ДЫУУÆ ЛИДЕРЫ ФЕМБÆЛД

УФ-йы Президент Владимир Путинæн Сочийы фембæлд уыд йæ туркаг коллегæ Реджеп Тайип Эрдоганимæ. Дыууæ лидеры баныхæстæ цыдысты 4 сахат æмæ 30 минуты бæрц. Уыдон æруынаффæ кодтой сирийаг бæстонкæнынады фæдыл æппæт фарстытыл. Путин æмæ Эрдоган бадзырдтой Идлибы демилитаризацион зонæ саразыны тыххæй. Путин куыд загъта, афтæмæй ахæм зонæ арæзт хъуамæ æрцæуа 15-æм октябрмæ. Зонæйæ раконд æрцæудзысты радикалон боевиктæ. Æппæт оппозицион къордты уæззау хæцæнгæрзтæ хъуамæ раконд æрцæуой 10-æм октябры онг. Эрдоган куыд бамбарын кодта, уымæ гæсгæ зонæйы баззайдзысты оппозицийы минæвæрттæ. Афтæ ма Турк сфидар кæндзæн йæ цæстдарæн пункттæ Идлибы. Демилитаризацион зонæйыл контроль æххæст кæндзысты туркаг æфсæддон хъахъхъæнджытæ æмæ уæрæсейаг æфсæддон полици. Эрдоганы ныхæстæм гæсгæ, къуты бафтгæ уынаффæтæ фадат ратдзысты Идлибы гуманитарон кризис аиуварс кæнынæн. Баныхæсты фæстиуджытæм гæсгæ, УФ-йы Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу æмæ йæ туркаг коллегæ сæ къухтæ æрфыстой меморандумыл Идлибы деэскалацийы зонæйы уавæр æрбæстон кæныны тыххæй.

ÆРÆППÆРСТОЙ ХÆДТÆХÆДЖЫ

Уæрæсейаг хæдтæхæг-развæдсгарæг Ил-20 æрæппæрстой, Хмеймимы базæмæ æрбадынмæ куы фæцæйтахт, уæд. Æрæппæрстой йæ Израилы гарзджын тыхты куынæггæнæг хæдтæхджытæ F-16, кæцытæ 40 минуты дæргъы æхстой Дамаскы контролы бын территориты. Израилæгтæн æххуыс кодтой Францы æфсæддон денджызон тыхтæ. Путин Нетаньяхуимæ телефоны ныхас кæнгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, Израилы гарзджын тыхтæ цы операци уагътой, уый халы Сирийы суверенитет. «Ацы цауы хъахъхъæд не ‘рцыдысты тæссаг инциденттæ ма æруадзыны тыххæй уæрæсейаг-израилаг бадзырдтæ, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты 15 уæрæсейаг  æфсæддон службæгæнæджы», – банысан кодта Путин. Уый æрсидт Нетаньяхумæ, цæмæй ахæм цау фæлхаттгонд макуыуал æрцæуа. Йæ рады, Нетаньяху мæсæллæйы ныхæстæ загъта фæмардуæвæг æфсæддон службæгæнджыты тыххæй. Уый ныфс баæвæрдта, бæстон информаци кæй ратдзæн израилаг авиацийы архайдтыты тыххæй.

ПУТИН ÆМÆ ОРБАНЫ ФЕМБÆЛД

Уæрæсе æмæ Венгрийы лидертæ Владимир Путин æмæ Виктор Орбанæн бныхæстæ уыд Кремлы. Боны фæткы уыд æрмæст дыууæварсон ахастытыл нæ, фæлæ ма Украинæ æмæ Сирийы уавæрыл æруынаффæ кæнын. «Кæй зæгъын æй хъæуы, Венгри у Европæйы нæ сæйрагдæр партнертæй сæ иу. Ахастытæ рæзынц практикон æгъдауæй æппæт здæхтыты дæр. Ивгъуыд аз товарты æрзылд фæфылдæр 25 проценты æмæ 2018 азы фыццаг æмбисы та 30 проценты», – банысан кодта Владимир Путин.

ДЫУУÆ КОРЕЯЙЫ ЛИДЕРТЫ ФЕМБÆЛД

Хуссар Кореяйы президент Мун Чжэ Ин æрцыд Пхеньянмæ, Цæгат Кореяйы лидер Ким Чен Ынимæ фембæлынмæ. Аэропорты Ким Чен Ын сæрмагондæй йæхæдæг сæмбæлд Мун Чжэ Иныл. Уый у Хуссар Кореяйы лидеры фыццаг визит Цæгат Кореямæ фæстаг 11 азы дæргъы. Саммиты фæстиуæгæн къухтæ æрфыстой иумиаг хъусынгæнинагыл, кæцыйы нысан у кæрæдзийы ныхмæ æппæт знагиуæгон архайдтытæ æруромын æмæ хæсты тæссагдзинад аиуварс кæнын.

МАЛАЙЗИЙАГ ХÆДТÆХÆДЖЫ КАТАСТРОФÆЙЫ ТЫХХÆЙ

Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрад раргом кодта Донбассы сæрмæ малайзийаг хæдтæхæджы катастрофæйы тыххæй бæрæггæнæнтæ. Специалисттæ сбæрæг кодтой, конкретонæй цахæм ракетæйæ æрæппæрстой лайнеры, кæцæй æмæ кæд рауагътой ракетæ, кæцы æфсæддон хайы уыд æмæ катастрофæйы боны кæм уыд, уый. Ацы раргомгонд информаци ирдæй æвдисы хæдтæхæг украинæйаг ракетæйæ æппæрст кæй æрцыд, уый.

Ракетæ арæзт æрцыд Советон Цæдисы горæт Дол-гопрудныйы 1986 азы. Завод-аразæджы архивтæй æмæ журнал «Бынтон сусæггаг»-ы грифы бын документтæй бæрæг у, ракетæ лæвæрд кæй æрцыд уæд нырма Украинæйы Советон Республикæйы горæт Тернополы цур цы æфсæддон хай уыд, уымæн. Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ ракетæйы нæ раластой æмæ баззад Украинæйы гарзджын тыхтæм. Украинæ аххосджын кæй у ацы трагедийы, уый ма бæрæг у 2016 азы украинæйаг æфсæддонты ныхæсты радиоæрцахстæй дæр. Хъæлæстæй сæ иу у Украинæйы гарзджын тыхты булкъон Руслан Гринчакы, кæцы 2015 азы онг къухдариуæгад кодта 164-æм радиотехникон бригадæйыл. Ацы бригадæ контроль кодта  Донбассы  сæрмæ  уæлдæфон тыгъдадыл.

 

ФЕХÆЛДТА ХÆЛАРДЗИНАДЫ ТЫХХÆЙ БАДЗЫРД

Украинæ фехæлдта Уæрæсеимæ хæлардзинады тыххæй бадзырд.  Бадзырдыл йæ къух æрфыста Украинæйы президент Петр Порошенко. Украинæ халы æппæт бастдзинæдтæ Уæрæсеимæ, уыцы нымæцы Стыр Бадзырд дæр. Цалдæр азы размæ ацы бæстæ ахæм къахдзæф нæ сарæзтаид, карз реакцийæ тæрсгæйæ. Уымæн æмæ Бадзырды ирдæй фыст уыдысты территориалон æнæхъæндзинады гарантитæ æмæ иууыл сæйрагдæр та нацийы къаддæр хæйтты бартæ хъахъхъæныны тыххæй. Украинæйы сæ тæмæны сты президентон æвзæрстыты тохтæ, Киевы политиктæ иууылдæр æмбарынц президент чи суыдзæн, уый, уымæн æмæ уыцы фарст аскъуыддзаг кæндзæн Вашингтон. Уымæ гæсгæ Порошенкойæн тынг ахсджиаг у равдисын, зæгъгæ, æрмæстдæр уымæн суыдзæн йæ бон бæстæйы «антиуæрæсейаг» фестын кæнын.

 

НЕФТЬ ÆВВОНГ КÆНЫНЫ ТЫХХÆЙ

Уæрæсе æмæ Китай бадзырдтой 2018 азы 1,7 милуан тоннæйы нефть Козьминойы портыл æввонг кæныны тыххæй. Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодта Дмитрий Козак базарадон-экономикон æмгуыстады фæдыл уæрæсейаг-китайаг æхсæнхицауадон къамисы рабадты фæстæ. Аст мæймæ Уæрæсейæ Китаймæ цы нефть æввонг кæнынц, уый фæфылдæр 30 проценты. Вице-премьер ма банысан кодта, зæгъгæ, УФ фæнд кæны Китаймæ газ æввонг кæнын «Сила Сибири»-йы маршрутыл 2019 азы 20-æм декабрмæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.