РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли схорзæхджын кодта Хуссар Ирыстоны 2008 азы августы гуырдзыйы агрессийы рæстæджы цаутыл чи фыстой, уыцы уæрæсейаг журналистты.

2008 азы августы гуырдзыйы агрессийы рæстæджы цаутæ объективонæй æвдисын æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайныл 10 азы сæххæсты сæраппонд «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты сæраппонд» майданæй хорзæхджын æрцыдысты:

– Уæрæсейы сгуыхт журналист, Æппæтуæрæсейаг паддзахадон телерадикомпанийы сæрмагонд уацхæссæг Евгений Поддубный;

– Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналисткæ, Мультимедион информацион центр «Известия»-йы продюсер Ольга Кирий;

– «Russia Today»-йы телеоператор Кокайты Асхат;

– телеканал «Звезда»-йы продюсер Николай Баранов;

– «Russia Today»-йы уац-хæссæг Ашраф Эль Сабах;

– телеканал «ТВ центр»-ы телеоператор Алексей Комаров;

– телеканал «ТВ центр»-ы звукооператор Алексей Степанов-Молодава.

Бибылты Анатоли раарфæ кодта репортертæн бæрзонд хорзæхтæ райсыны тыххæй, йæ цæст сын бауарзта æнæниздзинад, ахадгæ æнтыстытæ æмæ сæ фæхуыдта Цхинвалмæ, зæгъгæ, республикæ арæзт цæуы æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ зынаргъ хæлæрттæн æхсызгон уыдзæн Хуссар Ирыстоны цы ивындзинæдтæ цæуы, уыдон фенын.

«Абон мæныл ис Хуссар Ирыстоны адæмы номæй паддзахадон хорзæхтæй уæрæсейаг журналистты хорзæхджын кæныны стыр бæрн. Уыдон равдыстой лæджыхъæд, хъæддыхдзинад æмæ æцæг хъæбатырдзинад 2008 азы августы РХИ-йы адæмы ныхмæ Гуырдзыстоны агрессийы рæстæджы. Трагикон цауты тыххæй дзыллон информацион фæрæзты лæвæрдтой объективон информаци. Уæрæсейаг информацион каналты кусджытæ алыхаттдæр рæстæгимæ иумæ æмдзу кодтой, сæ курдиат æмæ профессионализмæй, хъуыддагмæ бæрнджын ахастæй лæггад кодтой журналистикæйы хуыздæр традициты рæзтæн. Ныфс мæ ис, дарддæр дæр афтæ кæй уыдзæн», – загъта Президент.

Хорзæхджын кæныны церемонийы хайад райста Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр.

 

Мидхъуыддæгты министрад фæдзæхсы

Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад курæг у цæрджытæй, цæмæй уой арæхстджын æмæ цырддзаст, зæрдæхсайгæ предметтæ ссаргæйæ та фехъусын кæной милицимæ æмæ æнамонд цау ма æрцæуа.

Æрæджы РХИ-йы паддзахадон арæнмæ æввахс, донхæргæнæн канауы тракторист ссардта артиллерион снарядтæ, кæцытæ уым баззадысты 2008 азы хæстæй.

«Бынатмæ бацыдсты РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады фæдагурæн-оперативон къорд æмæ Цхинвалы районы Мидхъуыддæгты управленийы оперативон къорд, афтæ ма РХИ-йы Мидхъуыддæты министрады ОМОН æмæ Уæлвтæкон министрады саперон къордтæ», – хъусын кæны Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ.

Бынатмæ бацæугæйæ бæрæг æрцыдысты æмæхсты реактивон системæ «Град»-ы æмæ хæдцæугæ артиллерион ифтонгады снарядтæ.

«Æппæт снарядтæ дæр сты фæсарæнты уагъд. Уыдоны сапертæ  спырх кæндзысты», – банысан кодтой Мидхъуыддæты министрады.

Ахæм рæмудзæн æрмæджытæ æмæ снарядтæ фыццаг хатт не ссардæуыд Республикæйы территорийыл. Хъыгагæн, уыдис-иу трагикон цаутæ дæр, æмбæстæгтæ-иу куы ссардтой ахæм тæссаг предметтæ æмæ семæ æнæархæстæй архайыны фæстиуæгæн куы æркодтой серьезон травмæтæ æмæ удзиæнттæм дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.