Куыд ивгъуыд аз, афтæ та ацы аз дæр Цхинвалы районы администраци уæлдай хъусдард дары районы хъæутæм фæндæгтæ аразын æмæ сæ донæй сифтонг кæныны хъуыддагмæ. Цхинвалы районы арæзтадон-коммуналон хæдзарады сæргълæууæг Уазæгты Мевлуд зæгъы, зæгъгæ, ахæм куыстытæ районы æрвылаз дæр бакæнынц. Цæмæй доны хæтæлтæ капиталонæй арæзт цæуой, уый тыххæй хъæуы стыр æхцайы фæрæзтæ. Нырма ссарын хъæуы хъæумæ хæстæг суадон, кæцы дзуапп дæтта æппæт санитарон нормæтæн. Уый фæстæ уым саразын хъæуы донæмбырдгæнæн резервуар. Æппæт уыцы куыстытæ кæнын æнцон нæу, иуæй, фаг техникæ кæй нæй, стæй чи ис, уыдон та арæх ацъæл вæййынц. Ахæм рæстæджы бахъæуы куыстытæ æруромын дæр.

Хицауадæн йæ бон ницы суыдзæнис саразын æнæ цæрджытæй, уыдон сæхæдæг тынгдæр хъуамæ тырной сæ хъæубæсты фæндæгты æмæ доны фарстытыл. Зæгъæм, цы донхæры къанаутæ сæм цæуы, уыдонмæ сæ хъус сæхæдæг хъуамæ дарой. Раздæр-иу хъæубæсты лæгтæ рацыдысты зиумæ æмæ-иу иумæйаг тыхтæй ралыг кодтой, къанау кæуылты цæуы, уыцы бынæтты бæлæстæ æмæ къутæртæ. Бынæттон цæрæгæй хуыздæр чи хъуамæ æрбæстон кæна, уыцы хъуыддаг. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадæн йæ хæс у, доны гуырæнæй хъæуы иумæйаг резервуармæ дон æрбауадзын. Фæлæ хъæуы цæрджытæй алкæй дæр фæфæнды суанг йæ хæдзармæ æрбауадзын дон. Ныхуынчъытæ кæнынц сæйраг хæтæл, куыд æмбæлы, афтæ йæ нæ баиу кæнынц æмæ йыл уый фæстæ афтæмæй бакалынц сыджыт.

Афтæмæй донæн йæ фылдæр æрдæг фæлæдæрсы зæхмæ. Хъæутæн сæ фылдæры ис фыдæлты суадæттæ, фæлæ дзы бирæтæ æнæхъусдардæй кæрдæг æмæ броны бын фæвæййынц.

Бирæ хъæуты сæйрагдæр уынгты конд æрцыд электроны цырæгътæ, цæмæй талынджы адæм ма тыхсой. Уыдонæй бирæты ныцъæл кæнынц. Уыдæттæм дæр хъуамæ хъæубæсты цæрджытæ сæ хъус сæхæдæг дариккой.

Уазæгты Мевлуд ма куыд зæгъы, афтæмæй хъæуты ноджыдæр ис ахæм проблемæ: донæмбырдгæнæн резервуартæ, кæд хъæубæсты цы адæм цæры, уыдоны нымæц хынцгæйæ, арæзт æрцæуынц, уæддæр хатт дон нæ фæфаг кæны цæрджытæн сæхи аххосæй. Резервуартæм хæстæг цы цæрджытæ цæрынц, уыдон дон бауадзынц сæ цæхæрадæттæм æмæ дзы æдзæсгомæй фæпайда кæнынц. Дæрддзæф цы цæрджытæ цæрынц, уыдонмæ нал фæхæццæ кæны æмæ сæрдыгон бонты донхъуаг æййафынц. Сæ цæхæрадæтты донхæр куыннæуал фæхъæуы, уæд та хъæуы кæронмæ дæр дон рацæуы. Хъыгагæн, иуæй-иу хатт ацы фарстаты тыххæй районы администраци бадзуры барадхъахъхъæнæг органтæм, уыдон бафæдзæхсынц цæрджыты, саразынц сыл акттæ дæр.

Уазæгты лæппу ма куыд загъта, афтæмæй донуадзæн куыстытæ ацы аз бакодтой Дменис (1,5 км.), Дампъалет (2 км.), Зары хъæуы (800 м.), Арцеу, Ортъеуы æмæ Къостайыхъæуы. Ныртæккæ куыстытæ фæуынхъус сты Гудзабары хъæуы, уым дæр ивд æрцыдысты доны зæронд хæтæлтæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.