ФОРУМЫ ПЛЕНАРОН РАБАДТ

Скæсæйнаг экономикон форумы уæлдæр æмвæзадыл æвдыст æрцыдысты фондз бæстæйы. Пленарон рабадты ма Владимир Путинæй дарддæр раныхас кодтой Китайы æмæ Монголийы сæргълæуджытæ Си Цзиньпин æмæ Халтмаагийн Баттулга, Япон æмæ Хуссар Кореяйы премьертæ Синдзо Абэ æмæ Ли Нак Ен. Форум экономикон кæй у, уымæ нæ кæсгæйæ, бирæ дзырд цыд политикæйы тыххæй дæр. Японимæ æмгуыстады планы ис 150 проектæй фылдæр. «70 азы дæргъы мах уадзæм бадзырдтæ. Синдзо Абэ загъта: цæй æмæ аивæм нæ ахастытæ. Цæй ут! Мæнæ ахæм идея æрцыд мæ сæрмæ: цæй æмæ сарæзæм сабырады бадзырд – йеныр нæ, фæлæ азы кæронмæ – æрмæст æнæ развæлгъау уавæртæй», – загъта Владимир Путин. «Дард Хурскæсæны регион гом кæны уæрæх перспективæтæ. Уæрæсейаг-китайаг ахастытæ сты историйы иууыл хуыздæр æмвæзадыл», – загъта Китайы Адæмон Республикæйы сæрдар Си Цзиньпин. Китайы инвестицитæ сты 4 миллиард долларæй фылдæр, китайаг бизнесментæ хайад исынц 30 проекты. Форумы хайад райстой 60 бæстæйы делегацитæ. Къухтæ цы сразы-дзинæдтыл æрфыстæуыд, уыдоны аргъ у æртæ трилуан сомы. Уыцы контракттæ æмæ уæрæсейаг хицауады райсгæ уынаффæтæ сты  егъау импульс Дард Хурскæсæны рæзтæн.

НÆ РАХÆЦЫДЫСТЫ ПУТИНЫ ФÆНДОНЫ ÆВВАРС

Японы хицауад комментаритæ нæ сарæзтой æнæ развæлгъау уавæртæй фидыдады бадзырд саразыны тыххæй Уæрæсейы Президент Владимир Путины фæндоны фæдыл, фæлæ бацамыдтой, зæгъгæ, Токио хæцы йæ раздæры позицийы æвварс. «Нæ æнæаивгæ позици ис уый мидæг, æмæ цæгаттаг территориты (Хуссар Курилтæ) фарст хъуамæ скъуыддзаг æрцæуа цахæмфæнды сабырады сразыдзинад саразыны размæ», –  загъта Японы генералон секретарь Есихидэ Суга.

«ВОСТОК – 2018»

Фæсбайкалы крайы «Восток – 2018»-ы ахуырты «тохы» бацыдысты танкон æмæ мотоæхсæг дæлхæйттæ, афтæ ма авиаци дæр. Цуголы полигоны сын сæ архайдтытæм каст Владимир Путин, йемæ ма уыдысты УФ-йы Хъахъ-хъæнынады министр Сергей Шойгу æмæ Генералон штабы хистæр Герасимов. Ацы операцийы архайдтой 30 танкæй фылдæр, 90 БМП-йы æмæ автомобилты дæсгай иуæгтæ. Уæлдæфæй сæ хъахъхъæдтой вертолеттæ æмæ хæдтæхджытæ-штурмгæнджытæ Су-25. Æдæп-пæтæй Цуголы полигоны хайад райстой 25 мин уæрæсейаг æфсæддон службæгæнæджы æмæ Китайы адæмон-сæрибаргæнæн æфсады 3,5 мин салдаты æмæ афицеры, архайдтой дзы дыууæ бæстæйы хæцæнгæрзты 7 мин иуæджы, 300 хæдтæхæджы æмæ вертолеты бæрц.

ХИМАТАКÆТЫ АРАЗГÆ СЦЕНÆТÆ

Сирийы уæрæсейаг фидыдады центры бæрæггæнæнтæм гæсгæ, цæрæн пункт Джиср-эш-Шугуры æввахсхурскæсæйнаг исæн къорд æмæ америкæйаг ног хабæртты телеканалтæй сæ иуы филиал систой барæй саразгæ фараст сценæйы, сириаг æфсæдтæ сабыр цæрджыты ныхмæ химион хæцæнгарзæй куыд пайда кæнынц, уый тыххæй. Центры ма куыд загътой, афтæмæй «Урс каскæты» минæвæртты æмæ Джебхат ан-Нусрайы къорды боевикты иумиаг рабадты фараст сюжетæй ИНО-мæ радтынмæ хорзыл банымадтой æрмæстдæр дыууæ сценæйы. Иннæ видеороликтæн æвзæр гъæд кæй уыд, уымæ гæсгæ аскъуыддзаг кодтой уыдон социалон хызæгты сы-вæрын. УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады ма фехъусын кодтой, зæгъгæ, «Урс каскæтæ» террористтимæ иумæ Сирийы цæттæ кæнынц хлорæй реалон химион атакæ. Банысанчындæуыд, зæгъгæ, сценæты хайад исынц 22 сывæллоны сæ ныййарджытимæ, кæцыты боевиктæ равзæрстой сæрмагондæй Алеппойы провинцийы цæрæн пункттæ Зайтан, Зерба, æмæ Бернайæ. Ноджы ма сывæллæтты-сидзæрты иу къорды адавдæуыд лигъдæтты лагертæй, цæмæй сæ спайда кæной, æвзæр фæстиуджытæ кæмæн уа, ахæм видеороликты.

ТРАМПЫ БАРАМЫНД

Иугонд Штатты президент Дональд Трамп йæ къух æрфыста барамындыл америкæйаг æвзæрстыты хисхæццæ кæныны санкциты тыххæй. Дзыллон информацийы фæрæзты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, документы хынцыд æрцыд, зæгъгæ, кибератакæты цы компаниты æмæ хицæн адæймæгты фæаххосджын кæной, уыдоны ныхмæ баконд æрцæудзысты санкцитæ, сæ акцитæ сын сæхгæнгæйæ. Национ æдасдзинады фæдыл АИШ-ы президенты уынаффæгæнæг Джон Болтоны ныхæстæм гæсгæ, «барамынды нæй конкретон бæстæты нæмттæ». «Администраци иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъусын кодта, зæгъгæ, æвзæрстыты хи схæццæ кæныны бафæлвæрдтыты миниуджытæ фиппайдæуыд æрмæст Уæрæсейы ‘рдыгæй нæ, фæлæ ма Китай æмæ Цæгат Кореяйы ‘рдыгæй дæр», – банысан кодта Болтон. Уый размæ фехъусынчындæуыд, зæгъгæ, спецпрокурор Роберт Мюллер фæаххосджын кодта 13 уæрæсейаг æмбæстаджы æмæ æртæ компанийы АИШ-ы æвзæрстыты хи схæццæ кæныны бафæлвæрдтыты тыххæй. Мæскуы бирæ хæттыты фехъусын кодта, зæгъгæ, уыцы аххосæгтæн бындур нæй.

АИШ САФЫ ДУНЕЙЫ ЛИДЕРЫ СТАТУС

ИНО-йы Генералон секретарь Антонио Гутерриш нымайы, зæгъгæ, иу паддзахадыл бындуриуæггæнæг лидердзинады дунеон фæтк фæуд кæны æмæ ацы фæткы АИШ-ы лидердзинадæн йæ кæрон æрцæуы. АИШ хайад исы алы æмæ алы хуызы базарадон æмæ æфсæддон конфликтты. Уый фæдыл Иугонд Штаттæн къаддæр кæнынц «лæмæгъ тыхтæй» спайда кæныны гæнæнтæ. Уый фæстиуæгæн æрмæст АИШ-æн нæ, фæлæ иннæ дунейæн дæр æнæмæнгхъæуæг у ног уавæртыл сахуыр уæвын», – загъта ИНО-йы Генералон секретарь.

БАЦЫД  ЗÆХХЫАСТÆУ ДЕНДЖЫЗМÆ

Цыппæрæм америкæйаг эсминец, кæцы ифтонг у базырджын ракетæтæ  «Томагавктæй» бацыд Зæххыастæу денджызы акваторимæ. Эсминец курс систа Сирийы дон-былгæрæттæм. Ныртæккæ Зæххыастæу денджызы дæтты ис ноджы æртæ америкæйаг эсминецы. Уыдон дæр ифтонг сты базырджын ракетæтæй. Уымæй дарддæр ма бæрæг куыд у, афтæмæй Сирийы донбылгæрæттæм йæ ных сарæзта АИШ-ы æфсæддон-денджызон тыхты бирæнысанон донбындзу-гæнæг нау, кæцы ифтонг у 1,6 мин километры архайды дæрддзæгæн «Томагавктæй».

ФÆХЪÆСТÆ СТЫ ПОЛИЦИЙЫ КУСДЖЫТÆ

Бритайнаг полицийы цалдæр кусæджы фæхъæстæ сты æбæрæг буарадтæй ядерон физикæйы фæдыл 73-аздзыд эксперт Крис Басбийы хæдзары джигул кæныны рæстæджы. Инцидент æрцыд чысыл горæт Бидефорды. Полицийы кусджытæ æрбацыдысты Басбийы хæдзармæ, кæцыдæр сылгоймаджы уавæрыл батыхсгæйæ. Джигул кæныны фæстæ уыдон сæхи æвзæр банкъардтой. Медиктæ сын бынаты бакодтой медицинон æххуыс. Ахуыргонды хæдзарыл æрхъула кодтой.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.