Куыднæ хъуамæ мæлай дисæй ацы фæлывд царды хъулæттыл, Хуыцауы сфæлдисгæ адæмыл… Нæ ивынц, сæ фæзынд, се сфæлдыстæй фæстæмæ. Уааартæ кæд уыдис уыцы хабар – Юлий Цезарæн йæ бирæ сгуыхтдзинæдты тыххæй  бузныг зæгъыны бæсты мæлæты тæрхон куы рахастой, уæддæр йæ ныфс нæма састис, ныфс ма йæ уыдис, алкæмæй фылдæр хорздзинæдтæ кæмæн сарæзта, уыцы æввахс адæймаг Брутæй. Фæлæ Брут йæхæдæг куы разынид йæ хæрзгæнæджы сафæг… Цыма хъуамæ загътаид, æнæбасæтгæ, фæлæ ныфссаст император йæ адзалы кæрон йæ фæстаг историон ныхæсты йедтæмæ – «Ды дæр, Брут!»

Хуыцау ма зæгъæд æмæ абон нæ къæхтыл кæй фæрцы лæууæм, уыцы бæстæйы сæргълæууæгæн – махæн æнæкæрон бирæ хæрзты чи бацыд æмæ цæуы, уыцы æнæбасæтгæ лæгæн йæ адзалы кæрон уа!.. Зынг зæгъынæй ком нæ судзы, фæлæ ахæм исты, зæгъгæ, уæд уый та махæй зæгъид афтæ – «Ды дæр, Хуссар Ирыстон!»

Уымæй нæ бахизæд не сфæлдисæг иунæг кадджын Хуыцау, фæлæ цыма куыд кæниккам, цы зæрдæйæ, цы цæсгомæй аныхъуыриккам ахæм уайдзæф?..

Æниу… Чи нæ цы зæгъа, уыдæттæ ма нæ æндавдзысты – дæлæ нæ кæй тугæйдзаг хъуы-рæй сласта, уыдон ма нын уый фадат ратдзысты, цæмæй ма  истæуылты ахъуыды кæнæм?..

Хъуыддаг нæ кæм ис, уым ныл æнæхъуыддагæй згæ хæцы, хъуыддаг нæ кæм нæй, уым та нæ фындзтæ тъыссæм!..

Къуымыхзонд æмæ примитивон хъуыдыкæнынад кæмæн ис, уыдонæн се мбисонд сæхи, фæлæ йæ æмбаргæ адæмæй алчи дæр  æмбары, абон зæххы къорийыл цæрæг адæмы цы фыдбылыз сæмтъеры кодта, уый æндæр цыдæр кæй нысан кæны, уый… Кæд æй алчи æргом нæ дзуры, уæддæр. Уымæ ма бафтауæм, нæ царды нырыонг цы цухдзинæдтæ уыд, уыдон дæр æмæ нын уæд цынæ зæгъгæ уыдзæн, алцæмæй ифтонг æмæ æфсæст кæй нæма стæм… Уымæн æмæ адæймаджы йе рдзыскондмæ гæсгæ бирæгъæй фылдæр хъæуы, цы йын ис уый йæм æгъгъæд нæ кæсы. Æргътæ бонæй-бонмæ рæзынц, мыздтæ æмæ пенситæ та оцани бæхтау сæ къæхтæ размæ ныццавтой. Абон мах кæй фæрцы цæрæм, уыцы бæстæйы цæрæг адæмыл царды уаргъ æгæр уæззауæй кæй æрынцад, уый дардæй кæсгæйæ дæр зыны. Иутæ сæ бухъ цардæй тонгæ фæкæнынц, иннæтæн та се рæгъты стджытæ зынынц, уымæн æмæ фыццæгтæ уыдоны тугвæллойæ кæнынц бухъ цард, сæ паддзахады, сæ дардыл фыдыбыстæйы сой уыдон цъирынц… Зын у уыцы æфхæрд æмæ ссæст мæгуыр адæмæн царды æнæрастдзинадмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсын, судзгæ маст быхсын, æндæрты цардмæ чи хæлæг кæны, ахæм  сывæллæтты æнкъард цæстытæм кæсын…

Фæлæ сæхæдæг исты сæр-фат кæндзысты сæ цардæн, ма-хæн бар нæй æмæ сын зонд амонæм. Сæ бæстæйы сæргъ чи лæууы, уый абон уæззау уавæры ис йæхæдæг дæр, фæлæ йæхи афтæ æнцонтæй чи радта, Америкæ æмæ Ныгуылæн афтæ æнцонæй кæй асæттой, ахæмы каст нæ кæны – кæд та исты æрхъуыды кæнид йæ куырыхон зонд æмæ политикон арæхстдзинады фæрцы. Цыдæр кæй хъуамæ æрцæуа, уый дызæрдыггаг нæу. Фæлæ кæд, цы æрцæуа, уый адæмы хæрзæбонæн уа, уæддæр та… æрмæстдæр – уый  фæрцы. Афтæ хъуыды кæнынц æмæ нымайынц йæхи бæстæйы цæрæг адæмы иу хай сæхæдæг дæр, фæлæ иннæ хайы нæ уырны, сæ масты фæдыл цæ-уынц, æфхæрынц æй, ферох сæ, нæуæдзæм азты цы уавæры уыдысты, уый дæр. Ферох сæ, уыцы стыр бæстæйыл йе знæгтæ фæйнæрдыгæй сæ къæхтæ кæй сæрфтой, уый. Ферох сæ, сæ фыдыбæстæйæ сын фæстæмæ уый кæй сарæзта паддзахад.

Æмæ йæ бæстæ абон ахæм уавæры дæр уый тыххæй ис. Уымæн æмæ йæ бæстæйы знæгтæ чи сты, уыдон кæронмæ бамбæрстой, сæ хъуыры стæгау кæй ныффидар, уый æмæ йын хъавынц йæ хурхыл бахæцынмæ. Зын у уымæн дæр, фæлæ та йæ тыхтæ бамбырд кæндзæн. Æрмæст æй уый тыххæй хъæуы йæ адæмы æххуыс, уыдон хъуамæ йæ фарсмæ балæууой, йæ ныхмæ цæуыны бæсты… Йæ адæм, йæ фыдыбæстæйы куынæ уарзид, уæд йæ размæйы иуæй-иу æнæсæрфат хицæуттæ фæйнæрдæм нард хæйттæй цы фыдыбæстæйы зæххытæ фæлæвæрдтæ кодтой, уыдон фæстæмæ нæ æмбырд кæнид…

Хъуамæ нæ уырна, кæй та фæуæлахиз уыдзæн йе знæгтыл ацы хатт дæр. Уымæн æмæ нын æндæр гæнæн нæй! Йæхи бæстæйы цæрæг адæмæй кæй нæ уырны, уыдонæн сæ бар сæхи у, фæлæ махæн уый бар нæй, цæмæй йын, уыдонау, фидистæ кæнæм, цъыфкалæн ыл кæнæм! Нæ дæр ууыл, нæ дæр – йæ размæ чи уыд, ууыл!

Иу чидæр, Гобозтæй йæ мыггаг, ахæм бар ын ис æви нæ, фæлæ кæй кой кæнæм, уымæн йæ сæрыл чи хæцы, уыцы адæмы кæд хоны хуырым фыстæ. Йæ бæстæйы цæрæг адæмæй, дам, кæйфæнды бафæрс, иууылдæр, дам, йе сæфтмæ бæллынц, фæлæ, дам, йæ бæстæйæн æддейæ чи цæры, уыдон та, дам, хуырым фыстау, йæ сæрыл хæцынц, ирвæзынгæнæг æй хонынц…

Нырма уал уый æмæ йæхи бæстæйы цæрæг адæм се ппæт нæ бæллынц йæ сæфтмæ, иннæ та уый, æмæ цы «йæхи бæстæйæн æддейæ цæрджыты» кой кæны, уыдонмæ хауæм мах. Æмæ мах, бузныг кæмæй хъуамæ уæм, уыцы адæймагæн бузныг зæгъынхъом адæмы хоны хуырым фыстæ. Æмæ ма иунæг  куы уаид, фæлæ дзæвгар сты ахæмтæ… 

Ныр (кæй кой кæнæм, уый) куы бавдæлид, куы смæсты уаид æмæ йæ закъонон бартæй куы спайда кæнид… Бирæ йæ ницы хъæуы – иу гæххæттыл йæ къухфыст æрæвæрдта æмæ иу уысммæ фестадыстæм, августы хæсты размæ цы уавæры уыдыстæм, уыцы уавæры. Уæд куыд кæниккой, абон мах хуырым фыстæ чи хоны, уыцы зондджын «политиктæ» æмæ «аналитик-тæ», кæмæ фæдзуриккой æххуысмæ, чи нæ фервæзын кæ-нид? Грудинин?.. Æви афтæ цы змæнтæг загъта, куы, дам, спрезидент уон, уæд, дам, мæ фыццаг указ уыдзæн Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны банымад аивын?..

Æвæццæгæн мах фæлтæр ацы æнæсæрфат уавæрæй æндыгъддæр дуг нæ хъуыды кæ-ны… Зонгæ дæр æй нæ кæнæм, кæцы дæлзæхы дæлимонтæ йæ æрымысыдысты, цы у, цы нысан кæны, цы уыдзæн, цæмæ нæ æркæндзæн…

Фæлæ махæн хъуамæ уа  иунæг, æппæтадæмон позици: иугæр мах, куыдфæндыйæ, дæр уавæр фæивынхъом не стæм, уæд хъуамæ нæ бон зонæм, бæлвырддæр зæгъгæйæ, нæ къæхтæ хъуамæ адаргъ кæнæм, нæ уат куыд у, афтæ. Абон нæ дарæг, нæ уромæг чи у, уыцы хъомысджын сыхаг паддзахады сæргълæууæг махæн, не скаст кæмæ у, ахæм иунæг ныфс у. Хуыцау ма зæгъæд, фæлæ фæцудыдта, зæгъгæ, уæд æй фыццаг мах банкъардзыстæм æмæ бавзардзыстæм нæхиуыл, фыццаг мах уæрджытæ райдайдзысты цудын æмæ дыдæгътæ кæнын. Фæлæ уый бауадзын кæнæ ма бауадзынхъом дæр не стæм…Уæдæ ма цы, цы сæ уæлфад лæууы, кæйдæрты къæхты хъæрмæ чъыллипп кафт чи кæны, уыцы хуссайраг ирæт-тæн? Цы кæнут, цы уын нæ фаг кæны, боныфæстагмæ цы рын уæ тилы?.. Алцы туджы аргъ кæй у, уый тыххæй æрмæст хъаст кæнын фаг нæу, уый тыххæй кусын хъæуы. Ферох уæ, нæуæдзæм азты-иу нæ горæты цæрджытæ горæты алфæмблай быдыртæм æд къæпитæ æмæ æд белтæ кæрæдзи фæдыл куыд ныххал сты, уый? Ныр схъал стæм?.. Цалынмæ, кæрæдзийы хынцмæ кæй æфхæрут, уыцы лæг схицау æмæ нæм стыр Уæрæсе æрдзон газ рауагъта, уæдмæ Чъребайы адæм суглыгкæнæн хырхыты гуыр-гуырæй уыдысты уынгæджы, ныр та, уалдзæгæй фæззæгмæ, кæрдæг чи кæрды, уыдон гуыр-гуырæй къуырма кæнынц хъустæ. Горæты адæмы бæрæг фылдæр хай хисæрмагонд хæдзæртты цæрынц, уыцы хæдзæрттæй та алкæмæн дæр ис зæххы фадгуытæ, фæлæ сæ фылдæр скæрдæг вæййынц æмæ сæ мæй иу хатт уæддæр бахъæуы, кæрдын. Цæмæн?.. Алцы туджы аргъ куы у, уæд нæ зæххы фадгуытæ кæрдинаг цæмæн свæййынц?..

Æви нын уый дæр Путины аххос у, уый нын хъуамæ бакуса нæ цæхæрадæттæ дæр?!.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.