Ныртæккæ æппæт дунейы адæмæн тæссагдзинад цы ногфæзынгæ вирус хæссы, уый иууыл тæссагдæр у ацæргæ адæмæн. Уымæн æмæ ацæргæ адæймæгты иммунитет вæййы лæмæгъдæр. Статистикæ куыд амоны, афтæмæй уыдонæй бирæтæн вæййы хроникон низтæ дæр æмæ сæ фылдæр хъæуы сæхи хъахъхъæнын.

Хуссар Ирыстоны цы медико-социалон центр, «Аудындзинад», куыд зонæм, афтæмæй хаст æрцыд горæты цæгатварс цы ног бæстыхай арæзт æрцыд, уырдæм.

Ныртæккæ ам цæры 25 ацæргæ адæймаджы. Сæйраджыдæр, сты 70 азæй 92 онг азы  кæуыл цæуы, ахæм зæрæдтæ. Мах цымыдис кодтам куыд хъахъхъæд цæуынц ам карантины нормæтæ.

«Аудындзинад»-ы директор Теблойты Чермен куыд зæгъы, афтæмæй медико-социалон центры кусджытæ æрвылбон дæр аразынц дезинфекци. Бон цалдæр хатт сæрмагонд дезинфекцигæнæн фæрæзтæй сæрфт цæуынц зæрæдты хатæнтæ, сæ дуæрттæ, рудзгуытæ æмæ мигæнæнтæ. Æрвылбон дæр ам цæрæг зæрæдтæн байуарынц маскæтæ.

Семæ цы медперсонал кусынц, уыдон цы автотранспортыл цæуынц, уый дæр æппынæдзух цæуы дезинфекцигонд. Ныртæккæ пансионат кусы уадзæн режиммæ гæсгæ. Æдасдзинады нысанæн ацæргæ адæймæгтæй домынц, цæмæй гæнæнуæвгæйæ æддæмæ ма хизой. Алкæмæн дæр ныр йæ хатæны ис хинайæнтæ, телевизортæ æм а.д.

Хатт сæм бæрæггæнæг æрбацæуынц сæ хиуæттæй чидæртæ, фæлæ уыдон дæр хатæнтæм нæ бахизынц. Хицæн сын æрцыд сæрмагонд бынат æмæ уым амбæлынц. Ахæм фембæлдтыты рæстæг у 15-20 минуты, уый фæстæ ногæй дезинфекцийы процедурæтæ уагъд æрцæуынц. Раздæр зæрæдты уагътой горæтмæ дæр, цæмæй сæ хиуæтты бабæрæг кодтаиккой. Ныр сæ нал уадзынц цалынмæ низы æдасдзинад фæлæмæгъ уа, уæдмæ.

«Пансионат «Аудындзинад»-ы цæрæг æвæгæсæг адæймæгтæ кæд изоляцийы сты, уæддæр рох не сты бирæтæй. Сæ зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнынмæ æмæ сын хæлцадон продукттæ арæх бахæссынц чысыл æмæ астæуккаг бизнесыл хæст амалиуæггæнджытæ. Æрæджы та, куадзæнмæ ахæм хæрзаудæн акци сарæзта нæ горæты цæрæг Куымæридтаты Земæ. Уый пансионаты цы зæрæдтæ ис, уыдонæн бахаста куличтæ, ахуырст æйчытæ, алыгъуызон адджинæгтæ, кæцытæ скодтой, йе ‘фсымæрæн 8-æм июны уынгыл цы кандитерон цех ис, уым. Æрбахаста ма минералон дон «Бæгъиат»-тæ, адджын дæттæ, сæ-кæр, æхсыры къоппытæ, какао, кисель æмæ алыгъуызон конфеттæ», – зæгъы Теблойты Чермен.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй Куымæридтаты Земæ ахæм хуынтæ æвæгæсæг зæрæдтæн фыццаг хатт  не ‘рбахаста. Иу бæрæгбоны дæр сæ нæ рох кæны. Мах, пансионаты куысджытæ, зæгъгæ, стыр бузныг стæм ахæм зæрдæхæлар адæмймæгтæй. «Аудындзинад» арæх райсы æххуыс нæ горæты хъæууонхæдзарадон колледжæй дæр. Кондитерон  хайад цы дзаджджын хæринæгтæ саразы, уыдон æрбахуын кæнынц пансионаты цæрæг зæрæдтæм. Бацæуынц сæм иумийагахуырадон скъолаты ахуыргæнинæгтæ концертон номыртимæ. Сæххæст кæнынц зарджытæ, кæфтытæ, бакæсынц сын æмдзæвгæтæ.

Теблойты Чермен бузныджы ныхæстæ загъта, ахæм хæрзаудæн куыст чи кæны, уыдонæн: «Æгайтма нæ горæты цæрджытæй бирæтæн ис æнкъараг зæрдæтæ. Махмæ цы зæрæдтæ цæрынц, уыдон хæлццух никуы вæййынц. Хицауад алцыдæр аразы уыдоны хæрзиуæгæн. Уарзут уæ алыварс адæмы, уæхиуæтты, уæ ныййарджыты. Афтæ куы уа, уæд нал уаиккой мæнæ ахæм пансионаттæ дæр», – загъта уагдоны директор.

Уазæгты Марфæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.