АИВТА  ЙÆ ФЕМБÆЛД

АИШ-ы президент Дональд Трамп аивта йæ фембæлд Владимир Путинимæ «большая двадцатка»-йы саммиты фæлгæтты. Трампы ныхæстæм гæсгæ ахæм уынаффæйы аххосаг ссис Керчы донкъубалы инцидент. «Украинæйаг наутæ æмæ денджызонтæ Уæрæсейæ кæй нæ раздæхтысты, уымæ гæсгæ, æз аскъуыддзаг кодтон, зæгъгæ, хуыздæр уаид цымыдисгæнæг фæрстæ се ‘ппæт дæр куы аивиккой  сæ фембæлд Владимир Путинимæ Аргентинæйы «большая двадцатка»-йы саммиты фæлгæтты», – ныффыста Трамп. Уый банысан кодта, зæгъгæ, цæттæ у фембæлынмæ, куыддæр уавæр æрбæстон уа, афтæ. G20 саммит уагъд цæуы 30 ноябры – 1-æм декабры Буэнос-Айресы.

 

НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

Уæрæсе æмæ Туркы президенттæ Владимир Путин æмæ Реджеп Тайип Эрдоган телефоны ныхас кæнгæйæ, уынаффæ кодтой Керчы донкъубалы æрцæугæ инциденты æмæ Сирийы уавæры тыххæй. Бадзырдтой 2018 азы 17-æм сентябры  Идлибы уавæр æрбæстон кæныны тыххæй Сочийы къухтæ цы Меморандумыл æрфыстой, уый среализаци кæныны фæдыл иумиаг архайдтытæ фæактивондæр кæныны тыххæй, уыцы нымæцы террористон къордты ныхмæ тохы фæдыл мадзæлттæ дæр. Баныхæсты рæстæджы ма уынаффæ кодтой дыууæварсон æмгуыстады тыххæй дæр.

 

КЕРЧЫ ИНЦИДЕНТЫ ТЫХХÆЙ

УФ-йы Президент Владимир Путин фыццаг хатт комментаритæ сарæзта Керчы донкъубалы инциденты тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый у Украинæйы хиуцауады  «чъизи хъазт» президентон æвзæрстыты размæ æмæ бæстæйы æфсæддон уавæр бакæныны æфсон. Инвестицион форум «Россия зовет»-ы пленарон рабадты уæрæсейаг лидер æрцæугæ цауы  схуыдта провокаци. Уый, зæгъ, баст у Порошенкойы ныллæг электоралон рейтингимæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ украинæйаг лидер тырны Украинæйы уавæр фæкарздæр кæнынмæ æмæ президентон æвзæрстыты йæ конкуренттæн «æнæбасæтгæ ныхдуртæ» саразынмæ.

 

НЫФС БАВÆРДТА ПЕНСИТÆ ФÆФЫЛДÆР КÆНЫНÆЙ

УФ-йы Президент Владимир Путин инвестицион форум «Россия зовет»-ы ныхас кæнгæйæ, фехъусын кодта, зæгъгæ, бæстæйы пенситæ рæздзысты. Ацы фарст, зæгъ, скъуыддзаг у. УФ-йы президент куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ инфляцион процесстæ ма хъуамæ бандавой пенсион æвæрдтытыл.

 

УЫДЗЫСТЫ ПРЕЗИДЕНТОН ÆВЗÆРСТЫТÆ

Украинæйы Уæлдæр Рада сфидар кодта бæстæйы президентон æвзæрстыты бон. Æвзæрстытæ уагъд æрцæудзысты 2019 азы 31-æм марты. Æмбæлон уынаффæйыл йæ къух æрфыста Уæлдæр Радайы сæрдар Андрей Парубий.

 

ЦÆТТÆ КÆНЫНЦ НОГ ПРОВОКАЦИ

Сирийы «Пысылмон паддзахады» къорды террористтæ цæттæ кæнынц ног провокаци сæххæст кæнынмæ, химион хæцæнгарзæй спайда кæнгæйæ. Уыдон фæнд кæнынц курдты ныццæвын, уыимæ дзуаппон æхст хицауады тыхты дæлхæйтты фæкæнгæйæ. УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ хæстон хъæстæгæнæн буарадтимæ минæтæ уадзынц Дейр-эз-Зоры провинцимæ æввахс рынчындоны. Снарядтæ нысангонд сты курдаг сириаг демократон тыхты фехсынæн, кæцытæ АИШ-ы æххуысæй хæстон архайдтытæ кæнынц террористты ныхмæ Хаджины районы.

 

АТАКÆ ПРЕЗИДЕНТЫ БЫНАТМÆ КАНДИДАТЫЛ

Украинæйы президенты бынатмæ кандидат Анатолий Гриценкойы Одессæйы фæнадтой 30 активисты  маскæты æмæ йыл бакалдтой цæссыгкалæн газ. Уый Одессæмæ æрцыд кусæгон визитимæ æвзарæн кампанийы фæлгæтты. Полицийæгты версимæ гæсгæ, политикыл фехстой æйчытæ. Активистты къухæй Гриценкойы байста полици.

 

 

ФЕМБÆЛД АСТАНАЙЫ

Мæскуы æвæрццагæй саргъ кодта Сирийы фæдыл Астанайы фембæлдæн. «Мах æруынаффæ кодтам фарстыты тынг стыр комплексыл, Идлибы алыварс уавæрæй райдайгæйæ æмæ Сирийы æндæр хæйтты уавæрæй фæугæйæ,  стабилондзинады фæдыл иумиаг уавæры тыххæй», – банысан кодта Сирийы фæдыл УФ-йы Президенты сæрмагонд минæвар Александр Лаврентьев. Уый  фехъусын кодта, зæгъгæ, Турк куыд Астанайы процессы гаранты бæстæ, афтæ бафидар кодта Сирийы территориалон æнæхъæндзинады, хæдбардзинады æмæ суверенитеты принциптæ. Сириаг оппозицийы делегацийы сæргълæууæг Сирийы фæдыл ног фембæлд уагъд æрцæудзæн 2019 азы февралы Астанайы.

 

БАДЗЫРДТОЙ ВИЗÆТÆ АИВЫНЫ ТЫХХÆЙ

Мæскуы æмæ Тегеран сæхи цæттæ кæнынц туристон визæтæ аивынмæ. Уæрæсейаг-ирайнаг æхсæнхицауадон къамисы æмсæрдар Реза Ардаканиан куыд радзырдта, уымæ гæсгæ визæйон режим аивыны тыххæй бадзырд ныридæгæн къухты бафтыд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныр ма æмбæлон документты хъæуы æххæстгæнæн регламент, кæцы бацæт-тæгонд æрцæудзæн иу-дыууæ мæйы æмгъуыдмæ.

 

УРÆД ÆРЦЫДЫСТЫ

Барадхъахъхъæнæг органтæ æрцахстой Шамил Басаевы бандæйы дыууæ уæнджы, кæцытæ 2000 азы Цæцæны Республикæйы хайад истой псковаг десантниктæм бабырсыны. Уæлдай уæззаудæр фыдракæндтæ саразыны тыххæй Нажмудин Дудиев æмæ Ибрагим Донашевы тыххæй уагъд цæуынц фæдагурæн куыстытæ. Ист цæуынц мадзæлттæ бандæйы иннæ хайадисджыты сбæрæг кæныны тыххæй. 19-æм ноябры Мæскуыйы урæд æрцыд Басаевы бандæйы иннæ уæнг Хазвах Черхигов, кæцы хайад иста 1995 азы Буденновскы 1500 амынæты ракæныны операцийы.

 

С-400  ХЪЫРЫМЫ

Зенитон-ракетон системæ С-400 цыппæрæм дивизион райдыдта радгæс хæссын Украинæйы арæнмæ æввахс Хъырымы цæгат хайы. Комплекстæ равæрд æрцыдысты Джанкоейы. Сентябры комплекстæ радгæсад хæссын райдыдтой Евпаторийы, 2017 азы январы  Феодосийы, 2018 азы январы – Севастополы.

 

ФÆУÆЛАХИЗ ЗУРАБИШВИЛИ

Гуырдзыстоны президентон æвзæрстыты дыккаг туры хæдбар кандидат Саломе Зурабишвилийы æвварс рахæцыдысты æвзарджыты 59,52 проценты  æмæ афтæмæй ссис Гуырдзыстоны ног президент. Йæ иунæг ныхмæлæууæг оппозицион партийы кандидат Григол Вашадзейы тыххæй та схъæлæс кодтой æвзарджыты  40,48 проценты.

 

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.