Йӕ хъуыддаджы дӕсны ӕмӕ зӕрдӕхӕлар адӕймаг. Уыдонӕй хайджын чи уа, уый ӕнӕмӕнгдӕр ссары адӕмы хорзӕх, фӕкӕнынц йӕ хорзы кой ӕмӕ сын ӕрмӕст йӕ фенд дӕр ӕрхӕссы æхцондзинад. Уыцы ӕвӕрццаг миниуджытӕй хайджын чи вӕййы, уымӕй кӕддӕриддӕр фӕлхасгӕнджытӕ райгонд вӕййынц.

 Ахӕм цӕсгомджын ӕмӕ хорз кусӕгыл нымад цӕуы нӕ горӕты Цардуагон лӕггӕдты хӕдзары хуыйӕг Бестауты Тамаз дӕр. Уый ацы дӕсныйад раджы бауарзта, раджы ӕрбынат кодта йӕ зӕрдӕйы. Ӕппынӕдзух йӕ цӕстытыл уадысты хуыйӕджы архайд, иу кӕнӕ иннӕ дзаума сцӕттӕ кӕнынмӕ куыд рӕвдз февналынц,ӕппӕт уыдӕттӕ. Ацы дӕсныйад ноджы тынгдӕр бауарзта ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ арф ныххызт, сыхаг хъӕуы цы хуыйӕн ӕрмадз уыд, уырдӕм ӕрбафтгӕйӕ. Цӕвиттон, иу бон фӕраст хуыйӕг Тъехты Омармӕ, цӕмӕй йын сӕххӕст кодтаид йӕ закъаз. Куыддӕр йӕ цуры ӕрлӕууыд, федта йын йӕ цырд ӕмӕ арӕхстджын архайд, афтӕ йӕ йӕ къах уырдыгӕй нал хаста, ӕдзухдӕр ын йӕ фезмӕлдмӕ куы кастаид, уый йӕ фӕндыд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр ахсайдта ацы дӕсныйадыл фӕхӕст уӕвынмӕ. Куыддӕр астӕуккаг ахуырад райста, афтӕ сахуыр кодта Дзӕуджыхъӕуы 6-мӕйон курсыты. Уым ын йӕ ахуыргӕнджытӕ цы амыдтой, уыдон практикон ӕгъдауӕй ӕххӕст кӕнын райдыдта Цардуагон лӕггӕдты хӕдзары йе рвадимӕ кусгӕйӕ. 10 азы иумӕ фӕкусгӕйӕ йын фӕлтӕрд хуыйӕг амыдта ӕмӕ иуварс кодта, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлд, уыдон. Тагъд рӕстӕгмӕ тынгдӕр фӕхӕст хуыйӕджы дӕсныйадыл ӕмӕ уый фӕстӕ кусын райдыдта ӕдӕрсгӕйӕ. Алыгъуызон закъазтимæ йӕм ӕрбацӕуынц фӕлхасгӕнджытӕ ӕмӕ дзы алы хатт дӕр баззайынц разыйӕ.

Бестауы фырты къухты айстмӕ куы кӕсай, уӕд дӕм афтӕ фӕкӕсдзӕн, цыма дзы зынӕй ӕппындӕр ницы ис. Фӕлӕ уый бынтон афтӕ нӕу, уымӕн ӕмӕ арӕхстджын къухты архайды фӕрцы зын куыст сӕххӕст кӕнын дӕр фӕрсӕрдыгӕй кӕсӕгмӕ ӕнцон фӕкӕсы. О, фӕлӕ алы куысты дӕр дзӕвгар лыстӕг скъуыддзаггӕнинаг хӕстӕ фӕлӕууы. Уыдон та Тамаз сӕххӕст кӕны, развӕлгъау закъазгӕнӕджы домӕнтӕ хынцгӕйӕ. Стӕй ма но-джы: иу кӕнӕ иннӕ куыст сӕххӕст кӕнын алчи йӕхирдыгонау ӕххӕст кӕны. Куысты йӕхи ӕрмдзӕф ис Бестауы фыртӕн ӕмӕ ног  хуыд  дзаумайӕ йӕ хицау баззайы райгондӕй. Уый тыххӕй арфӕтӕ фӕкӕны, чи йыл бафыдӕбон кодта, уымӕн. Йӕ хорз ӕмӕ намысджын куысты тыххӕй дзы райгонд у куыстуаты разамынад дӕр ӕмӕ йӕ схор-зӕхджын кӕнынц Кады грамотӕ-тӕй. Ӕмӕ ӕрвылрайсом цины ӕнкъарӕнтимӕ рараст вӕййы йӕ райгуырӕн Хелцуайы хъӕуӕй, барухс вӕййы йӕ куыст ӕмӕ фӕлхасгӕнджыты арфӕтӕй ӕмӕ та изӕрырдӕм хъӕлдзӕг зӕрдӕйы равгимӕ сӕбылӕлы йӕ уарзон къуымыл.                                                       

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.