Украинæйы цæуæг хæстон хабæрттæ ныгуылæйнаг бæстæты фæндиаг нæ цæуынц æмæ тыхсын райдыдтой. Æниу сæ пълан растдæр ахæм уыд — Уæрæсейы ныхмæ фæстаг украинæйаг хæстоны онг хæцын. Фæлæ æгæр тагъд куынæг кæнынц сæ клиентты æфсæддонтæ æмæ англосаксойнæгты та фылдæр рæстæг фæнды туг калын. Ныры уавæрты Украинæйы гарзджын тыхтæ хæрзцъус йеддæмæ нал бафæраздзысты ныхмæлæууын æмæ Байдены бахъуыд мадзæлттæ райсыны сæр.

Танктæ раттыныл дзырд рагæй цыд, фæлæ Украинæйы æфсадæн август-сентябры мæйты фронты æнтыстытæ куы уыд, уæд сæ кой нал кодтой. Стæй сæм танктæ дæр дзæвгар уыд æмæ ма сын ноджы радтой раздæры соцлагеры бæстæты фæсауæрцтæй. Сæрмагонд æфсæддон операцийы хæдразмæ астæуккаг нымадæй Украинæйы æфсадмæ уыдис дыууæ минæй фылдæр танчы, кæцытæ сын баззадысты Советон Цæдисы ныппырхы фæстиуæгæн. Хæстон архæйдтыты фарон ма сын радтой ноджы 700 танчы бæрц — иууылдæр советонтæ. Æрмæст Польшæ сын радта модификацигонд «Т-72» 240 иуæджы. Азылдысты иннæ европæйаг бæстæтыл дæр æмæ сын, æгæрыстæмæй, раттын кодтой хæлд советон танктæ дæр, кæцыты фæстæдæр сцалцæг кодтой Украинæйæн. Суанг ма Мароккомæ дæр ахæццæ сты æмæ уыдонмæ цы 20 уæрæсейаг «Т-72» танчы уыд, уыдоны дæр атардтой Донбассмæ.

Абоны бон уыцы танкты фылдæр хай куынæг æрцыдис. Æфсæддон эксперттæ куыд банымадтой, афтæмæй ма Украинæмæ баззадис 300-400 æнæхъæн танчы. Уыдон ахæм даргъ фронтæн сты хæрзцъус æмæ ма бонæй-бонмæ ноджы къаддæр кæнынц — уæрæсейаг артилеристтæ, тæхджытæ æмæ танкисттæ сыл æппынæдзух цуан кæнынц. Уымæ гæсгæ æрцыд НАТО-йы танкты афон.

Ногæй та немыцаг танктæ историон уæрæсейаг зæххыл

Герман æмæ АИШ 25 январы фехъусын кодтой, ома, Украинæйæн хъуамæ раттæм «Leopard-2» æмæ «Abrams» танктæ. Уый размæ цалдæр боны дæргъы информацион ресурсты фыстой, зæгъгæ, Олаф Шольц нæ разы кæны танктæ раттыныл. Фæлæ уыцы «дæлæ-уæлæ» фылдæр уыдис инсценировкæйы хуызæн æмæ дзы Шольц йæ роль иттæг хорз ахъазыд. Сæрæй дæр бæрæг уыд, АИШ-ы ныхасыл «нæ» зæгъæн кæй нæ уыд, фæлæ Шольц йæхи афтæ дардта, цыма йын дзырды бар ис.

Æдæппæт сын дæттынмæ хъавынц 100 танкæй фылдæр, фæлæ уыцы нымæц тагъд рæстæджы æнæмæнг фæфылдæр уыдзæнис. Уымæн æмæ Шольц бар радта, «Leopard-2» танктæ цы бæстæтæм ис цæмæй уыдон дæр, сæхи фæндонмæ гæсгæ, дæттой сæ танктæ Украинæйæн.

НАТО-йы тыхтæн сæ сæйраг танктæ сты немыцаг «Leopard-2», америкæйаг «Abrams», французаг «Leclerc» æмæ бритайнаг «Challenger −2». Байдены ныхæстæм гæсгæ, АИШ-ы бон у 31 танчы радтын. Фæлæ ацы танктæй æндæр бæстæты гарзджын тыхтæм дæр ис, æмæ сæ куы бафæнда, уæд сæ уыдонæн дæр радтын кæндзысты. АИШ хъавы ацы танкты зæронд верситæ, сæ ресурс кæмæн фæцис, уыдон барвитын. Сæ нымæц хæццæ кæны 450 иуæгмæ. Уымæй уæлдай ма сын рафтыдтой сæ зынаргъ фæлындæнтæ дæр æмæ ма ног æрымысгæ згъæртæ. Арвитдзысты Украинæмæ ног танктæ дæр, фæлæ уыдон уыдзысты хæрзцъус æмæ сæ пайда кæндзысты полигоны ахуыртæн.

Британи 14 танчы йеддæмæ нæ дæтты æмæ уыдонæн хæсты быдыры ницы ахадындзинад уыдзæнис, æндæр бæстæтæй ма раттын кæной, уæд. «Leclerc» танкты фæдыл фæнд рахастой, фæлæ уыдзысты хæрзцъус. Афтæмæй французаг танктæ нымад цæуынц иууыл ногдæртыл æмæ бæрзондтехнологондæрыл, сæ техникон характеристикæтæ сты иууыл хуыздæр.

«Leopard-2» танк у иууыл массон Европæйы, НАТО-йы сконды дзы ис 2300 бæрц. Уымæ гæсгæ Украинæйæн ацы танктæ сты æппæты хуыздæр вариант — иттæг хорзыл нымад сты, сæ цалцæг кæнын дæр æнцондæр уыдзæнис, нымæцæй дæр дзæвгар сты. Хæсты быдыры уæрæсейаг танктæн тæссаг уыдзысты, арæхстджын экипажтæ сыл куы бада, уæд. Ныридæгæн уал Герман сразы ис 14 танчы радтыныл, фæлæ сæ фæндтæм гæсгæ иннæ бæстæты æххуысæй дыууæ батальоны, ома, 88 танчы бацæттæ кæндзысты. Уымæй уæлдай ма Нидерландтæ та хъуамæ балхæной 18 танчы Германæй æмæ сæ радтой Украинæйæн. Испани 53 танчы дæтты, Норвеги — 8, Португали та — 4. Æцæг Испанийы танкты фылдæр хай цалцæгкæнинаг сты, фæлæ сæ цыбыр рæстæгмæ кæй бацæттæ кæндзысты, ууыл дызæрдыг кæнын нæ хъæуы. Швеци æмæ Финлянди дæр ныфс бавæрдтой танктæ раттыны тыххæй, фæлæ сын сæ нымæц нæ загътой.

Ам дæр та ирдæй зынынц АИШ-ы фæлитой митæ. Уый барæй дæттын кæны Украинæйæн немыцаг танктæ. Германæн ныры экономикон уавæрты йæ бон нæу ног танктæ аразын, æрдзон газ зынаргъ кæй у, уый аххосæй. Æмæ кæцыфæнды гарзджын тыхты сконды та æнæмæнг хъуамæ уой танктæ. Фидæны «Leopard-2»-ты бæсты европæйаг бæстæтæн АИШ балхæнын кæндзæнис йæхи танктæ æмæ йæм æрбацæудзæнис бирæ æфтиæгтæ. Стæй ма сæ репутаци фесафынæй тæссаг у немыцæгтæн, уымæн æмæ сæ танктæ хæсты быдыры æнæмæнг куынæг æрцæу-дзысты æмæ сын æвзæр танкты ном сбаддзæнис.

Франц уал Украинæмæ хъуамæ арвита цалхон рог танктæ «AMX-10 RC», кæцытæ. Информацион тыгъдады куыд дзурынц, афтæмæй цалдæр мæймæ не ’рхæццæ уыдзысты Украинæмæ. Махмæ гæсгæ, уый раст нæу. Хурныгуылæйнаг бæстæтæн сæ хъуыдыйы рагæй уыд танктæ раттын æмæ сæхи рагацау райдыдтаиккой цæттæ кæнын. Ныры онг дæр-иу æвдисæн уыдыстæм — «ныгуылæйнаг бæстæтæ фæндон рахастой, цæмæй та ног хуыз хæцæнгарз раттой Украинæйæн». Афтæмæй-иу уыцы хæцæнгарз фронты рагæй уыд æмæ-иу дзы украинæйаг хæстонтæ уымæй размæ дæр пайда кодтой. Афтæ рауад реактивон системæ «HIMARS»-имæ дæр, йæ радтыны кой цы бон скодтой, уыцы бон дзы Донбассы æхсын райдыдтой. Тæхгæ ныккодта уырдæм? Уымæ гæсгæ диссаг нæ уыдзæнис, ныридæгæн украинæйаг æфсæддонтæй НАТО-йы танктимæ архайын исчи куы зона, уæд. Стæй ма фæзындис информаци, ома «Leopard-2» танктæ ис Украинæмæ, æрмæст сæ нырма æмбæхсгæ кæнынц.

Европæйаг танктæ зындард уыдзысты Украинæйы æфсадæн, кæд æмæ сын сæ æнæаргъæй цалцæг кæндзысты, уæддæр. Уымæн æмæ НАТО æмæ Уæрæсейæн ис хицæн æфсæддон комплекстæ, хицæн цалцæггæнæн базæ, æмæ хæлд танктæ фронтæй фæсарæнтæм ласынæн дæр егъау ресурстæ хардз цæудзæнис. Уымæн æмæ бынаты нал ис уавæртæ æфсæддон техникæ цалцæг кæнынæн — уæрæсейаг ракетæтæ сæ скуынæг кодтой. Ам æрмæст спайда кæндзысты иу хъуыддаджы — танкты нæмгуыты ифтонгады. Европæйы нал баззадис уæрæсейаг калибрты нæмгуытæ æмæ Украинæйы æфсæддонтæ тыхсын райдыдтой. Нырæй фæстæмæ сын нæмыджы проблемæ нал уыдзæнис.

Афтæ тынг сæ цæмæн хъæуынц танктæ?

Фæстаг цалдæр мæйы Украинæйы æфсадæн ницы æнтыстытæ уыдис хæсты быдыры æмæ сæ кураторты хъæппæрисæй ныр хъавынц Запорожьейы уылты Хъырыммæ ныббырсынмæ. Ахæм маневрæй сæ фæнды Хъырымы æрдæгсакъадах сурзæххæй ахицæн кæнын. Уымæ гæсгæ сæ ацы операци саразынæн хъæуы 200 танчы бæрц. Æдæппæт та домынц 500 танчы бæрц. Æгæрыстæмæй, европæйаг æфсæддон эксперттæ дæр дзурынц, зæгъгæ, ницы пайда ис ахæм æнæсæр къахдзæфтæй. Донбассы фронты ис 1500 уæрæсейаг танкæй фылдæр æмæ Украинæ се ’ппæтæй дæр куы спайда кæна, уæддæр нæ фæуæлахиз уыдзæн. Æдæппæт та Уæрæсейы гарзджын тыхты ис 12 мин танкæй фылдæр — иунæг бæстæмæ дæр нæй уыйбæрц.

НАТО-йы танктæн сæхигъæдæй нæ ифтындзынц сæ сармадзантæ æмæ уымæй цæхгæр хицæн кæнынц уæрæсейаг танктæй. Уый фæстиуæгæн сæ экипажтæ вæййынц цыппæргæйттæ, ноджы ма нæмыг ифтындзыныл дæр фылдæр рæстæг хардз кæнынц. Уымæ гæсгæ сыл фæлтæрд экипажтæ куы нæ бада, уæд хæсты быдыры сæхи арæхстджынæй нæ равдисдзысты. Фæлæ уыцы проблемæ дæр аскъуыддзаг кæндзысты — семæ сын ракæндзысты сæ экипажты, ома æххуырст хæстонты. Стæй ма танчы фæстæ хъуамæ цæуой ныфсхаст фистæг æфсад. Украи-нæйы æфсады рæнхъыты та æвæлтæрд хæстонты нымæц бæрæг фæфылдæр ис. Æнæ пехотæйæ та танк хæсты быдыры ницы пайда хæссы. НАТО-йы танкты фылдæр хай ма уыдзысты зæрæдтæ, æнæмæнг арæх хæлдзысты. Æмæ сæ уый дæр къуылымпы кæндзæнис.

Уымæй уæлдай ма Украинæйæн нал ис ПВО æмæ авиаци, кæддæрты ма иугай хæдтæхджытæ стæхы, æмæ уæрæсейаг авиаци æлдариуæг кæндзæнис уæлдæфы, æнцонтæй куынæг кæндзæнис НАТО-йы техникæ. Æниу англосакстæ æнæмæнг бацархайдзысты, цæмæй цыбыр рæстæгмæ Украинæйæн радтой хæстон хæдтæхджытæ дæр — дзырд цæуы америкæйаг бирæфункционалон куынæггæнæг хæдтæхæг «F-16»-ыл. Йемæ йын ратдзысты дзæвгар ракетæты хуызтæ æмæ бомбæтæ, кæцытæ нымад цæуынц тæссаг хæцæнгæрзтыл. Ацы хæдтæхæг архайы цыфæнды боныгъæды дæр æмæ хæссы стыр зиан йæ ныхмæлæууæгæн. Стæй дзы НАТО-мæ дзæвгар ис — бирæ рæстæджы дæргъы дзы ифтонг кæниккой Украинæйы.

Куыд уынæм, афтæмæй Украинæйы æфсæддон хæцæнгарз егъау темптæй ивынц НАТО-йы уæдтыл æмæ афтæмæй се ’ххуыс дарддæр уыдзæнис æгæрон. Ныридæгæн дæр НАТО фактон æгъдауæй у Украинæйы фæсчъылдым, йæ хæстонтæ уым цæттæ кæнынц сæхи, сæ цæфтæ сæхицæн уым хос кæнынц, нæмыг æмæ сæ æфсæддон техникæйæ дæр уыдон ифтонг кæнынц. Уымæ гæсгæ æввахс рæстæджы хъæуы скуынæг кæнын украинæйаг фашистты, кæннод нын фæстæдæр ноджы зындæр уыдзæнис. Цалынмæ Украинæйы хæстхъом гоймæгтæ уа, уæдмæ сæ тæрдзысты хæсты цæхæр-мæ.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.