ ма йын фидинаг цы ирæды хай баззад, уый искæмæй радава… Абоны царды цæстæй кæсгæйæ æмæ æгъдауы цæстæнгасæй уый уаид худæг равзæрст. Фæлæ ма байхъусæм классикмæ, уый та цахæм позицийæ кæсы йæ хъайтары хъысмæтмæ:

“Аскъæфид æй мыййаг?..Скъæфгæ?! Нæ, Саугуди йæ усаджы скъæфгæ нæ акæндзæн!.. Йæхицæй хынджылæг чи кæны, скъæфгæ уыдон фæкæнынц… Скъæфын у чъизи хъуыддаг. Æдылы лæг йæ усаджы аскъæфы. Хъæбысæй хъæбысмæ чызг рахау-бахау фæкæны… Фæлæ æнæ афтæ дæр скъæфын цъаммардзинад у… Чызг нæ фæкомы. Æмбæлттæ йыл ныххæцынц æмæ… кæсынц… Нæ, нæ… Саугуди скъæфыныл нæ ныллæудзæн! Цъаммартыл йæхи нæ баны-майдзæн!”  Цыбырдзырдæй, уæды цæстæнгасæй чызг аскъæфын нымад цыдис худинаг æмæ чъизи хъуыддагыл. Ахæм худинаггаджы хъуыддагыл æмæ Саугуди равзæрста дыккаг худинаджы хъуыддаг. Æмбары йæ, уый дæр худинаджы хъуыддаг кæй у, фæлæ дыууæ æвзæрдзинадæй равзæрста, куыд фæзæгъынц, къаддæр æвзæрдзинады.

Уый аивадон уацмысы цæстæнгасæй, фæлæ нæ ивгъуыды бирæ хабæрттæ ис, кæцытæ нын æвдисынц, чызгыскъæфт æрмæст худинаджы хъуыддаг кæй нæ уыд, фæлæ æнамонддзинад хæссæг дæр. Ис иу ахæм æцæг хабар – йæ цæрæнбон бирæ Кучиты Русланæн, уый йыл аивадон æгъ-дауæй дæр кæй бакуыста, уый тыххæй. Цæвиттон, Джергаты Датъи царди Тибы, Ногъарæйы. Уыдис ын æртæ фырты æмæ дыууæ чызджы. Туалгомы адæмты ‘хсæн уыдис кадджын æмæ æгъдауджыныл нымад. Йæ хистæр чызг чындздзон куы сси, уæд æм Мамысонæй курæг фæзынди. Датъи усгурмæ хибармæ фæсидт æмæ йæ бафарста:

– Чи дæ? Кæмæй дæ? Чи дын ис?

– Мæ фыд Челдыты Бекъа амард цалдæр азы размæ. Дæн иунæг.

– Уæдæ, мæ хур, иунæг мæгуыр у, куы дæ амардæуа, уæд дын дæ туг райсæг дæр куы нæ ис. Мæнмæ дын чызг нæй. Дæхи дæр æмæ мæн дæр ма тыхсын кæн.

Лæппу æмæ йе ‘мбæлттæ сæ бæхтыл сбадтысты æмæ сæхимæ бафардæг сты.

Цас рацыдаид, чи зоны, фæлæ лæппуйы йæ уарзондзинад сæрра кодта, æмæ Датъийы чызгмæ йе ‘мбæлттимæ скъæфынмæ рацыд. Чызджыты уатмæ рудзынгыл бахызтысты æмæ ивддзагæй кæстæр чызджы рахастой. Бæхмæ йæ куы сæргъæвтой, уæд чызг йæхи разыввытт кодта, æмæ йæ сæр æмбондыл ныппырх. Скъæфджытæ катайы бацыдысты. Хæстæгдæр хæдзармæ дуар бахостой, æмæ сæм зæронд лæг ракасти.

– Чи стут? Цы уæ хъæуы?

– Бахатыр кæн, нæ фыды хай, стыр бæллæхы бахаудыстæм æмæ цы бакæнæм, уымæн ницыуал зонæм. Уæлæ уæ сыхаг Датъийы чызджы раскъæфтам. Бæхæй нын йæхи раппæрста æмæ дзургæ дæр нал скодта… Лидзын нæ сæрмæ нæ хæссæм. Мæлын дæр нæ никæй фæнды æмæ фæр-сынмæ æрбацыдыстæм. Зæронд лæг сæ бафарста:

– Скъæфæг чи у? Кæй фырт у?

– Бекъайы зыдтаис, гъе уый фырт.

– Стыр бæллæхы бахаудыстут, фæлæ марды иунæг ма ныууадзут. Æз цæуын Датъимæ. Уæздан лæг у æмæ кæд бамбарид…

Марды цур æрлæууыд. Рухсаг ын загъта æмæ Датъимæ ацыди. Йæ фыртты йын баййæфта сæ бæхтыл сæргътæ æвæргæ æмæ сæм дзуры:

– Бахатыр кæнут, уæ фыд мæ хъæуы ныхасæн.

Бахызт хæдзармæ. Датъийы баййæфта æд кæрддзæм æхсаргардыл йæ иу къух иннæуыл æвæрдæй, йæ сæр æруагъта, афтæмæй зæхмæ каст. Йæ разы æрлæууыд зæронд лæг æмæ загъта:

– Датъи, æппæт фенæг лæг дæ, бирæ адæмты ‘хсæн вæййыс, бирæ туджджынты бафидауын кæныс дæ фидар зондæй. Абон æрцыд стыр бæллæх дæхи хæдзарыл… Рухсаг уæд дæ чызг… Йæхи бæхæй раппæрста æмæ фæмард. Скъæфджытæ йын иу нымæт йæ быны бакодтой, иннæмæй та йæ æмбæрзгæ бакодтой, афтæмæй йæ цуры дзыназынц дæлæ мах цур. Сæ тæрхонгæнæг фæу дæхæдæг. Датъи фестъæлфыд, йæ хъуыртæ ахгæдтой, иудзæвгар æдзæмæй аззад, стæй йæ фырттæм басидт æмæ сын загъта:

– Сисут уæ бæхты сæргътæ, уæхи уæзданæй равдисут, иу тызмæг ныхас дæр ма скæнут мæ разæй. Фæдзурут сыхбæстæм æмæ уæ хойы мард хæдзармæ æрбахæссут.

Бинонты æрдиагæй хæдзары къултæ фæцæйтыдтой… Дыккаг бон Мамысонгом æрбамбырд сты. Дыууæ мыггаджы бафидауын кодтой. Челдытæ мæрддзыгой рацыдысты. Захъа, Нар, Зруг æмæ Зæрæмæджы марддзыгой адæм зианджынтæн тæфæрфæс ракодтой. Зиан бавæрдтой. Бирæ ныхæстæ æрцыди адæмы æхсæн… Æртыккаг сабатизæр куы ахицæн, уæд Датъи Челдытæм барвыста æмæ лæгæвзæрстæй рацыдысты Бекъайы фыртимæ. Иуæрдыгæй æрлæууыдысты уазджытæ, иннæрдыгæй – Датъийы сыхæгтæ æмæ йæ кæстæртæ. Датъи размæ ралæууыд æмæ загъта:

– Ацы хъуыддаджы аххосджын æз мæхæ-дæг дæн. Æгъдауæй мын Челдытæ агуырд-той мæ чызджы. Фæндыдис сæ мæ мыггаг æмæ мæ кæстæртимæ хæстæгдзинад. Гъе ныр, Бекъайы фырт, дæ разы мæ чызг, уый æфсон бахауд мæ кæстæр чызг, йæ хо, фыдбылызы. Бар дын ис цардæмбалæн мæ чызджы равзарынæн кæнæ мæ фырттимæ æфсымæртæ скæнынæн.

Лæппу чызгмæ æфсæрмдзастæй бакаст, сæргуыбырæй йæ цæстысыгтæ асæрфта. Уый фæстæ æфсымæрты къухтæ райста æмæ йе ‘мбæлтты дæле æрлæууыд. Уыцы æхсæв бафидыдтой, снысан кодтой чындзæхсæвы бон… Æрæмбырд сты Датъийы сыхбæстæ, хъæубæстæ æмæ хæстæджытæ алы хъæутæй æмæ кæмттæй. Челдыты чындзхонтæ дæр лæгæвзæрстæй араст сты Згъилæй Тибмæ.

Уæдæ æвзæры фарст: ирон адæмæн ирæд бафидын, чындзæхсæв скæнын нæ, фæлæ сæ сывæллæттæн æнахуыйæн кæрдзыны къæбæр бахæрын кæнын дæр куы нæ уыд сæ бон, афтæмæй дæр чызг скъæфыны хъуыддаг худинаг æмæ мæлæтыл куы нымадтой, уæд ныр цы ‘рцыд ирон адæмыл? Ныр  кæмæдæрты афтæ цæмæн фæкæсы, цыма йæ уарзон чызджы скъæфгæ куы акæна, уæд ын лæппутæ æмæ чызджыты ‘хсæн стырдæр авторитет уыдзæн. Æмæ, æцæгæйдæр, афтæ у. Ныр, кæд уый бæрæг дæр нал ис, чызг æмæ лæппуйæ чи кæй аскъæфы, уæддæр ахæм хъуыддæгтыл ничиуал худы. Лæппуйæн, куыд æмбæлы, афтæ йæ ных ничиуал бакъуырдзæн, кæйдæр чызджы дзаумайы бынаты кæй сæвæрдта, уый тыххæй.

Скъæфгæ кæнынц цæрæгойтæ, сырдтæ: рувас аскъæфы карчы, бирæгъ –  фысы, æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ, чидæр чызг схъомыл кодта æмæ йын æй, карчы цъиуау, аскъæф (æгæрыстæмæй, чызг йæхæдæг скъæфт æрцæуыны мондагæй йæ былыцъæрттæ куы ‘хсына, уæддæр), уый худинаг, æнæсæрмæхæссинаг кæй у, уый ма искуы бамбардзысты ирон адæм?..

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.