Цхуырбаты Марат, Цхинвалы 1-æм астæуккаг скъолайы рауагъдон

– Скъолайы биологи ахуыр кӕнын куы райдыдтам, уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ хъусдард фылдӕр аздӕхтон ацы предметмæ. Хуыздӕр ӕмӕ йӕ арфдӕр ахуыр кодтон. Сомбон мӕ бӕллиц у хирург суӕвын. Уый у ахсджиаг ӕмӕ бӕрнон професси. Хирургӕн йӕ сӕйраг хӕс у раст диагноз сывӕрын, низы хатт сбӕрӕг кӕнын, операцитӕ кӕнын ӕмӕ рынчыны йӕ къахыл слӕууын кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ мӕн дӕр фӕнды мингай адӕймӕгты цард чи ирвӕзын кӕны ӕмӕ сын царды ныфс чи дӕтты, уыцы дохтырты рӕнхъы ӕрлӕууын. Мӕ бӕллицмӕ ацы аз акӕндзынӕн мӕ фыццаг къахдзӕфтӕ.

Хуыбылты Аннæ, Ленингоры районы Цъинагары хъæуы астæуккаг скъолайы рауагъдон

– Цалдӕр мӕйы размӕ бынӕттон телеуынынады цыдис  проект «Дзырд». Мӕхӕдӕг дӕр дзы истон хайад. Ӕмӕ растдӕр уый фӕстӕ равзӕрстон мӕ сомбоны професси. Фӕнды мӕ журналистикӕйы факультетмӕ бацӕуын. Проект мӕ зӕрдӕмæ афтӕ тынг фӕцыд ӕмӕ мӕхицӕн загътон, зӕгъгӕ, растдӕр ацы професси у мӕ ныхыфыст. Мӕ хиуӕттӕ, ӕмгӕрттӕ мын арӕх фӕдзурынц, журналист мæ кæй рауайдзæн. Ацы професси мӕ зӕрдӕмӕ афтӕ арф айстон ӕмӕ мӕ ныфс ис иттӕг ӕхсызгонӕй дзы кӕй сахуыр кӕндзынӕн.

Цхуырбаты Альмæ, Цхинвалы 9-æм астæуккаг скъолайы рауагъдон

– Мæ дарддæры цард мæ фӕнды сбӕттын нӕ Ирыстоны сомбонимæ. Йӕ сомбон та сты сывӕллӕттӕ. Скъолайы рӕстӕджы ӕз уыдтон ахуыргӕнджыты ӕнӕкӕрон уарзондзинад ӕмӕ хъарм ахаст сӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, æмæ уый мӕ зӕрдӕйы баззайдзӕн цӕрӕнбонтӕм. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мӕн дӕр бафӕндыд сывӕллӕттимӕ кусын, цӕмӕй сын ӕз дӕр мӕ ахуыргӕнджытау сӕ чысыл зӕрдӕты ӕвӕрон уыцы уарзондзинад ӕмӕ сын мӕ зонындзинӕдтӕ макуы бавгъау кӕнон. Ацы аз ӕмбӕлон документтӕ бадӕтдзынӕн Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты райдиан ахуырады педагогикæ æмæ методикæйы факультетмӕ ӕмӕ уымӕй мӕ бӕллиц сӕххӕст уыдзӕн.

Гуццаты Алан, Ленингоры поселочы уырыссаг астæуккаг скъолайы рауагъдон

– Чысылӕй фӕстӕмӕ мӕ бӕллиц у зынгхуыссынгӕнӕн службӕйы кусын. Ӕмӕ мын ныр, скъола фӕуыны фӕстӕ, фадат ис йӕ сӕххӕст кӕнынӕн. Уымӕ гӕсгӕ мӕ ахуыр адарддӕр кӕндзынӕн Мӕскуыйы. Ӕз сӕрыстыр дӕн нӕ ирвӕзынгӕнджыты удуӕлдай куыст ӕмӕ архайдӕй. Мӕн дӕр фӕнды уыцы хаххыл бакусын, цӕмӕй зын уавӕрты цы адӕймӕгтӕ бахауынц, уыдонӕн ӕххуыс кӕнон ӕмӕ-иу кӕддӕриддӕр сӕ фарсмӕ балӕууон тыхст рӕстӕджы.

Гобозты Игорь, Цхинвалы 1-æм астæуккаг скъолайы рауагъдон

– Фидӕны мӕ бӕллиц у нӕ горӕты паддзахадон хъахъхъӕныны органты кусын. Фӕнды мӕ, цӕмӕй нӕ республикӕйы кӕддӕриддӕр уа рӕстдзинад ӕмӕ фӕтк, цӕмӕй ӕдас ӕмӕ амондджынӕй хъомыл кӕной кӕстӕр фӕлтӕр. Ныр та уал мӕ ахуыр кӕнынмӕ фӕнды бацӕуын нӕ горӕты паддзахадон университеты арæзтадон факультетмӕ.

Хуыбылты Артур, Цъинагары хъӕуы астӕуккаг скъолайы рауагъдон

– Адӕймаг царды цы фӕндаг равзардзӕн, уыцы хъуыдытӕ йӕм чысылӕй райдайынц ӕв-зӕрын. Фӕлӕ куы бахъомыл вӕййы, уӕд ӕй бахъӕуы бирӕ нымӕц професситы ӕхсӕн йæ зæрдæмæ æввахсдæр чи у, уыцы дæсныйад равзарын. Ӕз равзӕрстон милицæйы куыст ӕмӕ уый фӕдыл ахуыр кӕндзынӕн Уӕрӕсейы университеттӕй сӕ иуы. Ахуыры фӕстӕ мӕ бӕллиц у Ирыстонмӕ ӕрыздӕхын ӕмӕ мӕ уарзон ирон адӕмӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ сӕ хъахъхъӕнын. Иууыл сӕйрагдӕр та – ӕппӕт хъарутӕй тох кӕндзынӕн фыдракӕндты ныхмӕ, цӕмӕй нӕ чысыл Ирыстон размӕ цӕуа ӕмӕ дидин ӕфтауа.

Туаты Давид, Цхинвалы 6-ӕм астӕуккаг скъолайы рауагъдон  

– Ӕз мӕ сомбон бӕттын аразӕджы профессиимӕ. У мын тынг ахсджиаг ӕмӕ уарзон дæсныйад ӕмӕ йæ ӕнӕмӕнг сахуыр кӕндзынӕн. Уымӕн ӕмӕ мӕ фӕнды баллӕггад кӕнын мӕ чысыл Ирыстонӕн, фӕсивӕдӕн дзы алыгъуызон уавӕртӕ саразын. Куыд зӕгъӕм, спортивон комплекстӕ, хӕдзӕрттӕ, фӕндӕгтӕ, цӕмӕй нӕ райгуырӕн бӕстӕ размӕ цӕуа ӕмӕ фæстæ макæцы бæстæйæ лæууа.

Рæсугъд, уæрæх æмæ амондджын фæндæгтыл сæдæ азæй фылдæр фæцæут, Хуссар Ирыстоны 2023 азы рауагъдонтæ»

Газет «Хурзæрин»-ы редакци,

КОКАЙТЫ Зæринæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.