21 июны уагъд æрцыд РХИ-йы Парламенты æстæм сессийы æстæм рабадт. Уагъдта йæ РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Боны фæткмæ хаст æрцыдысты цалдæр фарсты. Сæйраджыдæр, “РХИ-йы чысыл амалиуæгадæн льготон кредиттæ дæттынæн ахъазгæнæг Фонды бюджеты тыххæй” РХИ-йы Закъоны проект, кæцы уынаффæ кæнынмæ æрбавдыста Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады комитеты сæрдар Джиоты Инал.

Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, банысан кодта, ацы закъоны проект æнæмæнгхъæуæг кæй у чысыл амалиуæгадæн æххуысы тыххæй æмæ  æрсидт депутатон корпусмæ, цæмæй райст æрцæуа.

Æруынаффæ йыл кæныны фæстæ закъоны проект æмхъæлæсæй ист æрцыд.

Уымæй уæлдай ма, Бюджет æмæ хъалонты исæны фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Цоциты Игорь уынаффæ кæнынмæ рахаста “Бюджетон арæзтад æмæ бюджетон процессты бындурты тыххæй” РХИ-йы Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй” РХИ-йы Закъоны проект.

Закъоны проектыл дзургæйæ, финансты министр Хæбæлаты Азæ бамбарын кодта, кæд ныры онг финансон контроль æххæст кодта Контролон-нымайæн палатæ, уæд ныр финансты министрад райдайдзæн ацы фадыджы йæ бартæ æххæст кæнын. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, арæзт  цæуы æнæмæнгхъæуæг закондæттæн бындур.

Ацы закъоны проект депутаттæ æмхъæлæсæй райстой.

Рабадты ма сфидар кодтой Гуырдзыстоны Республикæимæ РХИ-йы паддзахадон арæнты делимитаци æмæ демаркацийы тыххæй парламентон фæдсгарæн къамисы регламент, кæцы уынаффæ кæнынмæ æрбавдыста РХИ-йы Парламенты вице-спикер Тедеты Руслан.

Депутатты сессийы ма байхъуыстой РХИ-йы Хицауады 2017 азы архайды фæстиуджыты тыххæй хыгъдмæ.

Хицауады хыгъд æрбавдыста премьер-министр Пухаты Эрик.

Депутатты цымыдис кодтой алыгъуызон фарстатæ – бирæфатерон хæдзæртты ар-æзтад, кæцыдæр арæзтадон объектты къуылымпытæ, демографийы æмæ æндæртæ.

Депутаттæй сæ фылдæры цымыдис кодта демогрфийы фарст. Банысан кодтой, зæгъ-гæ, уый у республикæйы иууыл сæйрагдæр проблемæтæй  сæ  иу, æмæ ацы фарст аскъуыддзаг кæнынæн хъæуы хицæн паддзахадон программæ.

Премьер бансын кодта, ацы фадыджы кæй цæуы бæлвырд куыст.

“Цыфæнды программæ дæр хъуамæ ифтонг цæуа финансон æгъдауæй. Мах уал сывæллæтты æххуыс æмæ сывæллоны райгуырды фæдыл фиддонтæ фæфылдæр кодтам. Мады капиталы фиддоны фарстыл иу æмæ дыууæ хатты нæ дзырдтам, фæлæ уый хъæуы бирæ финанстæ.

Кæд мах нæхи æфтиаг фæфылдæр кæнæм, уæд, мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы фарстыл уынаффæ кæнын бахъæудзæн. Махæн,  кæй зæгъын æй хъæуы, УФ-йы бæрц мады капитал, нæ бон не суыдзæни фидын, фæлæ ацы фарст хъæуы аскъуыддзаг кæнын», – загъта Пухаты Эрик

Хицауады Сæрдары ныхæстæм гæсгæ ма, Хуссар Ирыстоны ис сабидæтты хъуагдзинад, æмæ уымæ гæсгæ республикæйы къухдариуæгад аскъуыддзаг кодта ног сабидонтæ саразын.

“Ног сабидонтæ саразын мах план кæнæм 2020-2021 азты Инвестпрограммæмæ бахæс-сын. Ныртæккæ Вокзалгæрон районы арæзт цæуы ног сабидон, фидæны та нæ фæнды саразын сабидон ног цæрæн комплексы бындурыл, кæцы арæзт цæуы ЦАРЗ-ы районы”, -бамбарын кодта премьер.

Объекттæ эксплуатацимæ радтыны къуылымпыты фарстыл дзургæйæ, Пухайы фырт банысан кодта, 2017 азы объекттæ бирæты арæзтад æххæст кæй æрцыд кæронмæ.

“Иу объект ма баззад, кæцы лæвæрд не ‘рцыд эксплуатацимæ, уый у театр. Æмæ июлы мæйы фæуды хъуамæ лæвæрд æрцæуа”, -загъта Пухаты Эрик.

Премьер ма æрныхас кодта Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтадон куыстыты тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, тагъд рæстæджы райдайдзæн фæндаджы арæзтады дыккаг этап, æмæ дыууæ къуырийы фæстæ æрæвналдзысты асфальт кæнынмæ.

“Фæндаджы арæзтады æртыккаг этап мах бахæсдзыстæм 2020-2021 азты Инвестпрограммæмæ. Уырдæм ма бахаудзæн, фæндагæй ма аразинаг цы хай баззад Хъемултамæ хæстæг, уый”, -банысан кодта премьер.

Депутатты ма цымыдис кодта Уæрæсейы Федерацийы  æмбæстагдзинад  райсыны хъуыддаг фæхуымæтæгдæр кæныны фарст. Ацы фарстыл дзурæгæйæ, премьер банысан кодта, зæгъгæ, уый боны фæткæй кæй нæ цæуы æмæ йыл куыстæуы.

Уынаффæ кæныны рæстæджы ма æрны-хас кодтой зæххы арендæйы фарстыл дæр.

Пухаты Эрик куыд банысан кодта, афтæмæй ацы фарстмæ хъæуы серьезон æгъдауæй æркæсын.

“Зæххытæ бирæ азтæм арендæйы райсынц æмæ  куыст  не ‘рцæуынц.

Мах ацы фарстыл уынаффæ кодтам, æмæ сæ районтæм арвыстам. Цы адæймаг райста зæхх арендæйы æмæ йæ нæ кусы, уымæн æй хъæуы исын”, – банысан кодта Хицауады Сæрдар.

Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, зæххы арендæйы фарстыл дзургæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, æххæст кæнын хъæуы, арендон ахастытæ чи амоны, уыцы закъон.

Депутатты ма цымыдис кодта хъалон-æвæрды системæйы фарст.

Премьеры ныхæстæм гæсгæ, уый у ахсджиаг фарст, кæцыйы хъæуы стыр куыст.

“Бирæтæ сæ хæдзæртты фыццаг уæладз-гуыты бакæнынц дуканитæ. Уый, закъонмæ гæсгæ, раст нæу. Уыимæ иумæ хъалон нæ фидынц. Адæм сæ фатертæ арендæйы дæттынц, фæлæ уæддæр хъалон нæ фидынц, æмæ уый дæр раст нæу”, – банысан кодта Пухаты Эрик.

Парламентариты фарстытæ ма баст цыдысты æнæниздзинад хъахъхъæнын, мызд, пенситæ фæфылдæр кæнын, хъæууон хæдзарады райрæзт æмæ æндæртимæ.

Премьер цыппар сахатæй фылдæр дзуапп кодта парламентарийы фарстатæн.

Парлмаенты Сæрдар Гасситы Петр хыгъдлæвæрды фæстæ, банысан кодта, Хицауады Сæрдары доклад кæй уыд мидисджын, æмæ депуттатæ сæ фарстатæн кæй райстой дзуаппытæ.

Хъæлæс кæныны рæстæджы 26 депутаты Хицауады куыст банымадтой зæрдæмæдзæугæйыл, æхсæзæй хиуыл фæхæцыдысты, иу депутат та схъæлæс кодта ныхмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.