УЫДЗÆН СНОГГОНД УЛÆФÆН ПАРК

Нæ горæты иууыл фенддагдæр бынæттæй сæ иу раздæр уыдис Культурæ æмæ  улæфæн парк. Цхинвалы æмæ хъæутæй æрцæуæг цæрджыты, уæлдайдæр та фæсивæды, уый йæхимæ æлвæста йæ хъæлдзæг æмæ мидисджын цардæй. Ныр дæр ма цæстытыл уайы, бæрзонд хæрис бæлæсты бынты, стæй дзы цы цад арæзт уыд, уый æмæ фæндæгты былтыл даргъ фæхсбандæттыл бадгæйæ, сæ ныхас куыд кодтой æрыгонæй зæронд адæймагмæ. Ам æнкъард ничи кодта – алкæмæн дæр уыд, йæхи кæм æмæ цæуыл аирхæфстаид, уый. Цæрджыты домæнтæн дзуапп лæвæрдта стадион дæр.

Уый ивгъуыд дуджы уыд. Хъыгагæн, 90-æм азты райдианы царды фæивд, гуырдзыйы агресси æмæ донивылды фæстиуæгæн ам парчы æмæ стадионы дæр цард æрнымæг. Парчы территорийыл цыдæриддæр хиирхæфсæн аттракционтæ уыдис, уыдонæн сæ кой дæр нал ис. Чи ма дзы аззадис, уыдон дæр хъæдхъиутæй лæууыдысты бирæ азты дæргъы.

Раууатмæ æрцыд æмæ ныххæлæттаг, ам цы егъау концертон зал уыдис, уый. Донраивылды фæстиуæгæн ныппырх киноконцертон залмæ хæстæг Леуахийы тæккæ былыл цы кафе-бар арæзт уыдис, уый дæр. Бирæ хуыздæр нæ рауад йæ хъысмæт стадионæн дæр. Цадæггай пырх цыдис æмæ уый дæр раууатмæ æрцыдис. Адæмæн сæ бæллиц ссис, удæхцондзинад кæм истой, уыцы  улæфæн парк банывыл кæнын æмæ та дзы сæ сæрибар рæстæг æрвитын. Иу ахæмы ам цалцæггæнæн куыстытæм æрæвнæлдта РХИ-йы хъахъхъæнынады министрад. Паркмæ бахизæны арæзт æрцыд тъæпæн дуртæй æмбонд. Йæ территорийыл цы фæндæгтæ ис, уыдон ныххафтой, слæгъз сæ кодтой. Сæйраг фæндагыл ныккалдтой сырх хуыр. Стыр куыст бачындæуыд цады бынат ногæй саразыныл. Адæмы цинæн кæрон нæ уыд, ныфс сæ бацыд, иухаттау æхцондзинад кæй исдзысты, уымæй.

Алыгъуызон æндидзынгæнæн куыстытæ баконд æрцыд стадионы дæр. Кусджыты æмрæнхъ, ам, сæ уæлæ кусæн дарæс скæнгæйæ, куыстой рог атлетикæйы скъолайы директор Цъæхилты Игорь æмæ стадионы директор Дзиццойты Алан йæхæдæг дæр. Уырдæм-иу арæх бауад æмæ куыстытæ куыд æххæст цыдысты, уый-иу арæх абæрæг кодта республикæйы спорткомитеты уæды сæрдар, ныр дзæнæттаг Хъуылымбегты Барис. Ацы адæймæгтæ уыдысты сæйраджыдæр стадион фæткмæ æркæныныл чи куыста, уыдон. Уыцы рæстæджы цалцæг æрцыдис сæйраг трибунæ. Аразджытæ сцалцæг кодтой службæйон хатæнтæ, дарæсивæнтæ, стадионы бахизæны къултæ. Трибунæтыл ма цы пластмасæй бандæттæ баззад, уыдон ласт æрцыдысты Цæгат Ирыстонмæ, цæмæй сæ  сцалцæг кодтаиккой. Афтæ архайдтой парк æмæ стадион сæндидзын кæныныл. Фæлæ стадион кæд фæстæдæр ногæй рафидыдта æмæ дзы спортивон мадзæлтты æдтейæ уагъд фæцæуынц бæрæгбонон мадзæлттæ дæр, уæддæр парк фæстæмæ æдзæллаг уавæрмæ цыд. Кæй йæ сæндидзын кæнын хъуыд, ууыл рагæй дзырд цыдис, фæлæ æрмæстдæр ныр аскъуыддзаг йæ сæндидзын кæныны фарст. Ацы ахсджиаг объект хаст æрцыд 2018-2019 азтæн Инвестицион программæмæ.

РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрады куыд зæгъынц, афтæмæй план цæуы зæронд æмæ ног хидты территори сцалцæг кæнын. «Донбылгæрон зонæйы арæзт æрцæудзысты æндæр æмæ æндæр хиирхæфсæнтæ: шахмæтты павилон, тир, беседкæтæ, сывæллæттæн тренажерон фæзуæттæ, теннисон корт, сценæ æмæ æндæртæ. Æппæт уыцы куыстытæ баконд æрцæудзысты 2019 азы фыццаг æмбисы.

Ам ма куыд загътой, афтæмæй парчы территорийы уыдзæнис аразгæ цæдтæ хидтимæ, афтæ ма дзы сагъд æрцæудзысты бæлæстæ æмæ декоративон къутæртæ.

Парчы центры цы кафе лæууы пырхæнтæй, уый та, бæрæг куыд у, афтæмæй уыд хицæн адæймаджы, кæцы ныфс бавæрдта парк байгом кæнынмæ йæ сæндидзын кæнынæй, цæмæй æхцондзинад хæсса цæстæн.

Парчы арæзтадæн рахицæн æрцыд 33 милуан сомы.

Афтæ, уæдæ та сырæздзæн улæфæн парк æмæ та раздæрау æхцондзинад хæсдзæн нæ республикæйы цæрджытæн.

Бестауты Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.