Ныртæккæ районы администраци цы куыстытæ æххæст кæны, уыдонæй иу у хæххон хъæу Къусджытæм фæндаджы цалцæг кæнын. Зымæджы фæстæ дæрдтаг, хæххон хъæуты фæндæгтæ фехæлынц æмæ сæ фæхъæуы аразын. Ацы проблемон фарсты тыххæй нын бæстондæрæй радзырдта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй йын фембæлд уыдис уыцы комы цæрджытимæ Уанелы хъæуы администрацийы. Цæрджыты иу-уыл тынгдæр цы тыхсын кодта æмæ администрацийы раз цы фарстытæ æвæрдтой, уыдон тыххæй бынаты дзырд цыдис æмæ сыл уынаффæ кодтой иумæ.

«Кусын куы райдыдтон, уæд Уанелы фембæлдтæн цæрджытимæ. Бынæттон цæрджытæй дарддæр ма фембæлдмæ æрцыдысты, Цæгат Ирыстоны чи цæры, фæлæ ацы комæй чи алыгъд, ахæмтæ дæр –  Гаглойты мыггагæй. Абон дæр ма сын Къусджыты ис хæдзæрттæ æмæ сын тынг адджын у сæ райгуырæн хъæу. Уыдон катай кодтой, фæндаг æмæ сæм электронырухс кæй нæй, уый тыххæй. Фæндаг Къусджыты хъæумæ, æцæгæйдæр, у тынг æвзæр. Уыцы авд адæймаджы тынг фæнды, цæмæй æрцæуой Хуссар Ирыстонмæ, сæ хъæумæ æмæ дзы скæной фос, бакусой сæ цæхæрадæттæ. Уыдон домдтой, цæмæй фæндаг саразæм, рог автомобильтæ дæр дзы куыд цæуой. Бынат фос дарынæн хорз кæй у, уый зонынц Къусджыты раздæры цæрджытæ æмæ бæллынц сæ фыдæлты фæрныг зæххытæм. Ныртæккæ дæр ацы хъæуы цæрынц дыууæ хæдзары бинонтæ. Æдзæрæг хæдзæрттæ та дзы бирæ ис. Районы фос чи дары, уыдонæй сæрдыгон ардыгæй рацæугæ чи сты, уыдон Къусджыты æфцгуытыл фæхизынц сæ фос æмæ вæййынц райгонд. Хæххон кæрдæджы æхсыр æмæ уымæй райсгæ продукцийæн æндæр ад ис. Рагæй фæстæмæ дæр дзауаг цыхтæн стыр аргъ кодтой. Кæд хъæуы ныртæккæ дыууæ хæдзары йедтæмæ нæ цæры, уæддæр сын хъæуы сæ фæндаг саразын. Уымæн æмæ хъæууон цæрæгæн фыццаг рады сты фæндæгтæ, рухс æмæ дон. Ацы фæндаджы арæзтад мах уæд бахастам районы рæзты программæмæ, проблемæ зонынц нæ Хицауад дæр æмæ куыддæр боныгъæд фæхуыздæр уа, афтæ йыл райдайдзыстæм кусын. Махмæ мит æмæ къæвда арæхдæр кæй уарынц, уымæ гæсгæ нын ахæм куыстытæ фæфæстиат вæййынц. Иннæ фæндаг та хъуамæ саразæм Ниниайы хъæумæ. Ам ма та ис æртæ хæдзары æмæ сæм фæндаг никуы уыдис арæзт. Уыцы къуылдым-мæ цæуынц къахæй æмæ уынгæджы вæй-йынц сæрдæй, зымæгæй. Ныр мах фæнд кæнæм, цæмæй сæм фæндаг балыг кæнæм Моргойы хъæуæй, афтæ сын æнцонвадатдæр уыдзæнис. Ам ма кæмдæрты хъæудзæнис ставд трубæтæ ныппарын дæр, цæмæй къанауы ивылд дæттæ ма хæццæ кæной фæндагмæ. Трубæтæ самал кодтам æмæ сæ æрластам», – загъта райадминистрацийы сæргълæууæг. Куыд ма банысан кодта, афтæмæй сын ацы фæндæгты арæзтадæн ис æппæт уавæртæ дæр, сæйраджы та, финансон фæрæзтæ.

АРХАЙЫНЦ, ЦÆМÆЙ РАЙТЫНГ УА  КАРТОФ ТАУЫНЫ ХЪУЫДДАГ

Уалдзæджы æрбалæудимæ хъæууон-хæдзарадон куыстытæ сбирæ вæййынц æмæ алы зæхкусæг дæр фæтырны, цæмæй сыл рагацау фæтых уа æмæ сæ куыд æмбæлы, афтæ бакуса. Уалдзыгон куыстытæм быдыр бынæтты рæстæгмæ гæсгæ раздæр бавналынц, фæлæ хæххон зонæйы ацы хъуыддаг фæфæстиат вæййы. Дзауы район йæ равæрдмæ гæсгæ хæххон зонæмæ кæй хауы, уымæ гæсгæ ам уалдзыгон куыстытæ райдайынц фæстæдæр, уæлдайдæр та бæрзонд хæххон хъæуты. Зæхх зилын уарзы, æххæст кæнын хъæуы агрономты амындтытæ æмæ уæд тыллæграйст дæр вæййы хуыздæр.

Дыууæ азы размæ Хицауады æмвæзадыл бадзырдæуыд, цæмæй Дзауы районы райтынг кæной картоф тауыны хъуыддаг. Бæрæг куыд у, афтæмæй Дзауы районы æрдзон-уæлдæфон уавæртæм гæсгæ ис тынг хорз потенциал ацы хъуыддаг райтынг кæнынæн. Уый тыххæй сæ хъуыдытæ фæзæгъынц, ацы районы чи цæры æмæ ма раздæр ацы куыстыл лæуд чи уыдис, уыдон. Абон дæр ма æрхъуыды кæнынц, ууыл коллективонæй куыд куыстой æмæ куыд гъæдджын, лæхурæг картофы тыллæг истой, уый. Ныр куыддæр фæбонтæ кæна, афтæ хъуамæ æрæвналой картоф садзынмæ. Районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ администрацийы æххуысæй цалдæр фермерæй Чеселт æмæ Котантойы зæххыты хъуамæ байтауой картоф. «Раздæр дæр-иу Дзауы районы цæрджытæ тыдтой картоф æмæ ныр дæр цæмæннæ хъуамæ фезмæлæм æмæ байтауæм? Ацы хъуыддагыл æхсызгонæй сæмбæлдысты фермертæ. Мах сын баххуыс кæндзыстæм, æрласын сын кæндзыстæм тауинаг Цæгат Ирыстонæй. Фермер Тедеты Сурен куыд зæгъы, уымæ гæсгæ йæм Цæгат Ирыстоны тауинаг ис æхсæз тоннæйы бæрц. Уымæн йæхицæн, бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, йæ бон нæу æмæ æрласа уыцы тауинаг картоф. Уымæ гæсгæ мах бацархайдзыстæм, цæмæй йын сæ æрласын кæнæм. Администрацимæ ма нæхи фермертæй чи бахатыд, уыдонæн дæр тауинаг æрласдзыстæм дæс тоннæйы бæрц. Сæ зæххытæ дæр хуымгонд æрцæудзысты мах æххуысы руаджы. Куы сæ тауой, уæддæр сæм фæкæсдзыстæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, цы тыллæг райсой, уымæй администраци дæр хъуамæ уа хайджын, уымæн æмæ æххуыс фæкæнæм æвæрæз, цыбыркъух бинонтæн, скъолатæн, рæвдауæндон æмæ рынчындонæн. Уырыссаг æмбисонд куыд зæгъы, уымæ гæсгæ цъиуты фæззæджы нымайынц. Цы сисæм, уыдон кæд тынг бирæ нæ уой, уæддæр æппыннæйы бæсты уыдзæн хуыздæр. Итраписы нын цы быдыр ис, уый развæлгъау бахуым кодтам. Цæмæй хъæууонхæдзарадон куыстытæ фæззæджы бæркадджын уой, хъæздыг тыллæг æркæнæм, уый тыххæй байтыдтæм хъуамæ хæццæ кæнадонхæры дон. Уыцы хъуыддагыл бацархайдтой цалдæр азы размæ æмæ йæм æруагътой дон дæр. Итраписы зæхх мæгуырау зæхх у æмæ нырма бæрæг нæу, ацы ран картоф байтаудзыстæм æви нæ. Цъыруйы хъæуы дæр амæй размæ æртæ азы фæд-фæдыл байтыдтой картоф, фæлæ сæ тыллæгæрзадæй нæ баззадысты райгон-дæй, хъаст кодтой уыцы зæххыты арендатортæ. Фæнды нæ картоф байтауын Чеселт, Котанто æмæ Мацхарайы хъæуты. Куыддæр нæ къухты тауинаг бафта, афтæ сæ къуырийы æмгъуыдмæ байтаудзыстæм», – загъта Джиоты Андрей.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.