13 июны Президент Бибылты Анатоли Знауыры районы администрацийы коллективы æмæ Знауыры поселочы цæрджыты базонгæ кодта районон администрацийы ног сæргълæууæг Гæбæраты Иналимæ.

Президентимæ уыдысты Хуссар Ирыстоны Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь æмæ республикæйы Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг.

Паддзахады сæргълæууæг куыд радзырдта, афтæмæй ныхас кодта Знауыры районы хъæуты цæрджытимæ æмæ уыдон иууылдæр рахæцыдысты Гæбæраты Иналы кандидатурæйы фарс, уымæн æмæ йæ  арæхстдзинад æмæ фæлтæрддзинад фæбæрæг сты, 2011 азæй 2012 азмæ ацы бынаты куы куыста, уæд.

«Æз уын амæйразмæ дæр загътон, районы администрацийы сæргълæууæг нысангæнгæйæ кæй бахынцдзынæн бынæттон цæрджыты фæндон дæр. Знауыры районы алкæцы хъæуы минæвæртты фæндæттæм байхъусгæйæ, æз æрцыдтæн ахæм хъуыдымæ æмæ æрлæууыдтæн Гæбæраты Иналы кандидатурæйыл. Кæд уый раздæр ацы бынаты бирæ нæ фæкуыста, уæддæр районы адæмы ‘хсæн ныууагъта хорз ном. Адæм æй уарзынц æмæ йын кад кæнынц, йæ патриотизмыл дæр ын ничи дызæрдыг кæны. Йæ хорз ном бæрæг у, спортсментæ æмæ æвзонг фæлтæры кæй хъомыл кæны, уымæй дæр. Мæн ныфс ис, æмæ Знауыры районы цæрджытæ æрбалæудзысты Администрацийы сæргълæууæджы фарсмæ æмæ йын баххуыс кæндзысты йæ дарддæры архайды», – загъта Президент.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй æвзæрстыты агъоммæйы кампанийы рæстæджы парти «Иугонд Ирыстоны» æвзонг минæвæрттæ æрæмбырд кодтой горæт æмæ районты цæрджыты фыстæджытæ-куырдиæттæ, цыран фыстой сæ проблемæты тыххæй. Уыцы куырдиæттæй Знауыры районы администрацимæ цы хауы, уыдон Бибылы фырт радта Гæбæраты Иналмæ.

«Абон администрацийы ног сæргълæууæгмæ æз дæттын ацы фыстæджытæ, æмæ сæ цы проблемæтæ ис фыст, уыдон скъуыддзаг кæндзыстæм нæ иумиаг тыхтæй», – загъта паддзахады сæргълæууæг æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны алы районы рæзты тыххæй дæр бацæттæ æрцæудзæн æмбæлон программæ.

«Махæн нæ хæс у, цæмæй цы проекттæ бацæттæ кæнæм, уыдон фæрогдæр кæной не ‘мбæстæгты царды уавæртæ, цæмæй алчи дæр банкъара, хъæуты цы проблемæтæ ис, уыдон æвæрццагæй скъуыддзаг кæй цæудзысты», – баныфс сын æвæрдта уый æмæ æрсидт адæммæ, цæмæй кæрæдзийы фарсмæ балæууой æмæ архайой бæстæйы размæдзыдыл.

«Махмæ нæй «бибиловецтæ», «тибиловецтæ» кæнæ «кокоевецтæ», нæдæр нæм ис ахæм æмбарынадтæ, куыд «зæронд командæ» кæнæ «ног командæ». Ис Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм æмæ мах иу фронтæй иумæ куынæ кусæм нæ бæстæйы хæрзиуæгæн æмæ размæдзыдыл, уæд нын ницы бантысдзæн», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Знауыры районы администрацийы раздæры сæргълæууæг Джиоты Рустам раарфæ кодта администрацийы ног сæргълæууæг Гæбæраты Иналæн, загъта йын æнтыстыты фæндиæгтæ æмæ уый дæр æрсидт районы цæрджытæм, цæмæй Президенты æмæ районы ног къухдариуæггæнæджы фарсмæ балæууой æмæ иумæ æрæвналой республикæйы экономикон райрæзт фæцырддæр кæныны сæраппонд куыстмæ.

Йæ рады Гæбæраты Инал Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийæн загъта бузныджы ныхæстæ, кæй йыл баууæндыд, уый тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, æппæт дæр сараздзæн районы цæрджыты царды уаг фæхуыздæр кæныны тыххæй.

«Нырмæ дæр районы бирæ сырæзт, фæлæ ма аразинаг дæр бирæ баззад. Мах нæ тых, нæ хъаруйыл нæ бацауæрддзыстæм æмæ нæ нæ къух куыд амона, афтæ кусдзыстæм, цæмæй нæ районы цæрджыты цард фæрогдæр уа æмæ сæ уавæртæ фæхуыздæр уой», – банысан кодта районы ног сæргълæууæг Гæбæраты Инал.

Уый куыд загъта, афтæмæй зонгæ у, куыд районы цæрджытимæ, афтæ сæ проблемæтимæ дæр.

«Æз зонгæ дæн районы цæрджытимæ, зонгæ дæн сæ сæрмагонд проблемæтимæ дæр æмæ районы масштабы проблемæтимæ дæр. Абон уæ разы дзырд дæттын мæ бæрны уæвæг хæстæ æххæстбæрцæй кæй сæххæст кæндзынæн. Æз цæттæ дæн куыстмæ æмæ районы раразмæ кæнынмæ», – банысан кодта Гæбæраты Инал.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.