ДЫУУÆ ПРЕЗИДЕНТЫ ФЕМБÆЛД

УФ-йы Президент Владимир Путин Сочийы фембæлд Сербаг Республикæйы президент Милорад Додикимæ. Фембæлды рæстæджы уыдон æруынаффæ кодтой æмгуыстады фарстытыл, уыцы нымæцы Сербаг Республикæйы архайæг нефты куыстгæнæн заводты газмæ ракæныны перспективæтыл. Путин куыд банысан кодта, афтæмæй дыууæ бæстæйы ахастытæ рæзынц активонæй, уæлдайдæр та гуманитарон фадыджы бастдзинæдтæ. Додик раарфæ кодта Путинæн Босни æмæ Герцоговинæйы уавæрмæ йæ принципиалон позицийы тыххæй.  Путины йæ сербаг коллегæйæн бафæндыд æнтыстытæ президентон æвзæрстыты, кæцытæ уагъд æрцæудзысты 7-æм октябры.

ДЕНДЖЫЗОН БЛОКАДÆЙЫ ТЫХХÆЙ

АИШ-ы мидхъуыддæгты министр Райан Зинке куыд фехъусын кодта, афтæмæй АИШ, гæнæн ис Уæрæсейæн сæхгæна денджызон фæндæгтæ. “Америкæйæн ис йæ флоты руаджы денджызон фæндæгты сæрибардзинад сифтонг кæнын æмæ куы бахъæуа, уæд та блокадæ саразыны фадат” – бафæдзæхста чиновник. «Уæрæсе план кæны Æввахс Хурыскæсæны бæстæтæн энергоресурстæ æввонгæй дæттын æмæ ацы хъуыддаджы хъæуы бахъыгдарын». Уый зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, АИШ у дунейы нефть æмæ газы егъаудæр уадзджытæй сæ иу æмæ куы бахъæуа, уæд сæ бон суыдзæн базарæй куыд Уæрæсейы, афтæ Ираны дæр аиуварс кæнын.

УÆРÆСЕЙЫ КАРЗ ДЗУАПП

Уæрæсе карзæй сдзуапп кодта АИШ-ы «денджызон блокадæйæн». Америкæйаг министрæн бауынаффæ кодтой, цæмæй йæ дзыхыл хæца. Уæрæсейæн денджызы фæндæгтæ сæхгæныны фæдыл Иугонд Штатты æртхъирæнтæ сты сæнттæ цæгъдыны хуызæн, – фехъусын кодта Федерацийы Советы уæнг Алексей Пушков. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Вашингтон америкæйаг министры хъусынгæнинаг царды æцæгæй куы ныббиноныг кæнид, уæд уый уаид хæст расидыны хуызæн. Бирæ хатт дзурынæй æууилын хуыздæр вæййы», – загъта Пушков. Йæ рады,  хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады фæдыл Федерацийы Советы комитеты уæнг Франц Клинцевич фехъусын кодта, зæгъгæ, æгæрыстæмæй, уæрæсейаг науты бахъыгдарынмæ америкæйæгты бафæлвæрд дæр рахиздзæн егъау хъаугъамæ, кæцымæ нæ цымыдис кæнынц фæрстæ. «Бахатыр кæнут, Уæрæсе Гондурас нæу», – загъта уый.

ЙÆ  КЪУХ  ÆРФЫСТА ЗАКЪОНЫ ПРОЕКТЫЛ

АИШ-ы президент Дональд Трамп йæ къух æрфыста 2019 азæн бæстæйы хъахъхъæнынады министрады хъуагдзинæдты тыххæй, уый размæ конгресс бюджеты фæдыл цы закъоны проект райста ууыл, кæцымæ гæсгæ Украинæйæн рахицæнгонд æрцыд 250 милуан доллары, – хъусын кæнынц АИШ-ы Украинæйы минæварады. Уым ма куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ, ацы азы бюджетимæ абаргæйæ, АИШ фæфылдæр кодта Украинæйæн йæ финансон æххуыс 50 милуан доллары.

ФÆМАРД МИН АДÆЙМАГÆЙ ФЫЛДÆР

Индонезийы хицауады фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, тыхджын зæххæнкъуыст æмæ цунамийы фæстиуæгæн Сулавесийы сакъадахы фæмард 1200 адæймаджы. Уылæны бæрзæнд хæццæ кодта 6 метрмæ, агурæн-ирвæзынгæнæн операци дарддæр кæны. Фæмардуæвджытæй бирæтæ мæлæтдзаг цæфтæ фесты бæсты-хæйттæ кæй ныппырх сты, уый фæстиуæгæн. 16 мин адæймаджы бæрц эвакуаци æрцыдысты æдас рæттæм. Зæххæнкъуысты фæстиуæгæн ныппырх сты мингай цæрæн хæдзæрттæ, рынчындæттæ, базарадон центртæ. Уымæй дарддæр ма доны бын фæцис сæйраг сосæвæндаг, кæцы цæуы горæт Палумæ. Индонезийы къухдариуæгадæн æмæ адæмæн мæсæллæйы ныхæстæ загътой УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведев.

ПРОТЕСТЫ АКЦИ

Барселонайы протесты акцийы рæстæджы Каталонийы хæдбардзинады фарсхæцджытæ æмæ национ полицийы кусджыты ‘хсæн  ныхмæлæудтыты фæстиуæгæн хъыгдард баййæфтой 24 адæймаджы. Акци баст уыд Каталонийы хæдбардзинады тыххæй референдум ауадзыныл иу аз кæй сæххæст, уыимæ, кæцы уагъд æрцыд 2017 азы октябры мæйы. Уæд референдумы хайадисджыты 90 проценты схъæлæс кодтой Испаны скондæй рахизыны тыххæй. Референдумы организатортæ конд æрцыдысты бæрндзинадмæ, æмæ Каталонийыл та комкоммæ къухдариуæгад кæнын райдыдта Мадрид. Каталонийы сæргълæууæг ссис хæдбардзинады фарсхæцæг Хоаким Торра. Регионы раздæры къухдариуæггæнæг Карлес Пучдемон ацыд бæстæйæ æмæ ис Германы. Акцийы хайадисджытæй урæд æрцыдысты æхсæз адæймаджы.

БАЙГОМ ХИД УÆЗЛАСÆН МАШИНÆТÆН

1-æм октябрæй Керчы хид официалонæй байгом уæзласæн машинæтæн. Специалисттæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ хидыл иу суткæмæ ацæудзысты 700 фурæйæ фылдæр. 1-æм октябрмæ специалисттæ сарæзтой стационарон комплекстæ. Уæзласæн машинæты нал уагътой ацы аз 16-æм майæ хиды автомоблилон хайы бакондæй фæстæмæ, уымæн æмæ курортон сезоны райдианмæ Керчы хидыл сæвæрдтой æрмæстдæр дыууæ фæлтæры асфальт æмæ фæндаг, гæнæн ис фехæлдаид, стыруæзон транспорт ыл куы цыдаид, уæд. Компани «Стройгазмонтаж»-ы сæргълæууæг Аркадий Ротенбергы ныхæстæм гæсгæ, хид æнæсцалцæгæй лæггад кæндзæн, æппынкъаддæрæй, 100 азы. Ныртæккæ аразджытæ кусынц хиды æфсæнвæндаджы хайы арæзтадыл. Графикмæ гæсгæ, хидыл фыццаг поездтæ хъуамæ ацæуой 2019 азы декабры мæйы.

УКРАИНÆ ЦУАН КÆНЫ ВЕНГРИАГ ПАСПОРТТЫЛ

Венгри арвитдзæн украинæйаг ахæм æмвæзады дипломаты, кæд æмæ Украинæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад сæххæст кæна йе ‘ртхъирæнтæ фæскарпатаг Береговойы венгриаг консулы рарвитыны тыххæй, уæд, – уый тыххæй фехъусын кодта Венгрийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Петер Сийярто. Консулы аххосджын кæнынц венгриаг паспорттæ радтыны. Сийяртойы ныхæстæм гæсгæ, Украинæйы æмбæстæгты иу къордæн венгриаг паспорттæ радтын нæ халы ницахæм дунеон нормæтæ, æмæ дывæр æмбæстагдзинад та Европæйы у бынтон хуымæтæджы фæзынд. Украинæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Павел Климкин бартхъирæн кодта венгриаг консулы арвитынæй. Украинæйаг оппозицион политик Евгений Мураев фехъусын кодта бынæттон телеканалтæй сæ иуы, зæгъгæ, Будапешт фæнд кæны Закарпатьейы инфраструктурæйы рæзты тыххæй 50 милуан евройы рахицæн кæнын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Венгри ацы фæрæзтæ лæвар кæны æрмæстдæр уый тыххæй, æмæ областы нымайы йæхи хайыл.

БАХАСТОЙ ЙÆ САУ НОМХЫГЪДМÆ

Украинæйы сайт «Миротвроец» йæ сау номхыгъдтæм бахаста Венгрийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Петер Сийяртойы. Сайты администратортæ нымайынц, зæгъгæ, Сийярто аххосджын у Украинæйы суверенитет æмæ территориалон æнæхъæндзинад фехалынмæ бафæлварыны. Уымæй дарддæр ма йæ аххосджын кæнынц Украинæмæ хæстон æгъдауæй бабырсынмæ комкоммæ æртхъирæнты, афтæ ма Украинæйы сепаратистон зæрдæйыуаг сцырын кæныны.

БАЙГОМ КОДТА МÆЗДЖЫТ

Туркы президент Реджеп Тайип Эрдоган Германмæ йæ балцы фæлгæтты немыцаг горæт Кельны  цытджын æгъдауæй байгом кодта централон мæзджыт, кæцы арæзт æрцыд туркаг пысылмон организацийы фæрæзтæй. «Ацы критикон ахсджиаг рæстæджы мах сарæзтам æнтыстджын балц Германмæ. Банысан кæнын мæ фæнды, мах хъæуы иумиаг интерестыл кусын æппæт быцæу-дзинæдтæ аиуварс кæнгæйæ»,- загъта Эрдоган. Уый зæрдыл æрлæууын кодта Туркæй рацæугæ футболист Месут Озилийы æрæджыйы уавæры, кæцы райста уынаффæ Германы æмбырдгонд командæйæ ацæуын расизмы ахасты тыххæй.

ПРОТЕСТЫ АКЦИТÆ

Германы горæтты уагъд æрцыдысты протесты акцитæ Эрдоганы балцы тыххæй. Акциты хайад райстой мин адæймагæй фылдæр. Эрдоган Германы уыд æртæбонон кусæгон балцы Берлинимæ ахастытæ фæхуыздæр кæныны нысанæн, кæцытæ фехæлдысты 2016 азы паддзахадон фæфæлдæхтмæ ба-фæлвæрды хъуыддæгты фæдыл репресситæ куы райдыдтой, уый фæстæ.

РЕФЕРЕНДУМЫ ХАТДЗÆГТÆ

Македонийы уагъд æрцыд референдум бæстæйы ном аивыны тыххæй. Централон æвзарæн къамисы бæрæггæнæнтæм гæсгæ,  Македонийы ном аивыны, Евроцæдис æмæ НАТО-мæ бацæуыны тыххæй референдумы хайад райстой, æрмæстдæр,цæрджыты 34 процентæй чысыл фылдæр æмæ афтæмæй референдум нымад ма хъуамæ æрцæуа. Иумиагæй цæрæн пунктты æнæхъæн къорды хъæлæс кæнынмæ æрбацыдысты æрмæстдæр 20 проценты. Уыимæ Македонийы премьер-министр Зоран Заев фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ хъуыдымæ гæсгæ референдум ацыд æнтыстджынæй. Фæлæ, референдумы цæрджыты фылдæр хай хайад кæй  нæ райста, уый фæлæмгъдæр кæндзæн Заевы позицитæ парламенты, цыран депутатты иу хай æнхъæлмæ кастысты æмбæстæгты реакцимæ. Бæстæйы ном аивыны домæнимæ ралæууыд Греци, кæцы рацыд евроатлантикон структурæмæ Македонийы интеграцийы ныхмæ. Афинтæ бацамыдтой, зæгъгæ, ном «Македони»-йæн уæвыны бар нæй, уымæн æмæ Грецийы дæр ис провинци ахæм номимæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.