Ауагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны æстæм сессийы цыппæрæм рабадт. Уагъта йæ Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Рабадты райдианы депутаттæ, иу минут æмырæй алæугæйæ, ссардтой Кемеровойы базарадон-хиирхæфсæн центр «Зимняя вишня»-йы зынгсирвæзты амæттæгты рухс нæмттæ.

Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынады фæдыл парламентон комитеты сæрдар Тедеты Нонæ депутатты размæ æркæсынмæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутатты æвзæрстыты тыххæй» РХИ-йы Конституцион закъоны проект.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, закъоны проект бацæттæ кæнын баст у, республикæйы политикон царды ивындзинæдтимæ, афтæ ма закъондæттынадон базæ саразынимæ, кæцы РХИ-йы Парламенты депутатты æвзæрстыты ифтонг кæндзæн, хираразмæгæнджыты æмæ политикон партитæ иумандатон æвзарæн фадгуыты кæй раразмæ кæнынц, уыцы кандидатты хайадист.

Профилон комитеты сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, ацы закъоны проектмæ гæсгæ РХИ-йы Парламенты депутаттæ æвзæрст цæудзысты мажоритарон-пропорционалон системæмæ гæсгæ.

«17 депутаты æвзæрст цæудзысты иумандатон æвзарæн фадгуыты (иу фадыг – иу депутат), 17 депутаты та, политикон партитæ кæй раразмæ кæной, ахæмтæ – иууон республикон æвзарæн фадыджы», – загъта Тедеты чызг.

Закъоны проекты æвзæрстыты ног формæ нысан кæй ис, уымæ гæсгæ территориалон æвзарæн къамистæ ивд цæуынц фадыгон æвзарæн къамисæй.

Тедеты Нонæ ма афтæ банысан кодта, зæгъгæ, иумандатон æвзарæн фадгуыты кандидатты гæнæн  ис раразмæ кæной политикон партитæ, гъе та сæхæдæг сæхи раразмæ кæной.

Депутат Бесаты Зитæ хъусдард аздæхта ахæм нормæтæм, кæцытæм гæсгæ алыгъуызон низты аххосæй депутаттæм раразмæ кæнын кæй фæнды, уыдонæн сæ бон кæй нæ уыдзæн сæхи срегистраци кæнын, куыд депутаттæм кандидат, афтæ.

«Мæнæн æмбæрстгонд нæу, куыд бæлвырд кæндзысты иу кæнæ иннæ кандидаты низыхатт. Æз райсинагыл нæ нымайын закъоны проекты ацы нормæйы. Уый у конституцион нормæ  халын», – загъта Бесаты чызг.

Депутат Диакъонты Амиран куыд банысан кодта, афтæмæй Адæмон парти бацæттæ кодта æвзæрстыты тыххæй закъоны проект ма райсыны тыххæй документ, цыран, йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон нымайынц, закъоны бирæ пункттæ Конституцийæн æмбæлон кæй не сты, ахæм факттæ.

Депутат Плиты Александр дæр йæ рады загъта, зæгъгæ, закъон у æнæмæнгхъæуæг, фæлæ йыл хъæуы кæронмæ бакусын.

«Депутаттæ закъоны цы фиппаинæгтæм бацамыдтой, уыдон, æцæгæйдæр, сты актуалон. Закъон хъæуы, ценз дæр афтæ, фæлæ йыл нырма бирæ бакусын хъæуы. Æмæ фæндон хæссын, цæмæй йыл кусæгон режимы бакусæм», – загъта Плийы фырт.

Сессийы рабадты «Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутатты æвзæрс-тыты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъон райст æрцыд фылдæр хъæлæстæй, дыууæйæ та сæхиуыл фæхæцыдысты.

Дарддæр Хъахъхъæнынад æмæ æдасдзи-нады фæдыл парламентон комитеты сæрдар Харебаты Сергей уынаффæ кæнынмæ рахаста «Экстремистон архайды ныхмæ лæууыны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект.

«Закъоны проект Парламентмæ бавдыста РХИ-йы Юстицийы министрад æмæ йыл уынаффæ цыд профилон комитеты. Йемæ сты æппæт хъæуæг документтæ, уыдоны нымæцы РХИ-йы Парламенты Контролон-барадон управленийы хатдзæг. Хынцыд æрцыдысты, парламентон комитеттæ кæй бавдыстой, уыцы фиппаинæгтæ иууылдæр», – загъта Харебаты Сергей.

Закъоны проекты фæдыл йæ æмбарын-гæнæнтимæ депутатты раз раныхас кодта юстицийы министр Лалыты Залинæ.

«2017 азы 6 октябры РХИ-йы Генералон прокуратурæйæРХИ-йы Уæлдæр тæрхондон райста домæн курдиат, кæцыйы курæг сты, цæмæй динон организаци «Иеговæйы æвдисæнтæ» нымад æрцæуа экстремистоныл. Æппæт инстанцитыл рацæугæйæ, тæрхондон рахаста уынаффæ æмæ йæ банымадта ахæмыл, уыимæ йæ юстицийы министрад нæ уагæвæрдмæ гæсгæ бахæсджын кодта, цæмæй хаст æрцæуа экстремистон организациты республикон номыхыгъдмæ. Æмæ кæд нæ уагæвæрды ахæм æххæстбартæ ис, уæддæр «Экстремистон организациты ныхмæ архайды тыххæй» РХИ-йы Закъоны фыст нæ уыдысты. Уымæ гæсгæ юстицийы министрад равдыста инициативæ æмæ бакуыста ацы закъоны проект, кæцы хуыздæр кæны экстремистон архайды ныхмæ лæууыны механизм иумæйагæй сисгæйæ», – загъта Лалыты Залинæ.

Куыд банысанчындæуыд, афтæмæй ацы закъоны проект бацæттæ кодтой экстремистон архайды ныхмæ лæууыны механизмтæ хуыздæр кæныны нысæнттæн, æхсæнадон æмæ динон баиугæндтæй спайда кæнгæйæ. Закъоны проекты сæ бартæ къуындæгдæр цæуынц ахæм адæймæгтæн, кæцытæ раздæр уыдысты ахæм æхсæнадон æмæ динон баиугæндты къухдариуæггæнджытæ кæнæ уæнгтæ, кæцытæм ахасты йæ закъонон тыхы бацыд тæрхондоны уынаффæ, экстремистон архайд кæй æххæст кодтой, уымæ гæсгæ сын ахæм архайды бар мауал дæттыны тыххæй. Ахæм адæймæгтæн нал ис дарддæр æхсæнадон æмæ динон баиугæндтæ аразыны бар.

Ацы заъконы проектыл депутаттæ схъæлæс кодтой иууылдæр.

Хъуылымбегты Торезы номыл Парламенты майданы бакæныны тыххæй фарст депутатты размæ æркæсынмæ рахаста РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы фарстмæ æркастæуыд сессийы раздæры рабадты дæр, кæцыйы уынаффæ райстæуыд, цæмæй фарст рахаст æрцæуа сессийы радон рабадтмæ, æппæт фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ бахынцгæйæ. Депутатон корпусæй уæлæм-хас фæндиæгтæ æмæ барасткæнинæгтæ æрбацæугæйæ, фарст ногæй хаст æрцыд сессимæ æркæсынмæ. Гасситы Петр бамбарын кодта, барасткæнинæгтæ кæй хаудысты майданы реверсон фарсмæ, кæцымæ бафтыдæуыд фыст «Паддзахад Алани», аверсы бынаг хайы та райгуырды æмæ мæлæты бонты бæсты бафтыдæуыд лавры дыууæ къалиуы.

Уагæвæрдмæ гæсгæ майдан у ведомствæйон нысан æмæ дзы хорзæхджын цæудзысты РХИ-йы æмбæстæгтæ, кæцытæ стыр бавæрд бахастой паддзахаддзинад æмæ конституцион царæвæрд фидардæр кæнынмæ, парламентаризм æмæ демократи рæзын кæнынмæ. Майданæй схорзæхджын кæныны тыххæй РХИ-йы Парламенты Президиуммæ гæнæн ис бахатой РХИ-йы Парламенты Сæрдар, Парламенты комитет, парламентон фракци æмæ депутатты къорд. Календарон азы дæргъы ацы Уагæвæрды амынд бахатджытæй алкæмæн дæр йæ бон у бавдиса æрмæстдæр иу кандидатурæ майданæй схорзæхджын кæнынмæ. Майданæй та хорзæхджын цæудзысты РХИ-йы Парламенты уынаффæйы бындурыл.

Депутаттæ æмхъæлæсæй рахæцыдысты Хъуылымбегты Торезы майдан бакæныны тыххæй.

«Æндæр æмæ æндæр фарстытæ»-йы хайы парти «Адæмы иудзинад»-æй депутат Чилæхсаты Владимир банысан кодта, Хицауад нырма кæй нæ бавдыста 2017 азы бакæнгæ куысты тыххæй хыгъд.

«Марты мæйы мах æнхъæлмæ кастыстæм РХИ-йы Хицауады хыгъдмæ 2017 азы бакæнгæ куысты тыххæй, фæлæ йæ нæма райстам», – загъта уый.

РХИ-йы Парламенты Хицауады æххæстбарджын минæвар Кокойты Зураб куыд банысан кодта, афтæмæй Республикæйы Хицауады хыгъд цæттæ у æмæ йæ депутаттæ райсдзысты æввахс рæстæджы.

Парламенты спикер Гасситы  Петры ныхæстæм гæсгæ Президент Бибылты Анатоли карзæй бафæдзæхста æппæт министрты дæр, цæмæй уыдон цæуой Парламентмæ депутатты фыццаг домæнмæ гæсгæ.

«Уымæ гæсгæ, кæд депутаттæм исты фарстатæ сæвзæры Хицауады куысты фæдыл, уæд фæсидын хъæуы министртæм æмæ иумæ байхъусдзыстæм сæ хыгъдтæм. Уый фæдыл ис æмбæлон барамынд», – банысан кодта уый.

Гасситы Петр ма комментари сарæзта уæрæсейаг кабелон телеканалтæй сæ иуæн РХИ-йы экс-президент Кокойты Эдуарды интервьюйы фæдыл.

«Интернеты хызæджы фæзынд Республикæйы экс-президент Кокойты Эдуардимæ интервью, цыран уый комкоммæ, æнæ дызæрдыгæй, фехъусын кодта, зæгъгæ, диверсант Тъатъунашвилийы хъуыддаг, кæцы фарста йыл кæныны рæстæджы амард зæрдæйы низæй, у диверси, кæцыйы сплан кодта Хуссар Ирыстоны разамынад Уæрæсейы Федерацийы ныхмæ. Цæуылнæ исчи исты зæгъы уый фæдыл? Сымах дæр, депутаттæ, Хуссар Ирыстоны разамынад куы стут?», – загъта уый.

Парламенты Сæрдар зæрдыл æрлæууын кодта, барадхъахъхъæнæг органтæ кæй баурæдтой гуырдзиаг диверсанты, кæцыйæн фарстайы рæстæджы йæ зæрдæйы куыст уыд æрлæуынæввонг.

«Уымæн бакодтой медицинон æххуыс. Нæ дохтыртæ йын дыууæ хатты скусын кодтой йæ зæрдæйы, цалынмæ реанимацимæ хæццæ кодта, уæдмæ, фæлæ йæ фервæзын кæнын сæ бон не ссис. Уый уым ничи амардта. Зæгъутма, уæ хорзæхæй, кæмæн хъуамæ араза йæ къух Кокойы фырты ахæм хъусынгæнинаг, гуырдзиаг фарсæй дарддæр? Гуырдзыстон ныридæгæн æнцой нал зоны, документттæ æрвиты алыгъуызон фæсарæйнаг инстанцитæм. Уый уæд, æмæ нæ чысылнымæц нацийæ 150 адæймаджы нымад куы цæуынц æбæрæгæй сæфтыл, фактон æгъдауæй та мах зонæм, уыдоны раджы кæй амардтой. Æз нал дзурын Зар æмæ Ереды трагедиты, гуырдзиаг хъæутыл чи цыд, уыцы «мæлæты фæндагыл» цытæ цыд, уыдæттыл. Æппæт уыдæттæ, 1989-1992 æмæ 2004-2008 азты трагедитæ зæрдыл даргæйæ, Кокойы фырт хъусын кæны, Тъатъунашвилийы бинонтæн уый трагеди кæй у», – банысан кодта Гасситы Петр.

Парламенты спикер ма куыд банысан кодта, афтæмæй кæцыфæнды депутат дæр  йæхи ирон адæмы иу чысыл хайæ чи æркъары  хъуамæ йæ хъуыды зæгъа Кокойты Эдуарды хъусынгæнинаджы фæдыл.

РХИ-йы Парламенты Сæрдары хæдивæг Харебаты Сергейы ныхæстæм гæсгæ, уыдонæн рæстæг дæр æмæ фадат дæр нæ уыд, цæмæй ацы хъусынгæнинаджы тыххæй загътаиккой сæ хъуыдытæ.

«Мæнæн мæхи хъуыды у, æппæт уыдæттæ раст кæй не сты. Мæн иттæг бæлвырдæй уырны, Тъатъунашвилийы мæлæт кæй уыд æнамонд цау», – банысан кодта Харебайы фырт.

Сессийы рабадты хайад райстой РХИ-йы Парламенты РХИ-йы Хицауады æххæстбар-джын минæвар Кокойты Зураб, юстицийы министр Лалыты Залинæ æмæ РХИ-йы Централон æвзарæн къамисы секретарь Аулохты Кристинæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.