Дунейы дзыллон информацийы фæрæзтæм куы байхъусай, уæд иууылдæр дис кæнынц æмæ адæмтæн уырнын кæнынц, Израилы сæрмагонд æдасдзинады службæты «ХАМАС»-ы ныббырст æдзæттæйæ кæй æрæййæфта. МОССАД – Израилы  æдасдзинады сæрмагонд службæ, нымад у хъомысджын, фæлтæрд организацийыл. Йæ разысгæрсты куыст ахæм бæрзонд æмвæзадыл кæмæн у æвæрд, уыцы службæтæ цалдæр йеддæмæ не сты дунейы æмæ сæ иу у израилаг МОССАД. Уæдæ куыд æрцыд афтæ, æмæ 7 октябры цалдæр мин хæстоны æрбабырст нæ базыдтой?

Израиль æмæ сектор Газайы ʻхсæн цы бетонæй конд къул уыд, уый æхсæвæй-бо-нæй хъахъхъæдтой æфсæддонтæ, æвæрд дзы уыд видеоафыссæн камерæтæ æмæ ма æндæр сæрмагонд нысаны фæлындæнтæ. Ахæм нырыккон аппаратурæйæ ифтонг уыдысты израилаг æфсæддонтæ æмæ-иу арæны къулмæ цъиу кæнæ æндæр исты цæрæгой куы баввахс, уæд-иу уайтагъд ныффæдис кодтой. Æмæ 7 октябры сæдæгай палестинаг хæстоны бульдозертыл бацыдысты арæны къул пырх кæнынмæ æмæ сæ ничи базыдта?

Логикон æгъдауæй ахъуыды кæныны фæстиуæгæн ис æрмæстдæр иу хатдзæг саразын – Израиль барæй бауагъта карз, æгъатыр провокаци саразын, йæхи ницы уынæг æмæ ницы зонгæ скæнгæйæ. Афтæмæй ма ныццæгъдын кодта æмбæстæгтæй сæдæты. Æвæццæгæн фæстæдæр рабæрæг уыдзысты, æппæт хабæрттæ æмæ цы нысанæн бауагътой æгъатыр провокаци саразын, уый дæр.

Ахæм провокацийæн ма æвдисæн уыдыстæм 11 сентябры 2001 азы, Нью-Йоркы дыууæ бирæуæладзыгон хæдзары куы срæмыгътой, уæд. Куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы теракт сарæзтой америкæйаг сæрмагонд службæтæ сæхæдæг æмæ аххосджын та фесты террористон организаци «Аль Каидайы» уæнгтæ. Уый фæстиуæгæн АИШ-ы разамынады Афганистанмæ бабырсынæн ‘фсон фæцис. Мингай æнæаххос адæймæгты амарыны фæрцы АИШ йæхи пайдайæн аскъуыддзаг кодта дзæвгар геополитикон фарстатæ.

Израилаг-палестинаг провокацийы нæ хъус куы æрдарæм, уæд дзы ныридæгæн алцыдæр цæуы Израилы пайдайæн. Зындгонд куыд у, афтæмæй Израилы пълæнтты рагæй ис сектор Газайы цæрджыты фæсурын кæнæ скуынæг кæнын. Ома, 3 милуан адæймаджы скуынæг кæнын æмæ сын сæ зæххытæ сæхи бакæнын. Палестинаг фарст Израиль йæхи пайдайæн куы аскъуыддзаг кæна, уæд сæххæст уыдзæнис дзуттæгты бæллиц – пысылмæтты мæзджыт Аль Акса ахафдзысты æмæ йын йæ бынаты сараздзысты Соломоны Æртыккаг Кувæндон. Ацы кувæндоны арæзтад дзуттæгты национ бæллиц кæй у, уый кой æргомæй кæнынц иууылдæр.

Израилы гарзджын тыхтæн АИШ æмæ йе ‘мцæдисонтæ ахæм алыгъуызон æххуыс кæнынц, æмæ Хæстæг Хурыскæсæны нымад сты иууыл хæстхъомдæр æфсадыл. Уымæ гæсгæ сæ ныхмæ фæлæууын ныридæгæн никæцы арабаг бæстæйы бон у æмæ ацы уавæрæй æппынæдзух пайда кæнынц израилаг разамынад. Æрмæстдæр Ираны бон у аккаг ныхкъуырд раттын Израилæн æмæ ма бирæ æфсæддон эксперттæ фидарæй зæгъынц, ома Ираны гарзджын тыхтæ æнцонтæй фæуæлахиз уыиккой израилæгтыл. Уымæ гæсгæ дзуттæгтæ Ираны нымайынц се знагыл, сæ паддзахадæн иууыл тæссагдæр бæстæйыл. Ираны ныхмæ нырыонг цыдæриддæр санкцитæ рахастой, уыдоны инициатор алыхатт дæр уыд Израиль.

Ныры уавæрты тæссаг у, Израиль барæй провокаци куы сараза Ираны ныхмæ, уымæй. Израилы разамынады фæнддзæнис, цæмæй йæ проблемæтæй иугæндзон фервæза – Палестинæйы зæхх дæр асыгъдæг кæна арабæгтæй æмæ Иранæй дæр мауал тæрса фидæны. Уый нысанæн АИШ-ы егъау æфсæддон наутæ бацыдысты Хæстæг Хурыскæсæнмæ. Ис афтæ хъуыдыгæнджытæ, ома Израилы сæрыл АИШ схæцдзæнис Иранимæ æмæ уый та æнæмæнг æркæндзæнис æртыккаг дунеон хæстмæ.

Израиль ныридæгæн афтæ æгъатырæй куынæг кæны сабырцæрæг палестинæгты, æмæ пысылмон диныл хæст бæстæтæн нæ бауыдзæн сæ бон æнцад-æнцойæ кæсын уыцы лæгсырдты фыдракæндтæм. Ныридæгæн дзы фæмард 1000 сывæллонæй фылдæр. Израилаг авиаци ноджы æнæрлæугæйæ калы бомбæтæ æмæ ма палестинæгтæм нæй техникон фæрæзтæ дæр, цæмæй хæдзæртты бын чи фесты, уыцы мæгуырты фервæзын кæной. Израилæгтæ сæ адæймагдзинады миниуджытæ кæй фесæфтой, уымæн æвдисæн сты интернеты равæрд информацитæ æмæ дзуттæгты реакци дæр. Зæгъæм, интернеты тыгъдады чидæр ныффыста – «Газайы скъолатæ æхгæд уымæн сты æмæ сæм чи хъуамæ бацæуа, ахæмтæ дзы нал ис». Йæ бынмæ йын дзуттæгтæ æмæ, се ‘вварс чи хæцы, уыдон бафыстой дзæвгар æфхæрæг комментаритæ – ‘вдисынц сæ цин  æмæ хынджылæг кæнынц палестинаг фæмардуæвæг сывæллæттæй.

Ахæм митæн комкоммæ схонæн ис геноцид. Фæлæ ма акæсæм «демократон» бæстæты реакцимæ – ныммыр сты. Уымæй уæлдай ма Евроцæдисы бæстæты разамынады минæвæрттæ иугай-дыгай цæуынц Израилмæ æмæ хъынцъым кæнынц семæ, ныфсытæ сын æвæрынц баххуыс кæнынæй. Европæйы бæстæты Палестинæйы пайдайæн иунæг акци ауадзын дæр нæ уадзынц, ома æхсæнадон фæтк халут. Фæлæ кæд Израилы тыххæй мингай адæймæгты дæр рацæуын кæнай уынгмæ, алыварсонæй сæ фарсмæ балæууай, уæд та дæ «демократон принциптæ хъахъхъæнæг израилаг салдаты ныфс». Уый та дын ногæй дывæр стандарттæ.

Джиоты Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.