УЫДЗÆН НЫМÆЦОН ТЕЛЕУЫНЫНАД ÆГАС РАЙОНЫ

РХИ-йы Парламенты экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады комитеты сæрдар Джиоты Инал фембæлд Бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдар Джиголаты Хасанимæ.

Джиойы фырт банысан кодта, фарон æм Дзауы районы номæй кæй бахатыд, цæмæй районы телеалæвæрдты гъæд фæхуыздæр кæной –  аналогон телеуынынад æвзæр æвдыста, кæддæрты-иу сигнал бынтондæр фесæфт.

«2018 азы æз официалонæй бахатыдтæн Хасанмæ, цæмæй Дзауы районы æвæрд æрцæуой ретранслятортæ. Уый бацархайдта æмæ ацы фарст скъуыддзаг æрцыд», – загъта депутат.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Дзауы поселочы, Моргойы хъæуы, афтæ ма Хуыцъе, Къроз, Гуфта, Тъонтъобет æмæ Борджнисы хъæуты кусы нымæцон телеуынынад æмæ зæгъгæ, уый у Джиголаты Хасаны фæрцы.

Уый фæстæ парламентари бацымыдис кодта нымæцон телеуынад кæд аххæсдзæн Дзауы районы иннæ хъæутыл, ахæмтæ куыд Уанел, Рукъ, Едыс, Ерман, Итрапис æмæ æндæртыл, афтæ Къуыдаргомы хъæутыл дæр.

Джиголаты Хасаны ныхæстæм гæсгæ, дунейы нымæцон технологитæ рагæй рæзынц. Уымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад рахаста ахæм уынаффæ, цæмæй æппæт республикæйы дæр уа нымæцон телеуынынад. Фыццаджы уал план кодтам республикæйы хуссар хайы саразын нымæцон телеуынынад, фæлæ Джиоты Иналы куырдиатмæ гæсгæ, фыццаг райдыдтой Дзауы районæй. 2018 азы ретранслятортæ сфидар кодтой æрмæст Дзауы поселочы. Ацы азы та план цæуы Дзауы районы хъæуты аналогон каналты передатчиктæ, сæвæрын фыццаджы уал ПТРК «Ир» æмæ сæйраг уæрæсейаг каналтæн.

«2019 азы нымæцон телеуынынад хъуамæ аххæсса районы 92 процентыл, дарддæр та – 100 проценты. Ацы аз уый æххæстæй арæзт æрцæудзæн горæт Къуайсайы. Ныртæккæ мах æнхъæлмæ кæсæм экспертизæмæ. 15 февралы фæстæ хъуамæ хицæн æрцæуой æхцайы фæрæзтæ æмæ мах куыстытæм æрæвналдзыстæм», – банысан кодта Джиголайы фырт. -Интернеты фæдыл дзургæйæ та, зындгонд куыд у афтæмæй, РХИ-йы кусы иу интернет провайдер, уый у хисæрмагонд компани «Юг-Телеком», кæцы иу азы дæргъы æххæстæй сифтонг кодта Цхинвалы кабелон инетернетæй. Уый тынг хорз кусы æмæ интернетæй пайдагæнджытæ сты райгонд. Дæ куырдиатмæ гæсгæ, мах уыцы компанимæ бахатыдстæм, æмæ махæн ныфс бавæрдтой, зæгъгæ, иу мæйы фæстæ æрæвналдзысты Цхинвалæй Дзаумæ бастдзинады оптикон хæххытæ уадзынмæ, уый фæстæ та иу кæндзысты абонентты. Æмæ кæд хорз боныгъæдтæ ахæссой, уæд æппæт куыстытæ фæуы-дзысты æртæ мæймæ».

Уымæй уæлдай ма, Бастдзинады комитеты сæргълæууæг банысан кодта, Дзаумæ оптофæскъауон хæххытæ уадзыны фæстæ,азы кæронмæ интернет уагъд æрцæудзæн Тъбет, Къостайы хъæу, Дменис, Сатихъары хъæутæм æмæ Знауыры поселокмæ

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты

 Информацион-аналиткон службæ

 

 

НЫФС БАВÆРДТОЙ ПРОБЛЕМÆТÆ  АСКЪУЫДДЗАГ КÆНЫНÆЙ

РХИ-йы Парламенты депутат Коцты Игорь фембæлд Нæузæххонты уынджы 4-æм æмæ 5-æм бирæфатерон хæдзæртты цæрджытимæ æмæ сын базонгæ сæ проблемæтимæ. Парламентариимæ фембæлд уыд цæрджытæн сæхи хъæппæрис.

Коцты Дианæйы ныхæстæм гæсгæ, фембæлды нысан уыд сæ хæдзары канализацион системæйы бирæазон проблемæ.

«Нæ хæдзары канализацион хæтæлтæ арæх атонынц. Æмбæлон службæтæм бирæ хæттыты сидтытæ-иу æппындæр ницы фæстиуæгмæ æркодтой. Кæд-иу æй сарæзтой, уæддæр-иу цалдæр боны фæстæ ногæй атыдта. Канализацийы хаххы тæф хæццæ кæны 7-æм уæладзыгмæ», – радзырдта Коцты Дианæ.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, цæрджытæн сæ бон нæу сæ ныккæндтæй пайда кæнын, уымæн æмæ сæ æмбырд кæны дон. Афтæ агъуыстæй зæххмæ нæй къæвдайы дондзæуæн хæтæлтæ, уый фæстиуæгæн дон лæдæрсы къултыл æмæ кæлы хæдзары бахизæнтæм, ныккæндтæм.

Ацы бирæфатерон хæдзæртты цæрджытæ тыхсынц, ныккæндты цы дон æмбырд кæны, уый фундаменттæн куы разиан кæна.

Нæй хæдзæрттæм бахизæнты дуæрттæ конд дæр.

Фембæлды хайад райстой цæрæнуатон-эксплуа-тацион комитеты минæвар Зæгъойты Ацæмæз æмæ ГУП «Водоканал»-ы кондадон-техникон хайады сæргълæууæг Джиоты Андрей.

Зæгъойты Ацæмæз куыд бамбарын кодта, афтæмæй канализацион хæтæлтæ базæронд сты æмæ сæ хъæуы ивын.

«Ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныны мадзæлттæй иу у, хæдзары фарсмæ цы сывæллæтты цæхæрадон ис, уымæн хицæн канализацион хæххытæ ауадзын. Уымæй бæрæгбæрцæй фæкъаддæр уаиккой канализацион хæтæлы дон дæр æмæ сойджын фæлхортæ дæр, кæцытæ байдзаг вæййынц хæтæлы æмæ дон цæуын нал фæуадзынц», – загъта Зæгъойты Ацæмæз.

Уый ныфс бавæрдта цæрджытæн, ацы аз хæдзармæ бацæуæнты дуæрттæ æвæрд кæй æрцæудзæн,  уымæй.

Ныккæндты уавæр бабæрæг кæнгæйæ, депутат цæр-джытæн ныфс бавæрдта, æмбæлон органты æрдыгæй проблемæ æнæ хъусдард кæй нæ баззайдзæн, уымæй.

«Ныртæккæ хæрзарæзт цæуынц хæдзæртты алыварс территоритæ, уыимæ иумæ ивд æрцæудзысты коммуникацитæ бирæфатерон хæдзæртты ныккæндты æмæ цалцæг цæудзысты хæдзæртты подъездтæ. Фæнд цæуы иу азмæ хи бюджетон фæрæзтæй цалдæр бирæфатерон хæдзар сцалцæг кæнын æмæ сын сæ алыварс территори схæрзарæзт кæнын.Уæхæдæг æй æмбарут,

бирæфатерон хæдзæртты иууылдæр иугæндзонæй сцалцæггæнæн нæй, фæлæ уыцы здæхты куыст цæудзæн æдзухæй дæр», – загъта Коцты Игорь.

ГУП «Водоканал»-ы кондадон-техникон хайады сæргълæууæг Джиоты Андрей дæр йæ рады ныфс бавæрдта ацы бирæфатерон хæдзæртты цæрджытæн, зæгъгæ, ацы уалдзæджы хæдзæртты коммуникацитæ ивд æрцæудзысты æнæрадæй.

«Мах æнæмæнгæй ссардзыстæм фæрæзтæ канализацион хæтæлтæ раивынæн тыххæй, афтæ ма сæвæрдзыстæм, сойтæ кæм æмбырд кæной, ахæм системæ, цæмæй проблемæ ма æвзæрын кæна», – банысан кодта Джиоты Андрей.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты

 информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.