22-ӕм июлӕй 29-æм июлмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис æхсæз фыдракæнды æмæ иууылдæр раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымӕй уӕлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд дыууæ авари, кæцыты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудта иу адæймаг.

Планон рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 226 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 5 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 5 адӕймаджы.

Знауыры районы Дидмухайы хъæуы æрцыдис æнамонд цау. 68-аздзыд æмбæстаг кардæй фæцæфтæ кодта йæ чындзы, 63-аздзыд бынæттон цæрæджы, кæцы цæфты фæстиуæгæн фæмард. Лæгмары бакодтой рæстæгмæдарæн изоляторы. 

Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспектортæ рейдон мадзæлттæ уадзыны рæстæджы баурæдтой автомашинæ «ВАЗ-2114», кæцыйы шофыр, 30-аздзыд Цхинвалы цæрæг, разынд нозтджын. Ацы бархалæг ныр æртыккаг хатт урæд æрцыд нозтджынæй машинæ скъæ-рыны рæстæджы.

32-аздзыд Цхинвалы цæрæг милицимæ барвæндонæй бахаста пистолет «Макаров».

Цхинвалы мидхъуыддæгты управленимæ бахъаст кодта нæ горæты 40-аздзыд цæрæг, зæгъгæ, мæм мæ лæг, 52-аздзыд Цхинвалы цæрæг, йæ къух систа. Милицийы кусджытæ оперативон-агурæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн фæткхалæджы хæдзары ссардтой Калашниковы автомат æмæ нæмгуытæ. Фæткхалæджы бакодтой рæстæгмæдарæн изоляторы.

Цхинвалы Пушкины уынгæй Ленины уынгмæ ази-лæны æрцыд фæндагон-транспортон цау. Нæ горæты 29-аздзыд цæрæг нæ сарæ-хст йæ автомашинæ «BMW» скъæрын, фехæлдта фæндагон фæткойтæ æмæ сæм-бæлд æндæр автомашинæ «ВАЗ-2114»-ыл, кæцыйы шофыр та разынд нæ горæты 25-аздзыд цæрæг.

Цхинвал – Цъунары фæндаджы 5-æм километры æрцыд фæндагон-транспортон цау. Нæ горæты 43-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ мотоцикл «Honda» скъæрын æмæ ахауд фæсвæд. Аварийы фæстиуæгæн шофыр рынчындонмæ бахауд уæззау цæфтимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.