НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ Сомихстоны премьер-министр Никол Пашинян телефоны ныхас кæнгæйæ, æруынаффæ кодтой Евразийаг экономикон цæдисы перспективæтыл æмæ дыууæфарсон ахастытыл. Уыцы бон ма Путин телефоны ныхас кодта Белоруси æмæ Казахстаны президенттæ Александр Лукашенко æмæ Нурсултан Назарбаевимæ. Уæрæсейаг лидер уыдонимæ дæр уынаффæ кодта Евразийаг экономикон цæдисы æмæ дыууæфарсон перспективæтыл.

ÆРУЫНАФФÆ КОДТОЙ ДЫУУÆФАРСОН АХАСТЫТЫЛ

УФ-йы Президент Владимир Путинæн ма Сочийы йæ резиденцийы фембæлд уыд Туркменистаны президент Гурбангулы Бердымухаммедовимæ. Фæстаг къуырийы дыууæ лидеры ныр фембæлдысты дыккаг хатт. Ивгъуыд сабаты  Актауы уыд Каспы денджызгæрон паддзахадты саммит. Æмæ ныр та Сау денджызгæрон уыдон æнæформалон уавæры æруынаффæ кодтой дыууæфарсон ахастытыл.

ПУТИН АХСДЖИАГЫЛ БАНЫМАДТА ГÆБÆРАТЫ ÆХСАРЫ ПРОЕКТ

Владимир Путин æрцыд фæсивæдон форум «Машук»-мæ, цыран ацы хатт æрæмбырд сты бархионтæ (волонтертæ) æмæ сын саргъ кодта сæ бакусгæ проекттæн. «Æнæмæнгхъæуæг у Уæрæсейы адæмты национ æвзæгтæ бахъахъхъæныны программæ сæндидзын кæнын», – фехъусын кодта Президент, Цæгат Ирыстон-Аланийы æвзонг бархионты саразгæ  проекттæн стыр аргъ скæнгæйæ. Форумы  минæвæрттæ президентæн радзырдтой сæ архайды тыххæй. Цæгат Ирыстон-Аланийы æвзонг ахуыргонд архайы мадæлон æвзаг бахъахъхъæныныл. «Мах фыссæм аудиочингуытæ ирон æвзагыл æмæ сæ мыхуыр кæнæм сæрмагондæй саразгæ мобилон бастдзинады», – радзырдта Владимир Путинæн «Аргъæутты дунемæ аудиобалц»-ы проекты автор Гæбæраты Æхсарбег. Президент ацы проект схуыдта тынг ахсджиаг. «Æрвылаз дæр дунейы фесæфы бирæнымæц æвзæгтæ, ныхасыздæхтытæ, сæфы литературæ». Уый зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, советон рæстæджы уæвынад кодтой æнæхъæн программæтæ Советон Цæдисы адæмты æвзæгтæ бахъахъхъæныны тыххæй. Æмæ, зæгъ, ныр дæр уыцы программæты хъæуы сæндидзын кæнын, уыимæ нырыккон, ног бындурыл. Президент банысан кодта, зæгъгæ, уымæн цымыдисон уыд, Цæгат Кавказы бархионтæ цы проекттыл архайынц, уыдон фенын.

РАХЫЗТЫСТЫ ГОМ КОСМОСМÆ

Дунеон космикон станцы экипажы уæрæсейаг уæнгтæ Олег Артьемев æмæ Сергей Прокопьев сæмбæлдысты зындзинæдтыл Германимæ иумæйаг эксперимент «Икарус»-ы тыххæй гом космосы кабелтæ уадзыны рæстæджы. Уыдон дунеон космикон станцы борты æддейæ фесты, план куыд уыд, уымæй иу сахат æмæ æрдæг фылдæр.  Уымæн æмæ æнæнауон архайды рæстæджы кабелтæ æвæрыны куыст у вазыгджын. Космонавттæ рахастой микроорганизмтимæ контейнертæ станцы уæлцъарæй. Уæрæсейаг космонавттæ гом космосмæ рахизыны рæстæджы ауагътой зонадонахуырадон наноспутниктæ «Сириуссат» №1 æмæ №2, афтæ ма дыууæ чысыл космикон аппараты «Танюша-ЮЗГУ»-тæ. 2018 азы уæрæсейаг космонавттæн космосмæ ацы рахызт уыд дыккаг. Иннæ хатт та космонавттæ гом космосмæ рахиздзысты 2019 азы

НАЛ ÆЛХÆНДЗÆН ЭЛЕКТРОНОН ПРОДУКЦИ

Турк америкæйаг санкцитæн дзуаппæн  нал æлхæндзæн АИШ-ы электронон товартæ, – уый тыххæй фехъусын кодта бæстæйы президент Реджеп Тайип Эрдоган. Вашингтон æмæ Анкарайы ахастытæ бæрæг фæкарздæр сты, АИШ Туркæй ластцæуæг æндон æмæ алюминийыл фиддонтæ 20 æмæ 50 проценты кæй фæфылдæр кодта, уый фæстæ. АИШ йе ‘мцæдисоны «бафхæрдта» 2016 азы аргъуаны службæгæнæг Эндрю Брансоны кæй баурæдтой, уый тыххæй, кæцыйы туркаг хицауад аххосджын кæны паддзахадон фæфæлдæхт саразынæй. Санкциты аххосæй туркаг лира фæлæмæгъдæр æмæ азы райдианæй фесæфта йæ аргъы 50 проценты. Эрдоган фехъусын кодта, зæгъгæ, Анкара фæнд кæны европæйаг партнертæ Китай, Уæрæсе, Иран æмæ Украинæимæ базар кæнын национ валютæйы.

 

ЙÆ КЪУХ ÆРФЫСТА БАРАМЫНДЫЛ

Туркы президент Эрдоган йæ къух æрфыста барамындыл АИШ-æй ластцæуæг къорд товартыл базарадон фиддонтæ 20 процентæй 140 проценты онг фæфылдæр кæныны тыххæй. Америкæйаг алкоголон продукцийыл фиддонтæ сырæздзысты 140 проценты, автомобилтыл – 120, тамако æмæ косметикæйыл – 60, пырындзыл – 50, дыргътыл – 20 проценты. Афтæ ма Турк фæнд кæны АИШ-ыл Дунеон Базарадон Организацимæ бахъаст кæнын. Уый размæ ацы организацимæ Иугонд Штаттыл бахъаст кодта Китай.

 

 

МÆСКУЫ АРГЪ КÆНЫ ТУРКЫ ПОЗИЦИЙÆН

Мæскуы стыр аргъ кæны, Анкара УФ-йы ныхмæ АИШ-ы санкцитæм кæй не ‘рбаиу, уымæн, – фехъусын кодта УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров йæ туркаг коллегæ Мевлют Чавушоглуимæ фембæлды рæстæджы æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Мæскуы æмæ Анкара уадзынц хæдбар курс æддагон политикæйы фæдыл. Чавушоглу загъта, зæгъгæ, Турк алы хатт дæр у иуфарсон санкцион уынаффæты ныхмæ. «Мах нæ рахæцыдыстæм Уæрæсемæ ахасты санкциты æвварс. Иу бæстæ иуфарсон уынаффæтæ куы иса, уæд уый афтæ нæ нысан кæны, æмæ уымæ иннæ бæстæтæ дæр хъуамæ баиу уой. Мах уайтагъддæр загътам, зæгъгæ, нæ баиу уыдзыстæм Ираны ныхмæ санкцитæм. Иууылдæр катай кæнынц Иранмæ ахасты АИШ-ы уынаффæйы тыххæй. АИШ хъуамæ æруромой сæ ахæм æнæраст архайд», – банысан кодта туркаг министр.

УРÆД ÆРЦЫД ГÆРТАМ РАЙСЫНЫ ТЫХХÆЙ

Оренбургы мэр Евгений Арапов урæд æрцыд гæртам райсыны тыххæй. Фæдагуырды версимæ гæсгæ, уый йæ хæдивæгимæ æхцатæ иста амалиуæггæнджытæй. Ивгъуыд къуыри 2 милуан сомы  арæзтадон фирмæйæ райсыны рæстæджы урæд æрцыд горæты арæзтады, зæххы фарстыты æмæ фæндагон хæдзарады фæдыл Оренбургы сæргълæууæджы хæдивæг Геннадий Борисов. Йæ хæдивæджы баурæды фæстæ уайтагъд горæты мэр Евгений Арапов схуыссыд рынчындоны.  Борисов æмæ Араповы кабинетты баджигул кæнын рæстæджы мэры сейфы ссардæуыд 4 милуан сомы.

САРÆЗТА ЙÆ ФИЛИАЛ

КамАЗ йæ филиал сарæзта Индонезийы фæсарæйнаг капиталы 100% хаимæ. КамАзы генералон директор Рафаил Гафеев банысан кодта, зæгъгæ, Индонези цымыдисон у базарады брендæн æмæ йæ рæзты динамикæйæн. Æввахс фидæны Kamaz Trucks Indonesia дистрибьюторимæ фæнд кæны индонезиаг сакъадахтæ Ява, Суматра æмæ Калимантаны сервисон центртæ бакæнын.

ТЕРАКТ

Кабулы хуссары хисæрмагонд ахуырадон уагдоны срæмыгъды фæстиуæгæн фæмард сты 48 адæймаджы, цæфтæ та фесты 67 адæймаджы. Рæмудзæн æрмæджы срæмыгъта террорист-химар. Террорист бабырста ахуырадон уагдоны бæстыхаймæ тыхæй спайда кæнгæйæ. Фæмардуæвджытæ хайад истой  университетмæ бацæуынмæ цæттæгæнæн ахуырты. Теракты тыххæй нырма  регионы къордтæй йæхимæ бæрндзинад ничи райста.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.