ФЕМБÆЛД В. ПУТИНИМÆ

Мæскуыйы официалон визиты уыд Молдовийы президент Игорь Додон. Владимир Путинимæ фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой алыгъуызон фарстытыл. «Мах стыр нысаниуæг дæттæм уæрæсейаг-молдоваг ахастытæн. Фæстаг рæстæджы дыууæ бæстæйы ‘хсæн уавæр ивы хуыздæрырдæм, уæлдайдæр та базарадон-экономикон бастдзинæдты, цыран ис де стыр хайбавæрд дæр», – банысан кодта Владимир Путин. «Молдови æмæ Уæрæейы Федерацийы ‘хсæн ис традицион хæларадон, æфсымæрон стратегион ахастытæ. Хæлардзинад уыд, ис æмæ уыдзæн æмæ йæ ничи фехалдзæн», – загъта Додон. Молдовийы президент куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ фембæлды къухты бафтыд ахæм уынаффæты тыххæй бадзурын, кæцытæм рагæй æнхъæлмæ кæсынц Молдовийы цæрджытæ.

КЪУХТÆ ÆРФЫСТОЙ КОНТРАКТЫЛ

Уæрæсе æмæ Инди къухтæ æрфыстой контрактыл комплекстæ С-400 сомтыл ауæй кæныны тыххæй. 2016 азы октябры мæйы УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ Индийы премьер-министр Нарендра Моди бадзырдтой зенитон ракетон системæ С-400 «Триумф» ауæй кæныны тыххæй.  Стыр дæрддзæгæн зенитон ракетон системæ у авиаци, базырджын æмæ баллистикон ракетæтæ куынæг кæнынæн, афтæ ма сæ спайдагæнæн ис уæлзæхх объектты ныхмæ дæр. Контракты аргъ у 5,43 миллиард доллары. Индийы æфсады хæцæнгæрзты 70 процентæй фылдæр сты уæрæсейаг æмæ советон рауагъд.

ФÆЛВÆРДТОЙ МÆСКУЫЙЫ ФÆАХХОСДЖЫН КÆНЫНЫЛ

Минæвæртты Брюсселы æмвæзадыл  Уæрæсе-НАТО-йы совет ауагъта фæстаг азты иууыл дæргъвæтиндæр рабадтытæй сæ иу. Рабадт цыд цыппар сахаты бæрц. Дыууæ фарсы хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, фембæлды программæ уыд хъæздыг. Уыдон æруынаффæ кодтой астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæжы ракетæты ликвидацийы тыххæй Бадзырды алыварс сæвзæргæ уавæрыл, байхъуыстой дыууæ фарсы уæлдай егъаудæр æфсæддон ахуырты тыххæй Уæрæсе æмæ НАТО-йы минæвæртты брифингтæм. Цæгататлантикон альянс фæлвæрдта Мæскуыйы астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæжы ракетæты ликвидацийы тыххæй Бадзырд фехалыны фæаххосджын кæныныл. Мæскуы æмæ Брюсселы позицитæ иугъуызон уыдысты æрмæстдæр Европæйы æдасдзинады фарсты. Уæрæсейаг фарсы ‘рдыгæй банысанчындæуыд Бадзырды нысаниуæджы тыххæй, куыд европæйаг æмæ глобалон стабилондзинады бахъахъхъæныны фактор, афтæ. НАТО-йы бæстæтæ сразы сты, ацы бадзырдæн ахсджиаг нысаниуæг кæй ис евроатлантикон æдасдзинады.

ПРОТЕСТОН АКЦИТÆ

Киевы уагъд цæуынц ног протесттæ газы аргъ фæфылдæр кæныны фæдыл хицауады уынаффæйы ныхмæ. Украинæгтæ газы тыххæй хъуамæ фидой, нырмæ цы фыстой, уымæй 23,5 проценты фылдæр. Бæстæйы премьер-министр Гройсман кæд фидарæй дзуры, зæгъгæ, газы тариф нал фæфылдæр уыдзæн, уæддæр уый раст нæу. Иннæ хатт газы аргъ фæфылдæр уыдзæн майы мæйы. Украинæ æртаг æлхæны Европæйæ, кæцыйæн йæ аргъ слæууы иу мин кубæн 500 доллары. Уыцы иурæстæджы украинæгтæ фылдæр фиддзысты хъæрмад æмæ хъарм донæн дæр. Хицауад адæммæ сиды, цæмæй экономи кæной. 2018 азы райдианмæ Украинæ дунеон валютон фондæй хæс дардта 12,5 миллиард доллары. Æцæг уыдонæй дыууæ миллиард сты Януковичы рæстæджы райсгæ æхцатæ. 10,5 миллиард доллары та райстой Яценюк æмæ Гройсманы рæстæджы.

САНКЦИТÆ УКРАИНÆЙЫ НЫХМÆ

Уæрæсе санкцитæ бакодта Украинæйы бизнесментæ æмæ чиновникты ныхмæ. Санкцион номхыгъды сты Алексей Порошенко – Украинæйы президенты  хистæр фырт, Юлия Тимошенко, Арсен Аваков, АИШ-ы Украинæйы минæвар Валерий Чалый, генпрокурор Юрий Луценко, национ æдасдзинады æмæ хъахъхъæнынады советы секретарь Александр Турчинов, Олег Ляшко, Антон Геращенко æмæ бирæ æндæртæ, æдæппæтæй 322 адæймаджы. Афтæ ма санкцитæ баконд æрцыдысты 68 компанийы ныхмæ. Уыдонæн Уæрæсейы территорийыл æхгæд æрцæудзысты финансон фæрæзтæ, исад æмæ зынаргъ гæххæттытæ, нал сын уыдзæн Уæрæсейæн æддæмæ фæрæзтæ (капитал) ахынцыны бар дæр.

НЕМЫЦАГ БИЗНЕСМЕНТИМÆ

Владимир Путин Кремлы фембæлд Германы хъуыддагон зылдты минæвæрттимæ. Путин банысан кодта, зæгъгæ, 2017 азы дыууæ бæстæйы ‘хсæн товарты æрзылд сырæзт 23 проценты – 50 миллиард доллары онг, ацы аз январь-августы та ацы бæрæггæнæн фæфылдæр ноджы 24 проценты. Дунейы политикæ æмæ экономикæйы вазыгджын конъюнктурæмæ нæ кæсгæйæ, уæрæсейаг президенты ныфс ис Уæрæсе æмæ Германы ‘хсæн хъуыддагон бастдзинæдты дарддæры рæзтæй. Дыууæ бæстæйы ‘хсæн инвестицион æмæ базарадон баивд æрмæст пайда нæ хæссы йæ хайадисджытæн, фæлæ ныфсджынæй фидар кæны Уæрæсе æмæ Германы ахастытæ. Путины ныхæстæм гæсгæ, уæрæсейаг экономикæйы алыгъуызон фадгуыты немыг капиталбавæрдтытæ сты 20 миллиард долларæй фылдæр æмæ немыцаг экономикæйы та уæрæсейаг бавæрдтытæ сты 9 миллиард доллары. Уæрæсейы архайы 5 мин куыстуаты гермайнаг хайадистимæ.

ДМИТРИЙ МЕДВЕДЕВЫ ОФИЦИАЛОН ВИЗИТ

УФ-йы премьер-министр Дмитрий Медведев дыууæбонон официалон визиты уыд Казахстаны. Медведев Казахстаны президент Нурсултан Назарбаевимæ фембæлды рæстæджы банысан кодта, зæгъгæ, дыууæ бæстæйы æнтыстджын æмгуыстады фæстиуæг ссис товарты æрзылды рæзт. Назарбаев загъта, зæгъгæ, Казахстан æмæ Уæрæсейы ахастытæ сты бафæзминаг æмæ сæ хъæуы бахъахъхъæнын.Казахстан у Уæрæсейы стратегион партнер æмæ æмцæдисон. Нæ ахастытæ хицæн кæнынц алы ран дæр, уымæн æвдисæн сты куыд уæлдæр æмвæзады интенсивон контакттæ, афтæ хицауадты æмæ бизнес-æмæхсæнадтимæ ахастытæ, – банысан кодта Дмитрий Медведев. Уыдон æруынаффæ кодтой стратегион партнердзинады тыххæй.

ÆРЦЫД УКРАИНÆМÆ

Германы канцлер Ангела Меркель бабæрæг кодта Украинæйы официалон визитимæ. Дыууæварсон баныхæсты сæйраг темæ уыдысты Минскы сразыдзинæдтæ æмæ Донбассы уавæр. Меркелимæ иумиаг брифинджы Порошенко радон хатт фехъусын кодта, зæгъгæ, Украинæ цæттæ у Минскы сразыдзинæдтæ æххæст кæнынмæ, æмæ Донбассы уавæр фæкарздæр кæныны фæдыл бæрндзинад сæвæрдта Донецк æмæ Луганскы Республикæтыл. Йæ рады Меркель фехъусын кодта, зæгъгæ, ацы республикæты æвзæрстытæ ауадзын æмбæлон нæу Минскы бадзырдтæн. Мæскуыйы ацы республикæты æвзæрстытæ ауадзын схуыдтой æнæмæнгхъæуæг мадзал ныртæккæйы уавæрты. Пресс-конференцийы Меркель фехъусын кодта, зæгъгæ, Герман рахæцдзæн Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ адарддæр кæныны æвварс, уымæн æмæ, зæгъ, Уæрæсе нæ хъахъхъæны Минскы сразыдзинæдтæ.

ИДЛИБЫ УАВÆРЫ ТЫХХÆЙ

Сирийы АИШ цы районтыл контроль кæны, уым хицауиуæг кæнынц боевиктæ. УФ-йы хъахъхъæнынады министрады официалон минæвр Игорь Конашенковы ныхæстæм гæсгæ, Анкара йæхим райсгæ хæстæ æххæст кæныны рæстæджы цы бæрæг зындзинæдтæ æвзары, уымæ нæ кæсгæйæ,  демилитаризаци цы районтæ хъуамæ æрцæуой, уым уавæр куыд фæстагмæ нормалон кæны. Демилитарзацигонд зонæйæ раконд æрцыдысты 2450 боевикы æмæ 206 алыгъуызон техникæйы иуæджы, уыцы нымæцы 31 танкы, егъау калибры быдырон артиллерийы 22 хæцæнгарзы, 23 минæзгъалы æмæ æндæртæ. Деэскалацийы Идлибы зонæйæ ацæуын кæй фæнды, уыцы сабыр цæрджытæн сирийаг хицауад сарæзта гуманитарон къæлидор. Уæрæсе, Турк æмæ Ираны минæвæртты контролæй Идлибы провинцийы скæсæйнаг хайæ ацыдысты 36 мин адæймаджы. Уæрæсейы фидауынæгæнг центр райтынг кодта мобилон медицинон центр, цыран æххуыс кæнынц адæмæн. Фæлæ Идлибы цы боевиктæ баззадысты, уыдон алыварсонæй архайынц уавæр фæкарздæр кæныныл.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.