ДЫУУÆ ЛИДЕРЫ БАНЫХÆСТÆ

УФ-йы Президент Владимир Путин кусæгон балцы уыд Германы. Уый фембæлд бæстæйы канцлер Ангела Меркелимæ. Æртæ сахаты баныхæсты хатдзæгтæм гæсгæ, фембæлд уыд фæстиуæгджын. Цы фарстатыл уынаффæ кодторй, уыдоны ‘хсæн уыдысты Сири æмæ Украинæйы конфликттæ, Ираны ядерон программæйы алыварс уавæр æмæ газуадзæн «Северный поток 2»-йы арæзтад. Путин æрсидт Меркелмæ, цæмæй баххуыс кæна сирийаг лигъдæтты раздахынæн. Немыцаг канцлер банысан кодта Сирийы хæстон архайдтытæ кæй фæкъаддæр сты, уый  æмæ бацамыдта гуманитарон катастрофæ ма æруадзыны æнæмæнгхъæуын-зинады тыххæй. Украинæйы фарсты фæдыл Путин банысан кодта «Минскы бадзырдты» æнæальтернативондзинад. Уыцы хъуыдыимæ разы уыд Меркель дæр. Уый ныфс бавæрдта, зæгъгæ,  ныхмæлæууæг фæрсты ахицæн кæныны фæдыл ма ноджы иу бафæлвæрд ист æрцæудзæн æввахс рæстæ-джы, ног ахуыры азы райдианы размæ. Дыууæ лидеры рахæцыдысты Ираны ядерон программæйы архайдтыты иумиаг планы æвварс. Путин æмæ Меркель банысан кодтой, газуадзæн «Северный поток-2»-йæн кæй ис æрмæстдæр коммерцион характер æмæ, зæгъ, дзы политикæ аразын нæ хъæуы. Дыууæ лидеры хъуыдымæ гæсгæ проекты арæзтад хъуамæ кæронмæ фæуа. Уыимæ Меркель банысан кодта, зæгъгæ, ацы газуадзæны арæзтадмæ нæ кæсгæйæ, Украинæ хъуамæ бахъахъхъæна йæ роль Европæмæ газы транзитеры хуызы.

 

УРÆД ÆРЦЫДЫСТЫ

Космикон фадыджы ис коррупцион хъаугъа. Уæрæсейы Фæдагурæн комитеты бæрæггæ-нæнтæм гæсгæ, корпорацийы генералон директоры хæдивæг Алексей Белобородов æмæ йæ дæлбар дыууæ кусæджы урæд æрцыдысты стыр бæрцты гæртам райсыны тыххæй. Йæ рады «Роскосмос»-ы фехъусын кодтой, зæгъгæ, гæртам райсынæй зæрдæ кæмæ фехсайдта, уыдоны сбæрæг кодтой Паддзахадон корпорацийы активон æмархай-ды руаджы. Июлы кæрон та урæд æрцыд Лавочкины номыл НПО-йы генералон директор. Уый размæ фадыджы стыр басгæрст райдыдтой «Роскосмос»-ы къухдариуæгады куырдиатмæ гæсгæ.

 

***

Махачкалайы аэропорты урæд æрцыд Дагъыстаны æнæмæнг медицинон фæдзæхсты  территориалон фонды сæргълæууæг Магомед Сулейманов. Уымæ зæрдæ фехсайдта йæ куысты æххæстбартæ фæбæрзонддæр кæныны æмæ йæ акæндзысты Мæскуымæ. Информаци бафидар кодта Фæдагурæн комитет æмæ бамбарын кодтой, зæгъгæ, Сулейманов сарæзта фыдракæндон æмæхсæнад. Фæдагуырды бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2010 азæй 2018 азы онг фыдракæндон æмæх-сæнады хайадисджытæ сæрмагонд медицинон уагдæттимæ развæлгъау бадзургæйæ, сæхи бакодтой, ома, адавдтой 210 милуан сомæй фылдæр. Сулейманов ацы фонды  æххæстгæнæг директор ссис 2010 азы, уый размæ та æртæ азы уыд республикæйы адæмон æмбырды сæрдар.

ФÆФЫЛДÆР КУЫСТМЫЗД

Венесуэлæйы президент Николас Мадуро фехъусын кодта бæстæйы минималон куыстмызд 60 хатты фæфылдæр кæныны тыххæй. Мадуро куыд загъта, уымæ гæсгæ 20 августы криптовалютæ Petro-йы иунæг иуæг кусын райдыдта æмæ йæ аргъ уыдзæн 60 доллары кæнæ 3,6 мин боливары. Уыимæ минималон куыстмызд уыдзæн криптомонетæйы æмбис, ома, 1,8 мин боливары, кæд æмæ ныртæккæ уый æртæ милуан боливары у, уæд. Венесуэлæйы национ валютæйы нал уыдзæн фондз нулы. Мадуро фидарæй дзуры, зæгъгæ, бацамынд мадзæлттæ баххуыс уыдзысты паддзахады æхца-кредитон æмæ финансон цард радикалонæй стабилизаци кæнынæн.  Каракас Petro-йы реализаци кæнын райдыдта 20-æм февралы. Иумиагæй план цæуы ацы криптовалютæйы 100 милуан иуæджы рауадзын.

РАВДЫСТА ПРОТЕСТ

Китай равдыста йæ протест Вашингтонæн Китайы гарзджын тыхты тыххæй АИШ-ы хъахъхъæнынады министрад доклад кæй ныммыхуыр кодта, уый фæдыл. Китайы æфсæддон арæзтады тыххæй АИШ-ы доклады мыхуыр цæуынц Китайы территориалон æнæхъæндзинад æмæ суверенитеты хъахъ-хъæнынадмæ хауæг æбæрнон ныхæстæ. «Мах домæм, цæмæй АИШ «нæ» зæгъой уазал хæсты рæстæджытæн æмæ рационалон ахаст дарой Китайы стратегион фæн-дæттæм, афтæ ма æруромой азæй азмæ кæй мыхуыр кæнынц, уыцы æбæрнон докладты», – фехъусын кодта Китайы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар.

ЙÆ ЦАРДÆЙ АХИЦÆН КОФИ АННАН

Цыбыр рæстæджы рынчыны фæстæ 80 аздзыдæй йæ цардæй ахицæн ИНО-йы раздæры Генералон секретарь æмæ 2001 азы Нобелы премийы лауреат Кофи Аннан. Дипломат райгуырд Ганайы 1938 азы. ИНО-йы куыстмæ бацыд 1961 азы. 1997 аз уый ссис ИНО-йы æвдæм генералон секретарь. Кофи Аннан у фыццаг ахæм адæймаг, кæцы организацийы хуымтæджы кусæгæй схызт йæ сæргълæууæджы онг. Уый ИНО-йы Генералон секретарь уыд 2006 азы онг. Йæ царды  фæстаг азты Аннан куыста Швейцарийы æмæ лæууыд  Женевæйы штаб-квартирайы йæ номыл фонды сæргъ.

«БУК» СÆМБÆЛД БÆСТЫХАЙЫЛ

Зенитон-ракетон комплекс «Бук», кæцы хайад иста Киевы хæдбардзинады боны парады репетицийы, сæмбæлд бизнес-центры бæстыхайыл. Æфсæддон машинæйы шофыр фæстæмæ скъæргæйæ, баскъæрдта бæстыхайы æддагон колоннæтæй сæ иуыл. Бахъыгдард сты йæ плитæтæ. Парады хайад райсдзысты 4,5 мин æфсæддон службæгæнæджы. Куыд хъусынчындæуы, уымæ гæсгæ мадзалмæ æрцæудзæн национ æдасдзинады фарстыты фæдыл  АИШ-ы президенты уынаффæгæнæг Джон Болтон.

ТÆРККЪÆВДАТЫ ФÆСТИУÆГÆН

Индийы хуссар-ныгуылæн хайы Кералы штаты тæрккъæвдаты æмæ донивылдтыты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц схызт 357 адæймаджы онг. Тыхджын къæвдаты аххосæй цæугæдæтты доны æмвæзад бæрзонддæр кæны. Цалдæр горæты доны бын фесты. Рæстæгмæдарæн центртæм эвакуаци æрцыдысты 800 мин адæймаджы. Бынæттон хицауад фехъусын кодтой, зæгъгæ, регион сæмбæлд иууыл тæссагдæр донивылдтытимæ фæстаг сæдæ азы.

Информацион агентадты

 хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.